Ирон музыкалон аивадмӕ ӕгӕрон у йӕ хайбавӕрд адӕмон зарджыты ӕмбырдгӕнӕг, адӕмон хор, театралон ӕмӕ духовон оркестры дирижер, кинофильмтӕ «Фатимӕ» ӕмӕ «Советская Осетия»-йы музыкӕты автор, музыкалон комеди «Усгур», музыкалон драмӕ «Нарты Батрадз», Хуссар Ирыстоны паддзахадон драмон театры бирӕ спектакльты музыкӕйы автор, вокалон, хорон зарджыты ӕмӕ ноджы дзӕвгар ӕндӕр уацмысты автор Галаты Алыксандры фырт Барисӕн.

Уый цард Цхинвалы ӕмӕ егъау бавæрд бахаста ирон музыкалон аивады рӕзты хъуыддагмæ. Зындгонд куыд у, афтӕмӕй ивгъуыд аз расидт ӕрцыд гениалон поэт, йӕ адӕмы барты сӕрыл ӕнувыд тохгӕнӕг Хетӕгкаты Къостайы азӕй, марты мӕйы та йӕ раттӕг адӕм цытджын ӕгъдауӕй банысан кодтой ирон музыкӕйы бындурӕвӕрӕг Галаты Барисы 130 азы юбилей.

Дыууӕ ахсджиаг цауы тыххӕй рухс федта къаннӕг ӕмбырдгонд ахӕм сӕримӕ «Борис Галаев. Песни и романсы на стихи Коста Хетагурова». Ам музыкӕуарзджытӕ базонгӕ уы-дзысты, Галайы фырт Къостайы фыст уацмыстыл цы музыкӕ сфӕлдыста, уыдонимӕ. Номхуындӕй уыдон сты «О чем жалеть?», «Я смерти не боюсь», «Не верь», «А-лол-лай», «Азар», «Цъиу ӕмӕ сывӕллӕттӕ», кинофильм «Фатимӕ»-йӕ «Догорела заря» ӕмӕ «Песня Ибрагима».

РЦИ-Аланийы национ библиотекӕйы аивӕдты хайад та ба-цӕттӕ кодта ӕмӕ ивгъуыд аз мыхуыры рауагъта Галаты Барисы тыххӕй ахӕм библиографион ӕмбырдгонд – «Основоположник осетинской музыки». Чиныджы ӕддаг цъӕрттӕн спайда чындӕуыд Кӕсойты Алан ӕмӕ Бежанты Вадимы конд нывтӕй, ӕрмӕджытӕ бацӕттӕ кӕныныл та бакуыста Баситы Ф. Стыр музыканты тыххӕй сӕ хъуыдытӕ цыбыртӕй загътой Гӕбӕраты Илья, А. Баланчивадзе ӕмӕ Джусойты Нафи. Чиныг райдайы йӕ бацӕттӕгӕнӕг авторы уацӕй, сты ма дзы музыкӕзонӕг, РЦИ-Аланийы ӕмӕ Хуссар Ирыстоны аивӕдты сгуыхт архайӕг Бӕтӕгаты Т.,  Гӕбӕраты И. ӕмӕ Баланчивадзе А. уацтӕ. Чиныджы ис ӕхсӕз сӕргонды ӕмӕ сты ахӕмтӕ, куыд «Галаты Барисы уацмыстӕ» (музыкалон уацмыстӕ, нотӕтӕ, нотӕты ӕмбырдгӕндтӕ, чингуытӕ, уацтӕ, дискографи, фильмографи), «Литературӕ Галаты Барисы тыххӕй» (чингуытӕ, уацтӕ, электронон ресурстӕ, библиографион бацамындтӕ), «Галаты Барисы хуызфыссынады аи-вады», «Галаты Барисы цытӕн», «Галаты Барисы. Хӕдзар-музей»  ӕмӕ «Ӕхсӕнадон организацитӕ Галаты Барисы бынтӕ бахъахъхъӕнын ӕмӕ популяризаци кӕныны тыххӕй». Чиныджы ма сты композиторы ӕмӕ йӕ куыстыты тыххӕй къамтӕ дӕр.

                                                                          ХУЫБИАТЫ Никъала

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.