Алы адæймаджы зæрдæмæ дæр цæуы рæсугъд æмæ цымыдисаг дзаумæттæм кæсын. Кæйдæр зæрдæмæ та цæуы сæ аразын.  Абон мæ нæ кæсджыты фæнды базонгæ кæнын курдиатджын æмæ хæларзæрдæ адæймаг Беджызаты Мадинæимæ. Уый ныр дыууæ азæй фылдæр хуымæтæг куклæтæн лæвар кæны ног цард æмæ рæсугъддзинад, комкоммæ зæгъгæйæ та аразы кукла-рухсгæнæнтæ, кæцытæн йæхæдæг бахуыйы ирон националон дарæс, разгæмттæ.

«Алы сылгоймагæн дæр йæ бон у йæ къухтæй исты дзаума саразын. Цалдæр азы размæ интернеты фæрстыл федтон тынг цымыдисон арæзт кукла – куклæ-рухсгæнæн æмæ мæ афтæ бацымыдис кодта æмæ мæн дæр бафæндыд йæ бафæлварын. Фыццаг уал бахуыдтон разгæмттæ. Кæд мын профессионалон хуыд нæ рауадысты, уæддæр мæ къухтæ не ‘руагътон. Рæстæг куыд цыд, афтæ мæм æвзæрыдысты ног хъуыдытæ æмæ мæ куыст дæр хуыздæрæй-хуыздæр кодта», – банысан кодта Мадинæ.

Мадинæ кусы Дзауы районы сывæллæтты цæхæрадоны хъомылгæнæгæй. Кæй зæгъын æй хъæуы уым дæр сывæллæттæн йæ курдиат не ‘вгъау кæны. Хъомыл кæнынæй дарддæр сын саразы алыгъуызон цымыдисон дзаумæттæ: афтæмæй сæ ахуыр кæны… Сыгъзæрин къухты хицау кæй у, уый рабæрæг вæййы сабидоны исты мадзал куы фæнысан кæнынц, уæд дæр. Алы хатт дæр срæсугъд кæны куыд хатæнтæ, афтæ мадзал уагъд кæм фæцæуы, уыцы зал дæр. Бирæтæ къухæй арæзт дзаумæттæ фенгæйæ фæхъуыды кæнынц, зæгъгæ мæнæн дæр мæ бон у афтæ саразын, фæлæ хъуыддагæй уый сæ бон нæ вæййы. Фæлæ Мадинæйæ афтæ зæгъæн нæй. Абоны онг уый сарæзта цыппорæй фылдæр кукла-рухсгæнæны.

«Мæ куыст тынг кæй уарзын, уымæ гæсгæ мæ алы куысты дæр зæгъæн ис æмæ мæ уд бавæрын. Мæ куклæтæй иу иннæйы хуызæн нæ вæййы, уымæ гæсгæ рауайынц тынг цымыдисон»,- зæгъы Мадинæ.

Йæ курдиатæй Мадинæ бацагайдта куыд хиуæтты, æмгæрт-ты, афтæ æцæгæлæтты зæрдæтæ дæр.

«Интернеты фæрстыл сæ æвæрын куы райдыдтон, уæд адæм райдыдтой цымыдис кæнын æмæ мын заказтæ кæнын дæр райдыдтой. Куклæтæ, светильниктæ кæнын æлхæнгæ, фæлæ сын дарæс бахуыйын мæхæдæг. Мæ куыстыты спайда кæнын куыд фоамиран, изолон, афтæ æндæр хъуымæцтæй дæр», – зæгъы Мадинæ.

Беджызонмæ ис тынг бирæ сфæлдыстадон фæндтæ æмæ хъуыдытæ æмæ мах дæр ныфс ис, йæ фæндтæ йæ къухты кæй бафтдзысты.

«Мæ куыстæй, стæй мын хæдзарон куыстытæй дарддæр рæстæг куы фæвæййы, уæд мæ фыццаг фæнд вæййы куклæ саразын. Ныртæккæ мæ бæллиц у, иу метр æмæ æрдæг чи уа, ахæм куклæ-рухсгæнæн саразын. Ныфс мæ ис æмæ мын бантысдзæн йæ саразын».

Мадинæйы кустытæ фенæн ис инстаграммы фæрстыл mbegizova.  Нæ зæрдæ йын зæгъы дарддæры æнтыстытæ.

Кокайты Зæринæ

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.