6-æм июны Информаци æмæ мыхуыры комитеты пресс-центры Республикæ Хуссар Ирыстоны Культурæйы министр Зæгъойты Радайæн уыд пресс-конференци. Хайад ма дзы райстой Паддзахадон драмон театры аивадон къухдариуæггæнæг, режиссер Дзуццаты Тамерлан æмæ «Симд»-ы аивадон къухдариуæггæнæг Коцты Сергей.

Зæгъойты Рада куыд банысан кодта, афтæмæй, Хуссар Ирыстоны культурæйы фадыджы куыст цæуы нысанмæздæхтæй æмæ сты раст фæндагыл лæуд, фæлæ нырма бирæ саразын кæй хъæуы уый дæр загъта министр. «Нæ бæстæйы культурæйы райрæзтыл куы дзурæм, уæд æнæмæнг банысан кæнын хъæуы уый æмæ нын бæлвырд размæцыд кæй ис, фæлæ уæддæр нæ райрæзты фæндагыл ныртæккæ кæй ныллæуыдыстæм, уый хынцинаг у. Командæ иу хъуыдыйыл хæст куы вæййы æмæ æгас коллектив та иу фæдыздæхтыл лæуд куы вæййынц, уæд сын афтæмæй бирæ бантысы сæ архайды. Мах нырма стæм нæ фæндаджы райдианы, фæлæ цадæггай нæ къахдзæфтæ кæндзыстæм кæрæдзи фæдыл», – загъта Зæгъойты Рада. Уый ма банысан кодта, зæгъæ, культурæ у бирæхуызон фадыг æмæ йæ райрæзты хъуыддагыл хъæуы æдзухонæй кусын.

Культурæйы министр журналисттæн куыд фехъумæй рæхджы ансамбль «Симд» æрцæуа реорганизацигонд. «Нæ ансамблы коллектив бирæ рæстæг нал уыдысты гасбæрæг сты куыд сæ æвæрццаг хъуыддæгтæ, афтæ сæ цухдзинæдтæ дæр. Уымæ гæсгæ архайдзыстæм уыдон рараст кæныныл, æндæр гæнæн нæй. Сæйраг у, цæмæй нæ культурæйы фидауц, республикæйы паддзахадон ансамбль йе статусæн уа æмбæлон», – загъта министр. Уый ма йæ ныхасмæ бафтыдта, зæгъгæ, «Симд»-ы кафджытæ профессионалон æгъдауæй бæрæг фæхуыздæр сты сæ ног аивадон къухдариуæггæнæджы сæргълæудæй. «Ныфс мæ ис Коцы фырт йæ разы цы хæстæ сæвæрдта, уыдон кæй сæххæст кæндзæн æмæ ансамблы куыст æмæ архайд ноджы кæй фæхуыздæр уыдзысты, уымæй. Æз ацы æрыгон специалистыл баууæндыдтæн иу афæдзы размæ. Кæй зæгъын æй хъæуы, уыдис алыгъуызон хъуыдытæ уый тыххæй, фæлæ æрыгон специалистты фарсмæ кæддæриддæр хъæуы æрбалæууын сæ куысты райдианы. Ис йæ куысты æнтыстытæ æмæ йын йæ коллективимæ иумæ ноджы бантысдзæнис», – банысан кодта Зæгъойты Рада.

Журналистты ма цымыдис кодта нæ республикæйы сфæлдыстадон коллективтæ рæхджы гастролты кæдæм ацæудзысты, уыцы фарст дæр. Культурæйы министр куыд фехъусын кодта, афтæмæй мæйы кæрон паддзахадон драмон театр æмæ «Симд»-ы артисттæн гастролон балц уыдзæнис Ульяновскмæ. Нæ театр ацы горæты цалдæр хатты равдыстой спектакльтæ. «Рæхджы горæт Ульяновскы солон концерт равдисдзысты «Симд»-ы артисттæ. Уый фæдыл махæн ис бадзырд, ныридæгæн ма скъуыддзаг цæуынц техникон фарстытæ. Уымæй дарддæр ма мæйы кæрон Ульяновскмæ стыр гастролты æрвитæм нæ театры артистты дæр. Фæстæмæ куы æрыздæхой, уæд та нæ фæнды, цæмæй «Симд» нæхимæ равдисой концерт», – загъта Зæгъойты чызг. Уый ма журналистты зæрдыл æрлæууын кодта, зæгъгæ, ацы дыууæ сфæлдыстадон коллективæн июлы мæйæ райдайдзæн сæ улæфты рæстæг, фæлæ августы мадзæлтты æнæмæнгдæр хайад райсдзысты. 7-æм августы изæрæй театр хъуамæ равдиса спектакль «Фæстаг æвдисæн», кæцы дзурæг у ирон адæмы геноциды тыххæй.

Ног театралон сезонмæ куыд цæттæ кæндзысты æмæ театр йæ репертуар цæмæй фæхъæздыгдæр кæндзæн, уый фæдыл прессконференцийы раныхас кодта Дзуццаты Тамерлан. Уый банысан кодта, зæгъгæ, саразын хъæуы афтæ, цæмæй республикæйы театрдзаутæн сæ культурон цард фæцымыдисондæр уа. «Ног театралон сезоны нæ театрдзаутæм æнхъæлмæ кæсы хъæздыг программæ. Нæ репертуармæ æнæмæнг хъуамæ æрбаздахæм спектакльтæ «Амыран» æмæ «Фатимæ»-йы. Ацы хъуыддаг нæ театрæн уыдзæнис нысаниуæгджын цау. Уымæй дарддæр ма нæм æрбахатыд цымыдисон фæндонимæ Уæрæсейы Федерацийы Хуссар Ирыстоны æххæстбарджын минæвар Гасситы Знауыр, цæмæй гастролон балцы æрзилæм Уæрæсейы горæттыл. Ныридæгæн уал нæ фæхуыдтой Ногинскæй», – банысан кодта театры аивадон къухдариуæггæнæг. Уый ма куыд фехъусын код-та, афтæмæй нæ республикæмæ гастролты æрцæуыны фæнд кæ-нынц цæцæйнаг æмæ цæгатирыстойнаг театрты коллективтæ. Нæ театрдзаутæ сæхи кæм аир-хæфсой, уый сын уыдзæнис.

Пресс-конференцийы ма Зæ-гъойты Рада банысан кодта, зæгъгæ, Хуссар Ирыстон дард-дæр план кæны цæцæйнаг æмæ абхазаг коллегæтимæ иумæйаг проекттæ среализаци кæнын. «Мах нæ иумæйаг плæнтты тыххæй ныхас кодтам Цæцæн æмæ Абхазы республикæты культурæйы министртимæ. Уымæ гæсгæ нæ республикæмæ фæхондзыстæм Цæцæны Национ театры. Иумæйаг проекттæ араздзыстæм нæ абхазаг коллегæтимæ. Уæрæсейы Федераци нын нæ республикæты хæдбардзинад кæй банымадта, уыцы стыр бæрæгбоны тыххæй 26-æм августы кæрæдзимæ фæхондзыстæм сфæлдыстадон коллективты æмæ афтæмæй банысан кæндзыстæм нæ иумæйаг бæрæгбон. Фæззæджы 20-æм сентябры ма нæм бæрæгбонмæ фæуазæг уыдзæн горæт Ульяновскы кафт æмæ зарды паддзахадон ансамбль «Волга» концертон программæимæ. Ивгъуыд аз Ульяновскы областы Культурæйы министримæ цы сразыдзинад сарæзтам, уый фæлгæтты нæм гастролты æрцыдис Ульяновскы æрыгон сценæмæкæсæджы паддзахадон театр «NEBOLSHOY TEATP». Ныр та нæ фæхуыдтой уыдон æмæ сæм арвитдзыстæм нæ театры æмæ «Симд»-ы коллективты.

Культурæйы министр ма йæ хъуыды загъта, нæ республикæйы рагæй фæстæмæ ахсджиаг чи у, уыцы фарсты фæдыл, ома, цалдæргай бынæтты чи кусы, уыдоны тыххæй. Уый куыд загъта, афтæмæй куыст цæуы ацы фæдыздæхты, фæлæ уыимæ иумæ нæ республикæйы культурæйы къабазы нæ фаг кæнынц бæрæг бæлвырд специалисттæ æмæ дæнцæгæн æрхаста хормейстерты æмæ концертмейстерты. «Махмæ æрмæстдæр цалдæр адæймаджы кусынц ацы фæдыздæхты æмæ ницы у нæ бон уымæн бакæнын. Паддзахадон ансамблмæ дæр алкæй нæ бакæндзынæ. Ам дзырд цæуы профессионалон коллективыл, кæцыйы хъуамæ æнæмæнгдæр кусой æрмæстдæр профессионалтæ. Куыстагур нæм чи æрбацæуынц, уыдоны фылдæр хай фæфæнды библиотекæты кусын. Цæмæдæр гæсгæ сæм афтæ кæсы æмæ уым кусын нæ хъæуы æмæ дзы ницы куыст ис. Уыдонæй рох у, библиотекæйы дæр æмбæлон ахуырадимæ адæймæгтæ кæй хъуамæ кусой, уый», – загъта Зæгъойты чызг.

Цхуырбаты Лариса

Добавить комментарий

Ваш адрес email не будет опубликован. Обязательные поля помечены *

Этот сайт использует Akismet для борьбы со спамом. Узнайте, как обрабатываются ваши данные комментариев.