Ацы ном рæсугъдæй сфидыдта поэт, прозаик, драматург Хъæцмæзты Тадиозы фырт Ильяйыл. 1930 азты нæ литературæмæ цы курдиатджын фæлтæр æрбацыд, уыдоны ‘хсæнæй бæрæгæй рарттывта Ильяйы ном.

Лæгæвзарæн зиуы куы æрлæууыд, уæд йæхицæн равзæрста псевдоним «Кавказаг» æмæ йæ абоны – бон дæр бирæтæ хонынц  æмæ зонынц Кавказагæй. Уыцы ном кад æмæ радимæ фæхаста суанг йæ амæлæты бонмæ.

   Ирыстоны æнувыд хъæбул уыд Кавказаг, не ‘взаг æмæ не’гъдæутты хъахъхъæнæг уыд кæддæриддæр, йæ рæстæджы йæ Асаты Реуаз, Ильяйы цард æмæ сфæлдыстадыл дзургæйæ, рахуыдта лæгау лæг.

Дуг, рæстæг сæ бон калынц, куы дæ рæвдауой, уæд амондджын дæ, сæ чъылдым дæм куы фездахой, уæд зæрдæдзурæнты уыдзынæ. Ирон литературон зиууæттæй бирæтæ бахаудтой се  ‘cкъæрæнты, бирæтæ дзы байсæфтысты, бирæтæ фæиппæрд сты сæ уарзон фыдыбæстæйæ. Ирыстонмæ, йæ уарзон зæхмæ æрыздæхын кæмæн нæ бантыст, уыдонæй иу уыдис Илья дæр.

Илья уыдис Дзауы районы Хъеуселты хъæуккаг, уым райгуырдис  1910 азы мæгуыр зæхкусæг бинонты хæдзары. Барухс ныййарджыты зæрдæ, сæ мæгуырдзинад сæм хъаргæ дæр нал кодта, цардысты сæ лæппуйы цæрайæ, фæлæ цард мæнгард æмæ фæлывд у, саби йæхи æмбарынхъом куы фæцис, цумахъом куы фæцис, уæд аззад æнæ мад, æнæ фыдæй. 7 аздзыдæй лæвæрд æрцыд Цæгат Ирыстоны сидзæрдонмæ. Уæдæй фæиппæрд йæ хъæу, йæ комбæстæ, Хуссар Ирæй.

Цард ын йæхи агуринаг у, уый куы бамбæрста, уæд Илья балæууыд Тбилисы. Уым каст фæцис æнæххæст астæуккаг скъола 1930 азы. Цардæн æй фæрæзтæ агурын хъуыд, скъолайы фæстæ бацыд кусынмæ театрмæ. Нырма йæм æрхауд суфлеры бынат, æххæст дзы кодта къаннæг рольтæ дæр, ссис актер.

Æвзонг лæппуйæн йæ зæрдæ дзырдта йæ райгуырæн Ирыстонимæ æмæ йæм æрбаздæхт 1931 азы. Уæд байгом Хуссар Ирыстоны профессионалон театр. Йæ фыццаг актертæй иу уыд Кавказаг, фæкуыста дзы 1934 азмæ.

Илья тагъд бамбæрста, йæ равзæрст фæндагыл æй бакусын кæй хъæуы. 1934 азы аздæхт фæстæмæ Тбилисмæ, бацыд ахуыр кæнынмæ Ш. Руставелийы номыл паддзахадон драмон театры студимæ, ахуыры æмрæнхъ кодта актеры куыст дæр. Фæцахуыр кодта иу аз, стæй æрбаздæхт Цхинвалмæ. Уæдмæ ирон периодикон мыхуыры руаджы йæ ном зындгонд уыд ирон чиныгкæсджытæн. Цхинвалмæ æрбаздæхт 1939 азы, уыцы аз мыхуыры фæзынд йæ фыццаг чиныг, йæ зынгæ пьесæ «Фæстаг хъалон».

Цхинвалмæ æрбаздæхгæйæ, кусын райдыдта Фысджыты Цæдисы, 1950-52 азты та куыста журнал «Фидиуæг»-ы бæрнон секретарæй.

Уæлдæр æй загътон, скъæрæнты дуджы бахауд Кавказаг дæр, националисты гакк ыл сæвæрдтой, фæиппæрд йæ уарзон куыстæй. Ахæм азым æмæ æгуыстдзинад фæхауæггаг кодтой Кавказагы Ирыстонæй, ногæй та йæ ных сарæзта Тбилисмæ. Фæцард дзы 42 азы, йæ амæлæты бонмæ, ома 1994 азмæ. Цæмæй  цард, цы бынæтты куыста, уыдонæй йæ зæрдæ никуы барухс, ныппырх йæ бинонты цард, ахицæн йæ цардæмбал – нæ театры зынгæ актрисæ Магкоты Наташайæ, сидзæры ном сбадт йæ чызг Фатимæйыл, йæ фырт Фронтикыл. Мад æмæ чызг сæ царды хуыздæр бонтæ схæлар кодтой национ культурæйы рæзтæн. Фырт Фронтик ахауд Уæрæсемæ схæтæнхъуаг, йæ хо Фатимæ æрæджы фæзиан, нæ уыд уым дæр, уымæн æмæ йын йæ адрес ничи зоны.

Илья сидзæр уæвгæйæ кæд йæхи рахаста, царды къахыл слæууыд, уæддæр дзы маст йеттæмæ ницы федта.

Кавказаг аззад рохуаты йæ адæмæй дæр, рохгæнæн та йын кæй нæй, уымæн æвдисæн сты кæй нын ныууагъта, уыцы чингуытæ. Уыдон та сты: «Фæстаг хъалон» -1939, «Хур»-1940, «Марта»-1948, «Сыгъзæрин хæхтæ»- гуырдзиаг æвзагыл, Тбилис-1955 аз.

Арфæйаг хъуыддаг ма у уый дæр, æмæ 2015 азы нæ фысджыты сæрдар Хъазиты Мелитон æмæ Биботы Иринæ кæй рауагътой чиныг «Писатели Осетии», цыранмæ хаст æрцыд Кавказаг дæр. Цы йыл  загътой цыбыртæй, уый дæр дзурæг у, Илья кæй уыд хъазуатон зиууон нæ литературæйæн, цы 84 азы фæцард, уым та ирон лæджы кад дæлæмæ никуы æруагъта, Тбилисы цæргæйæ, йæ бухайраг худ йæ сæрыл уыд кæддæриддæр. Ацы рæнхъытæ фыссæг 1973 азы йæ диссертаци куы хъахъхъæдта Тбилисы Ш.Руставелийы номыл институты, уæд Кавказаг æрбацыд уæлдзарм худы, хорз зонгæ уыдис уыцы институты кусджытимæ.

Кавказаджы литературон бынтæ кæд дзæвгар не сты, уæддæр нын цы ныууагъта, уыдон сты гъæдджын, цæсты ахадгæ, уынæм сæ, Ильяйæн дæр йæ сæйраг сагъæс кæй уыд нæ адæм æмæ нæ фыдыбæстæйыл, не’взаг æмæ не’гъдæуттыл, ирон-дзинад йæ дадзинты кæй змæлыд.

1940 Сталиниры мыхуыры рацыд йе’мдзæвгæты æм-бырдгонд «Хур». Би-рæ ахсджиаг фарстытæ хæссы рæгъмæ поэт, фылдæр дзуры ног царды хæрзиуджытыл, арæх ракæны зæронд заууаттаг дуджы кой дæр.

Йе’мдзæвгæ “Сидзæры сагъæс» -ы уынæм 12 аздзыд сывæллоны царды уаг ивгъуыд рæстæджы, æххормаг саби куыд зилы къæбæргур хæдзæрттыл. Кæнæ æмдзæвгæ «Кæддæры дзæгъæлзад» -ы та дзуры цагъайраджы дугыл. Куы йæ кæсæм, уæд нæ зæрдыл æрлæууы Къостайы Хъуыбады.

Поэт не ‘фсæст ног царды хæрзиуджытыл цин кæнынæй, райгонд уыд йæ Ирыстоны царды размæцыды фæндæгтæй.

Йе ‘мдзæвгæ «Ног Ирыстон»-ы поэт цины улæнтимæ нымайы ног Ирыстоны хæрзиуджыты: Раивта цард, ракаст ног хур, худынц хæхтæ, хъазынц мæргътæ, сбирæ сты сæндæттæ, трактортæ, хæдтулгæтæ.

Кавказаг йæ адæм æмæ йæ бæстæйыл хъуыдыгæн-гæйæ, фидарæй фæзæгъы: кард сæрбахъуыды бæззы. Æргом у йæ ныхас:

   «Мæ кард, мæ сис æмæ мæ ном –                             

   Цæвынц знаджы ных æргом».

Йæхи тыххæй та зæгъы: хъызты, зындзинæдты нæ фæтасдзæн мæ цонг. Ацы темæ дарддæр уынæм йæ иннæ æмдзæвгæйы – «Хæстон дæн æз»-ы дæр: дæн фидар, ныфсджын, хæсты – фыццаг, цыргъ у мæ кард.

Кавказаг Транскам-ы тыххæй цы загъта, уый бæлвырдæй нæ зонæм, фæлæ 30 азты Гаглойты Рутен Рукъы уонг цы фæндаг сарæзта, ууыл тынг фæцин кодта. Заргæйæ йыл сæмбæлд, уæд йе ‘мдзæвгæйы схуыдта «Фæндаг-араз-джыты зарæг». Цхинвалмæ æфсæнвæндаг куы ‘рбацыд, уæд ууыл дæр фæцин кодта поэт йе ‘мдзæвгæ «Уадæг»-ы.

Поэт сæрыстыр уыд йæ Иры фæсивæдæй, ног дуджы зиууæттæй. Йе’мдзæвгæ «Ног фæлтæр»-ы сæм сиды, цæмæй рацæуой размæ, сæ тырыса сисой бæрзонд. Йæ сидт у:

«Рацу размæ, цæй нæ фæлтæр!             

 Размæ рогдæр айс дæ къах!

 Сис сырх тырыса бæрзонддæр,

 Хæхтæ, быдыртæ – фæлдах».

Поэт уыны, царды цалх тулы размæ, йæ фæстæ уадзы хæрзиуджытæ, цины улæнтæй байдзаг бæстæ, ног хур, ног дидинджытæй сфæлыста йæхи Ирыстон дæр æмæ сыл поэт йæ адæмимæ иумæ цин кæны йе’мдзæвгæ «Мæ бæстæ»- йы.

 Ильяйæ рох никуы уыдысты, ног царды сæрыл сæ удтæ  нывондæн чи æрхаста, уыдон. Уыдонæй-иу уыд Айдарты Знауыр. Поэт хæрзаив дзырдтæй  сныв кодты Знауыры рæсугъд удыгъæд, йæ тохы фæндæгты, дзуры сыл æм-дзæвгæ «Знауыр»-ы..

Кавказаг бирæ уарзта йе ‘мзиууæтты, сæ циныл цин кодта, сæ мастыл – хъыг. Дзæвгар у сæ нымæц ахæм ирон поэттæн Терк æмæ Леуахийæн кады æмæ цины зарджытæ чи нæ скодта. Ракодта поэт Терчы кой дæр йе’мдзæвгæ «Терк»-ы. Æппæлыны тыххæй нæ, схуыдта йæ тæригъæдджын, Хозиты Яковы æдзардæй мæрдтæм кæй барвыста, уый тыххæй. Зæгъы йын уайдзæфгæнгæйæ:

    «Уый поэт уыдис, хъайтар,

    Уый хуыздæр уыдис мæнæй,

    Уый хæстон уыдис, æхсар,

    Уый æнхъæлцау уыд дæуæй».

Поэт Кавказаг йæ сæрдыгон бонты бамбæрста, зæхх адæмы дарæг кæй у, зæххъуаг адæм цардцух кæй сты, зæхх царды рахæцæн кæй у. Зæрдæмæдзæугæ сты, поэт зæххы фæдыл цы æмдзæвгæтæ ныффыста, уыдон.

Поэт арæхстджын у æрыгон фæлтæры интимон ахæс-тытæ æвдисынмæ дæр. Йе’мдзæвгæ «Уарзонимæ» -йы лирикон хъайтар, куысты тохы фæлтæр чи у, уый чызгæй домы разыйы дзуапп сæ цард баиу кæныны тыххæй. Цы ратдзæн разыдзинады дзуапп, уый тыххæй лæппу афтæ зæгъы:

 «Уæд дæ зæрдæ у мæ зæрдæ,

  Уæд дæ удæй у мæ уд».

Ног дуг сылгоймагæн цы дуæрттæ байгом кодта цардмæ, куыстмæ, уый дæр сын зæгъы поэт йе’мдзæвгæ «8 март»-ы. Дзуры сæм, уый дæ бон у æмæ райс дæ тырыса, «Уый дæ сырх тугæй æлхæд у», хъуамæ уай æвзыгъд æмæ уæндон.

Арæхстджын уыд Кавказаг æрдзы нывтæ æмæ сæ хъæзныгдзинæдтæ афыссынмæ дæр. Ууыл дзурæг сты йе’мдзæвгæтæ: «Уалдзæг», «Сæрд», «Фæззыгон ныв», «Хæххон фæззæг» æмæ æнд.

Ног дуг сабиты рæзгæ фæлтæры рæвдауæг кæй у, царды хæрзтæй æфсæст, ифтонг кæй сты, уыдæттыл дæр æмбæлон хъуыдытæ æрцыд загъд поэтæн йе’мдзæвгæтæ: «Сабийы зарæг», «Дидинæг» æмæ  «Гоко»-йы.

  Кавказаг хорз зонгæ уыд йæ адæмы хъæзныг сфæлдыстадимæ. Ирон хъæзныг æмбисæндты бындурыл ныффыста цалдæр хæрзгъæд æмдзæвгæйы, царды ахсджиаг фарстытыл дзырд кæм цæуы, ахæмтæ.

Уыдон та сты: «Бæрзонд хох», «Наз æмæ тулдз», «Уыг æмæ чъырттым», «Æхсынцъы» æмæ æнд.

 Йæ рæстæджы тынг ныхъхъæр Кавказаджы ном, куы фæзынд йæ поэмæ «Марта», уæд. Марта уыдис  Рукъгомы нæргæ колхозы сæрдар, Стыр Фыдыбæстæйон хæсты азты нæ Цæдисыл ныхъхъæр Мартайы ном. Егъау уыд йе’ххуысы хай фронтæн. Рæгъмæ рахæссинаг сты йæ иннæ поэмæтæ «Майрæм» æмæ «Мад» дæр, цыран ныхас æрцыд Ирыстоны дзыллæйы тохы фæндæгтыл сæ сæрибардзинады сæрыл.

Арæхстджын уыд Кавказаг драматургийы фадыджы дæр. 1939 азы фæзынд  хицæн чиныгæй йæ пьесæ «Фæстаг хъалон», цыран автор равдыста Хуссар Ирыстоны фæл-лойгæнджыты тох сæ тугцъирты, æлдæрттæ æмæ кънязты ныхмæ тохы фæндæгтæ.

Куыд драматург, афтæ Ильяйы ном айхъуыст йæ пьесæ «Исахъ» нæ театры сценæйы æвæрд куы æрцыд, уæдæй. Автор арæхстджынæй равдыста мидхæсты хъайтар Харе-баты Исахъы тохы фæндæгтæ, йæ цард йæ дзыллæйы сомбоныл кæй радта, уыдæтты.

 Курдиатджын уыд Кавказаг тæлмæцы хъуыддаджы дæр. Ууыл та дзурæг сты йæ тæлмæцтæ: Пушкинæй – «Зымæгон изæр», Есенинæй «Фæззæг», Т.Ивановæй « Æнтæф», Ш.Руставели – йæ- «Афоризмтæ», Цъеретелийæ – «Ма мæ уарз» æмæ æнд.

 Кавказагæн йæхи уацмыстæ дæр тæлмацгонд цыдысты нæ цæдисы адæмтæй бирæты æвзæгтæм. 1955 азы Тби-лисы рацыд гуырдзийаг æвзагыл йе’мдзæвгæты æмбырдгонд «Сыгъзæрин хæхтæ». Фæстæдæр азты та уагъд æрцыд Тбилисы йæ уацмысты æмбырдгонд «Æмдзæвгæтæ æмæ поэмæтæ».

Уыд Кавказаг ирон фольклор æмбырдгæнæг дæр. Зæрдиагæй куыста ирон æмбисæндтыл. Йæ рæстæджы сæ рауагъта хицæн чиныгæй. Егъау хъусдард здæхта. Нарты эпосмæ, уыд сæ рауадзыны комитеты уæнг, фыста радзырдтæ æмæ таурæгътæ дæр.

Кавказаджы цард æмæ сфæлдыстадон фæндæгтæ сæрмагонд куысты аккаг сты. Ахæм куыст  ныффыссынæн та дæ къухы хъуамæ уой йæ литературон бынтæ. Дуг, рæс-тæджыты аххосмæ гæсгæ, се ссарын фæзын. Гъе, фæлæ дзы нæ къухы цы ис, уыдон дæр фаг сты Ильяйы рухс ном, йæ бакæнгæ хъуыддæгтæ æрымысынæн. 2010 азы æххæст кодта йæ райгуырдыл 100 азы. Ничи йын ссардта йæ ном. Гъе ныр та йыл æххæст кæны 110 азы. Иры интеллигенцийæн æрымысинаг у Кавказаджы рухс ном. Хæдбар Республикæ фадат дæтты Ильяйы ном ссарынæн. Дзæнæттаг уæд йæ ном.

ПЛИТЫ Гацыр

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.