Хатӕны тӕрхджытыл рӕнхъӕвӕрдӕй арӕгъ сты фӕндыртӕ. Сӕ хуызмӕ гӕсгӕ алыгъуызӕттӕ сты, фӕлӕ се ‘ппӕт дӕр сӕ конд ӕмӕ арӕзтӕй цӕсты тигътӕ исынц, адӕймаг сӕм кӕсынӕй не ‘фсӕды. Уӕддӕр ӕмӕ уӕддӕр алы адӕймагӕн дӕр ис йӕхи адӕнкъарынад, йӕхи цӕстӕнгас рӕсугъддзинад, аивдзинадмӕ. Уымӕ гӕсгӕ сыл йӕ цӕст чи ахӕссы, хуыздӕрты ‘хсӕн дзы иууыл хуыздӕр чи у йӕхимæ гӕсгӕ, уыцы ӕххӕстгӕнӕг ӕрлӕууы иу фӕндыры цур, ноджы йӕм лӕмбынӕгдӕр нымдзаст вæййы цурӕй ацӕуын ӕй йӕ къах нал фæхӕссы. Ӕристы йӕ арӕхстгай ӕмӕ йӕ цӕгъдын ӕввонг æркæны. Ныр та йӕ фӕлвары ӕндӕр хуызы: фӕндыр хъуамӕ дзуапп дӕтта ӕххӕстгӕнӕджы ӕмӕ йӕм чи хъусы, уыдон домӕнтӕн. Уӕдмӕ айзӕлыдысты фӕндыры ӕхцон зӕлтӕ, фӕндырдзӕгъдӕг цагъд ӕрсабыр кӕна, уый йӕ нал фӕндыд ӕмӕ иу мелоди ивта иннӕйы ӕмӕ йын аудгӕ тавтой ноджыдӕр йӕ хъӕлдзӕг зӕрдӕ.

Цал ӕмӕ цал аивадуарзӕджы зӕрдӕ абады хурварс ацы куыстуатӕй рахизгӕйӕ, цал ӕххӕстгӕнӕджы домӕнтӕ сӕххӕст кӕнынц æмæ раздӕхынц райгондӕй, цины ӕнкъарӕнтимӕ. Зӕгъӕн ис, ӕнӕдызӕрдыгӕй ӕмӕ ацы куыстуат у сӕ фӕдисон, ӕппынӕдзух закъазгӕнджыты домӕнтӕ ӕххӕст кӕнынмӕ йӕ хъус лӕмбынӕг чи дары, цӕстуарзон ӕххуыс сын чи бакӕны, ахӕм. Уый та у, ирон уадынгӕрзтӕ чи кӕны, ахӕм куыстуат «Фӕндыр» ӕмӕ ис горӕт Дзӕуджыхъӕуы.

Не ‘хсӕн бирӕ ис ахӕм адӕймӕгтӕ, кӕцытӕ хъуыды кӕнынц ӕмӕ архайынц канд абоны боны тыххӕй нӕ, фӕлӕ сомбоны, фидӕны амондджын царды тыххӕй дӕр. Фӕлӕ, зӕгъӕм, цыдӕр аххосӕгтӕм гӕсгӕ исты хъуыддаг бакъуылымпы, размӕ нал ӕггуырсы, уӕддӕр ын ссарынц цахӕмдӕр амӕлттӕ ӕмӕ гӕнӕнтӕ. Уыдӕтты хъӕппӕрисон архайды руаджы рахизӕн вӕййы къуырцдзӕвӕнӕй ӕмӕ уӕд хӕрзиуӕг сӕмбӕлы канд йӕхиуыл нӕ, фӕлӕ фылдӕр та дзыллӕйыл. Ахӕм адӕймаг у «Фӕндыр»-ы куыстуаты директор, йӕ адӕмыл иузӕрдион ӕмбӕстаг Узегаты Тамерлан. Хъуыддаг уый мидӕг ис, ӕмӕ Дзӕуджы-хъӕуы музыкалон инструментты фабрикӕ «Терк» йӕ куыстӕй ӕрлӕууыд, иугӕр Советон паддзахад хӕлын куы райдыдта, уӕд. Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, Узегайы фырт лӕмбынӕг ныхъхъуыды кодта ацы фарстыл, цы хуызы йын уыдзӕн ногӕй сӕндидзынгӕнӕн, уый аскъуыддзаг кӕныныл дзӕвгар рӕстӕг ӕмӕ тыхтӕ бахардз кодта. Райдианӕй фӕстӕмӕ ӕмбӕлд зындзинӕдтыл, цалдӕр хатты аивтой сӕ кусӕн бынат дӕр, фӕлӕ уӕддӕр йӕ арфӕйаг хъуыддаг акодта кӕронмӕ. Нӕ уыд, цӕмӕй бакуыстаиккой ӕмӕ цыд Армавир, Казань, Тулӕ, Петербургмӕ, фӕлӕ уымыты дӕр куыдфӕстагмӕ сӕ куыст æрурӕдтой. Уӕд йӕ фӕндаг акодта Чехи ӕмӕ Германы бӕстӕтӕм.

Хӕдбар структурӕ «Фӕндыр» сырӕзт 1999 азы, райдианы уыд хӕрзкъаннӕг куыстуат ӕмӕ дзы фӕллой кодтой ӕрмӕстдӕр 5 дӕсны адӕймаджы. Нӕ сӕм уыд фаг кусӕнгӕрзтӕ ӕмæ фӕлындзæн æрмæджытæ, ӕрмӕст сӕм уыд тырнындзинад ӕмӕ фӕндондзинад ӕмӕ разӕнгардӕй ӕххӕст кодтой сӕ разылӕууӕг ахсджиаг ӕмӕ бӕрнон хӕстӕ. Зӕгъын хъӕуы, ацы куыстуаты размӕ дӕр хицӕн адӕймӕгтӕ кодтой ирон уадынгарз – хъандзал фӕндыртӕ, фӕлӕ уыдонӕй алчи дӕр арӕзта, йӕхимӕ куыд хуыздӕр каст, афтӕ. Узегайы фырты та афтӕ нӕ фӕндыд ӕмӕ уымӕ гӕсгӕ фарста фӕндырдзӕгъдджыты, цӕмӕй загътаиккой сӕ хъуыды ӕмӕ домӕнтӕ. Цухдзинӕдтӕй сӕ иу уыд, фӕндыры клавиатурӕ кӕй уыд цыбырдӕр 10 – 11 мм бӕрц ӕмӕ дзуапп нӕ лæвæрдта абоны рӕзгӕ домӕнтӕн, ома, ныры рӕстӕджы музыкалон уацмыс ӕххӕсткӕнынад домы, цӕмӕй фӕндыры амонӕнтӕ уой фӕтӕндӕр. Уыцы фиппаинаг бахынцыд ӕрцыд. Бакуыстой, хъӕлӕстӕ цы сӕрмагонд бынӕтты конд сты, афтӕхуыйнӕг цӕттӕ – равзаргӕ резонатортыл дӕр. Уымӕй дарддӕр ма иу кӕнæ иннӕ уацмыс ӕххӕст кӕнгӕйӕ, фӕхъӕуы зӕл фӕбӕрзонддӕр ӕмӕ кӕм та фӕныллӕгдӕр кӕнын, афтӕ ма тембр дӕр фӕивын. Цӕмӕй уыдонӕй ифтонг уа фӕндыр, зӕлынад алыгъуызон гӕнӕнтӕй ӕххӕст уа, уымӕн та хъӕуы фӕндырӕн регистр бацӕттӕ кӕнын. Уый ис уырыссаг баян ӕмӕ аккордеонӕн. Ацы хъуыддаг срӕвдз кӕныныл дӕр коллектив кусы дзӕвгар рӕстӕг, фӕлӕ сын уый нӕма бантыст саразын. Узегаты Тамерлан куыд загъта, афтӕмӕй коллективимӕ йӕ фӕнд у, дарддӕр дӕр ууыл бацархайын.

Бирӕтӕм куыд кӕсы, афтӕ ӕнцон нӕу фӕндыр саразын. Йӕ зӕлынад ӕмæ тембр цӕмӕй ӕххӕстӕй дзуапп дӕтта абоны домӕнтӕн, ууыл коллективы уӕнгтӕ фӕфыдӕбон кодтой 10 азы дӕргъы ӕмӕ сын уый ӕнтысгӕ дӕр бакодта. Сӕ куысты сын бирӕ феххуыс сты ирон композитортӕ, ныртӕккӕ дзӕнӕттӕгтӕ Цӕрионты Резван ӕмӕ Ӕлборты Феликс.

Ирон хъандзал фӕндырӕй дарддӕр ма куыстуат аразы дала фӕндыр, хъисын фӕндыр ӕмӕ цалцӕг кӕны уырыссаг балалайкӕтӕ дӕр. Адонӕн ис сӕ цӕттӕ кӕныны ӕндӕр технологи ӕмӕ сыл зӕрдиагӕй архайы йӕ хъуыддаджы иттӕг дӕсны кусӕг Бигъаты Таймураз. Узегаты Тамерлан раппӕлыд, ирон хъандзал фӕндыртӕ чи аразы, уыцы цӕттӕ специалисттӕ Дзодзаты Игорь, Цыдаты Никъала, Дзуццаты Маирбег, Олег Гововин, Агънаты Таймураз, Роман Пуго, Кцойты Алан, Алыккаты Олег ӕмӕ ӕндӕртӕй. Уыдоны ӕнтысгӕ куысты руаджы коллектив ӕххӕст кӕны канд Цӕгат Ирыстоны нӕ, фӕлӕ ма Черкесск, Кӕсӕг-Балхъар, Адыгей ӕмӕ иннӕ сыхаг республикӕты домӕнтӕ дӕр, уымӕн ӕмӕ Хуссар федералон зылды ахӕм фабрикӕ ис ӕрмӕстдӕр Дзӕуджы-хъӕуы.

Узегаты Тамерлан хъуыды кӕны сомбоны ӕнтыстыл дӕр, уымӕн ӕмӕ коллектив абон цы вазыгджын ӕмӕ бӕрнон куыст ӕххӕст кӕны, стӕй сӕм цы зындзинӕдтӕ сӕвзӕры, уыдон амонын хъӕуы ӕрыгӕттӕн. Уый уымӕн, цӕмӕй цӕттӕ кӕной кадртӕ. Уый тыххӕй йӕ домӕн у, цӕмӕй ӕвӕстиатӕй байгом уа сывӕллӕтты скъола-студи.

…Фӕндырдзӕгъдӕг айвӕзта фӕндыры тӕнтӕ. Цыма арвы кӕрӕттӕм райхъуыст йӕ зӕлланггӕнӕг хъӕлӕс. Ахӕм у йӕ зӕлынад ӕмӕ адӕймаджы уӕнгтӕ цыма рогдӕр ӕмӕ цырддӕр фæвæййынц…

«Фӕндыр»-ы коллективӕн ноджыдӕр ӕнтысӕд!

Хуыбиаты Никъала

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.