Нæ республикæйы æмбæстæгтыл куы айхъуыст, зæгъгæ, 6-æм декабры паддзахадон ансамбль «Симд» театры сценæйыл юбилейон концерт хъуамæ равдиса, уæд сæ цинæн кæрон дæр нал уыд æмæ æнæрхъæцæй æнхъæлмæ кастысты ацы сфæлдыстадон изæрмæ.
Аивадуарзджытæн радон хатт «Симд»-ы артисттæ цавæр программæ бацæттæ кодтой, стæй сæ юбилейыл куыд æмæ цавæр зæрдæйы равгимæ æмбæлынц, уыдæттæ базоныны тыххæй 5-æм декабры информацион агентад «Спутник-Хуссар Ирыстон»-ы пресс-центры уагъд æрцыдис пресс-конференци Галаты Барисы номыл Хуссар Ирыстоны кафт æмæ зарды паддзахадон ансамбль «Симд»-ы аивадон къухдариуæггæнæг Коцты Сергей æмæ йæ артисттæ – Багаты Азæмæт æмæ Тедеты Заринæйæн.

Ацы аз «Симд»-ыл 85 азы кæй сæххæст, уый тыххæй, фыццаджыдæр, журналисттæ арфæ ракодтой сæ уазджытæн. Бирæ азты дæргъы паддзахадон ансамблы кад дæлæмæ цы нæ руадзой æмæ уæнгтæрогæй се сфæлдыстадон куыст адæмы рæгъмæ цы хæссой, уый сын сæ цæст бауарзта.

Артисттæ пресс-конференцийы цыбыртæй радзырдтой ансамблы куыст æмæ архайды тыххæй, афтæ ма зæрдиагæй сæхи кæй цæттæ кодтой сæ юбилейон концертмæ. Артисттæ стыр бæрндзинад кæй æвдисынц цытджын мадзалмæ æмæ æгас бон дæр репетициты кæй сты, уый банысан кодта ансамблы аивадон къухдариуæггæнæг.

«Махæн ацы юбилейон бон у тынг ахсджиаг æмæ нысаниуæгджын. Ансамбль æнæхъæн азы дæргъы дæр йæхи цæттæ кодта ацы масштабон мадзалмæ. Нæ легендарон «Симд»-ыл 85 азы æххæст кæны æмæ уый та йæхæдæг æнæхъæн истори у. Мах абон дарддæр кæнæм «Симд» цы традицитыл хæст у, цы фарн ныууагъта, уыдон, æмæ уымæ гæсгæ æмбарæм не уæхсчытыл цы уæз æрæнца, уый.

Нæ концертон программæ уыдзæнис хъæздыг æмæ мидисджын. Æндæр æмæ æндæр кæфтыты уыдзæн ногдзинæдтæ дæр. Зæгъæм, кафт æмæ хоры зард баиу кæндзысты музыкалон номыртæ. Дыууæ сахаты рæстæгæн æдæппæтæй бацæттæ кодтам 22 номыры æмæ, мæнмæ гæсгæ, сценæмæкæсджыты цæмæй сбуц кæнæм, уый нын ис. Адæмы зæрдæмæ кæй фæцæудзæн нæ программæ, ууыл нæ дызæрдыг кæнын», – банысан кодта Коцты Сергей.

Уый ма куыд фехъусын кодта, афтæмæй ансамблмæ стыр хъусдар здахы, æххуыс сын кæны нæ республикæй Культурæйы министрад æмæ сын арфæ ракодта, уый тыххæй.

Юбилейон концертмæ сæхи куыд цæттæ кодтой, уый фæдыл сæ хъуыдытæ загътой «Симд»-ы артисттæ Багаты Азæмæт æмæ Тедеты Заринæ.

«Мах, артисттæ, зæрдиагæй нæхи цæттæ кодтам ацы нысаниуæгджын концертмæ, уымæн æмæ йæ зонæм сценæмæкæсджыты ‘хсæн кæй уыдзысты, нæ размæ «Симд»-ы бирæ азты дæргъы чи фæкуыста, уыцы профессионалон кафджытæй бирæтæ æмæ уымæ гæсгæ рагацау райдыдтам репетицитæ кæнын. Бон-иу сæ уагътам 4-5 сахаты бæрц, фæлæ бæрндзинад кæй хатæм, уымæ гæсгæ адæймаг уæддæр тыхсы. Махæн тынг æхсызгон у, ахæм стыр бæрæгбон нын кæй аразынц æмæ нын нæ концертмæ æнæрхъæцæй кæй æнхъæлмæ кæсынц, уый.

Кæд нæ ансамблæн уыдис зындзинæдтæ, уæддæр сын бафæрæзтой. Нæ размæ ам сфæлдыстадон куыст чи кодта, уыцы артисттæ нæ адæмæн бахъахъхъæдтой ансамблы æмæ сын нæ сæртæй ныллæг кувæм», – банысан кодта «Симд»-ы рæсугъд кафæг чызг.

Йæ рады Багаты Азæмæт дæр банысан кодта паддзахадон ансамблы нысаниуæг æхсæнады, афтæ ма стыр цытимæ кæй æмбæлынц сæ юбилейыл, уый. «Æцæгæйдæр нæ уарзон «Симд» даргъ фæндагыл рацыд. Йæ ном дардыл хъуыстгонд кæй у, уымæй та дæн сæрыстыр. Нæ ансамбль зард æмæ кафты аивадмæ стыр хайбавæрд хæссы. У нæ паддзахады цæсгом, уымæн æмæ парахат кæны нæ рагфыдæлты культурæ. «Симд»-ы ветеранты тыххæй та мæ фæнды зæгъын уый æмæ уыдон куы нæ уыдаиккой, уæд абон мах дæр нæ уыдаиккам ансамблы артисттæ. Уымæ гæсгæ мæ фæнды юбилейы цытæн раарфæ кæнын нæ коллегæтæн. Бузныг, республикæйæн уæззау рæстæджыты дæр кафт æмæ зарды аивадæн кæй лæггад кодтат!», – банысан кодта Багаты Азæмæт.

ЦХУЫРБАТЫ Ларисæ

Добавить комментарий

Ваш адрес email не будет опубликован. Обязательные поля помечены *

Этот сайт использует Akismet для борьбы со спамом. Узнайте, как обрабатываются ваши данные комментариев.