Поэт Харебаты Леониды райгуырдыл сæххæст 85 азы

 

Нæ юбиляр Харебаты Леонид райгуырдис 1932-æм азы цыппурсы мæйы 12-æм бон Къахеты, Лагодехы районы Хуыцъейы хъæуы зæхкусæг бинонты ‘хсæн. Йæ фыдæлтæ уырдæм хуыздæр цардæнхъæл алыгъдысты, фæлæ сæ зæрдæ уадиссаг ницæмæй барухс. Фыдыбæстæйæ иппæрд адæм сыгъзæринæй цы зæххытæ балхæдтой, уыдоныл дидинæг не ‘фтыдтой. Леонид дæр мадæй хæрз сабийæ баззад сидзæрæй. Фыд дыккаг ус æркодта, фæлæ йæхицæн дæр рацæрын нæ бантыст, фæхъуыд хæрз æвзонгæй – 41-аздзыдæй. Фидæны фыссæг сабийæ фæцух мад æмæ фыды уарзтæй, уыд хиуæтты æвджид. Куы – … «фырæфсæст» дзы нæ уыдис, фырæстонг дæ уыйбæрц дæр куы хъæуид. Уæддæр ыл алы рæвдауæн дзырд сагъта базыртæ. Æвзæрын æм кодта царды монц. Йе ‘фхæрд зæрдæйыл-иу сæмбæлд хуры тын. Поэтæн йе ‘мдзæвгæ «Фæстаджы хæрзбон»-æй йæ мады æфсымæры рухс ном куы ардта, уæд уарзгæйæ уымæн загъта: «Хæрз сывæллонæй сидзæр куы баззадтæн, уæд-иу мæ мæ мады æфсымæр Джуссойты Къиазо йæ уæрагыл сæвæрдта æмæ-иу мæ аргъæуттыл ирхæфста».

Фидæны фыссæджы кæд йæ фадат нæ амыдта, уæддæр зындзинæдты ныхмæ ныллæууыд фидарæй æмæ сын нæ куымдта асæттын. Йæ фадæттæ йæ куыд амыдтой, афтæ йæ уд радта чиныгмæ. Гуырдзы Къахеты цæрæг адæмæн нæ мадæлон æвзагыл ахуыр кæныны бар кæй нæ лæвæрдтой, уый тыххæй астæуккаг  скъола каст фæцис гуырдзиаг æвзагыл. Уæддæр æй йæ мадæлон æвзаджы уарзт йæхимæ тынгдæр æлвæста. Йæ мады æхсыримæ фыццаг уый ахъардта йæ туджы, йæ уды уый тæлфыд. Æмæ йыл поэзи йæхимæ куыд тынгдæр хæцыд, афтæ йыл уыцы уарзт – мадæлон æвзаджы уарзт, йæ Фыдызæххы ‘рдæм æнцад тынгæй-тынгдæр. Сæрыстырæй уымæн загъта:

Æз Къахетмæ дæ ном хъуыстон мæ фыдæлтæй

Æмæ-иу мыл арт сирвæзтис, уæд цины арт.

О, хурджын Ир, фыдæлты зæхх, фыдæлты къуым,

Æрхастон дæм, цæджджинагау, æхсидгæ уарзт!

(«Ирыстон»)

Ахæм уарзтæй чи уарза йæ фыдæлты зæхх, уый дзы, гæнæн уæвгæйæ, никуы фæиппæрд уыдзæнис æмæ уыцы æхсидгæ уарзтимæ бацыд 1952-æм азы Хуссар Ирыстоны паддзахадон педагогон институты филологон факультеты ирон æвзаг æмæ литературæйы хайадмæ ахуыр кæнынмæ. Каст æй куы фæцис, уæд 1962-æм азмæ куыста  ахуыргæнæгæй. Стæй рахызт мыхуыры куыстмæ. Дæс азы бæрц уыд газет «Советон Ирыстон»-ы редакцийы, сырæзт бæрнон нымæрдары хæдивæджы онг. Уыйфæстæ куыста типографы директорæй, чингуыты рауагъдад «Ирыстон»-ы редакторæй, стæй йæ акодтой Хуссар Ирыстоны драмон театры директорæй. Фæстæдæр раивта рауагъдады сæйраг редакторы бынатмæ, 1992-æм азы та ссис йæ директор. Уыд газет «Хурзæрин»-ы сæйраг редактор. У культурæйы сгуыхт кусæг. Хицæн рæстæджыты хорзæхджын æрцыд майдан æмæ Кады грамотæтæй… йæ райгуырдыл 70 азы юбилеймæ райста РХИ-йы орден «Кады нысан».

Леонидæн йæ поэтикон дзуринæгтæ сæйраджы раргом сты йæ фыццаг æмдзæвгæты æмбырдгæндтæ «Æхсæрдзæн» (1961) æмæ «Мæ уарзт»-ы (1964). Ирон чиыгкæсæджы зæрдæмæ уыдон фæрцы ссардта фæндаг. Уый фæстæ дзæвгар чингуыты автор баци.

Леонид, поэтыл куыд æмбæлы, афтæ не ‘фсæды йæ Фыдыбæстæйы рæсугъддзинадмæ кæсынæй. Цин ыл кæны æмæ йемæ цин кæны ирон чиныгкæсæг дæр:

Куыд рæсугъд дæ, куыд гауызхуыз, куыд хурæнгæс?

Нæ дæ ‘взарын – зæхх дæ æви сырх арвырон!

Цæй, ратæх мæм, фыдæлты зæхх, фыдæлты къуым,

Ныттыхсон дыл, мæ риуыл дæ æрæвæрон.

 

Мæ зæрдæйыл зæйтæ рацыд, цины зæйтæ,

Фыды уæзæг, мæ Ирыстон, дæ буц фендæй.

Кæм ма уыдзæн, дæуау рæсугъд, дæуау адджын

Ирон лæгæн æндæр бæстæ, зæгъут мын æй?!

(«Ирыстон»)

Леониды дзуринæгтæн сæ сæйраджы сæйраг уыд æмæ у Фыдызæхх. Æгæрыстæмæй йын йæхи кæны цагъар. Куысты фæллад кæй нæ зоны, æрмæстдæр æй уый ирвæзын кæны.

Поэт уарзы æмæ йæ бæллиц у, «хуры тынтау, хæхтыл амонд тауын», уый  та алы æмбаргæ адæймаджы хæс дæр у. Куы дæ фæнда, де ‘гъуыстаджы райдзаст къуымæн йæ цинæй райай, уæд ын уыцы циндзинад хæссын хъæуы. Царды уыцы æгъдауæн фæивæн нæй. Нæдæр дзы хи атонæн ис. Лирикон хъайтар йæ Фыдызæххæн, ардхæрæгау уымæн уырнын кæны: «Уарзын, мыдыбындзау, Иры чыргъæдмæ мыд хæссын» («Уарзын»); «Æз дæ къæбицмæ, Кусæг цъæх мæлдзыгау, Алхатт хæсдзынæн Æргъом» («Ирыстон»).

Алчи дæр зоны, цард фæллойы фæрцы кæй рæзы, фæлæ алкæй нæ фæнды йæхи фæлмæцын кæнын. Аивады кусæг æппынæдзух куысты лæуд куынæ уа, йæ хъуыдыйы фæрцы йæ зæрдæйы арф æвæрæнтæм куынæ æвнала, уæд йæ къухы ницы бафтдзæн. Леони-дæн бантыст уый равдисын йе сфæлдыстады.

Поэты Ирыстоны уарзт дзурын кодта гуырдзиаг-ирон хæсты рæстæджы, гуырдзиаг адæм ирон адæмæн цы фыддзинæдтæ арæзтой, уыдон ныхмæ дæр. Æмæ æнæсдзургæ цы уыдис, уыдон æнахъинон митæм кæсгæйæ. Æрмæст, сæ ныхмæ чи лæууы, Ирыстонмæ сæ чи нæ уагъта, уыцы хæстонты нæ мардтой. Ирон у: саби уа æви зæронд, нæлгоймаг уа æви сылгоймаг – мардтой алкæй дæр. Поэты зæрдæ баризын кодта, гуырдзиаг куыйдзых Цхинвалы районы Хелцуайы цæрæг зæронд усы къухыл сыгъзæрин къухдарæн куы ауыдта, уæд æм куыд фæлæбурдта: æфтауын ын куыннæ куымдта, уæд æнгуылдз куыд ахауын кодта. Уый тыххæй фæрсы лæгмары мады  дисгæнгæ, ома, ау, ахæм тугхор мады гуыбыны сæвзæрд: «Дзидзи йын искуы дардтай?»

Ныр цы къухдарæн бакæныс, –

Никуы дæ судзы й’азар?!

Цал дæм æрхаста ахæмтæ,

Цалæй дзы кæныс базар?

(«Къухдарæн»)

Лæгмары мады поэт бæргæ фæрсы, ома, дæ фыртæн: «Адæймаг у Хуыцауы сконд», – Искуы йын цымæ загътай?!» Фæлæ уый риторикон фарст у. Гуырдзиаг мад дæр ын нæ хъавы дзуапп раттынмæ. Уый бæсты, йæ хъæбул кæй цæгъды, уыцы æнæхотых, æдых æмæ зæрæдты рæсугъдгæнæнтæй хъал кæндзæнис йæхи, кæндзæнис сæ базар. Фæлæ цъæх арвы бын сусæг куыд ницы кæны, афтæ дзы фыддзинад дæр нæ тайы:

Мады бавæрдтой… æнгуылдз та

Къухдарæнагур зилы…

Гуырдзиаг мады фенгæйæ,

«Багъæц-ма!» – йæхи стилы…

Нæ фыдызнæгтæн алы ироны тыххæй дæр сæ тæртты марæн кæрдтæ æмбæхст сты. Уыдон хорз зоны поэт. Адæмы сæрыл дзурæг куынæ вæййы, уæд æвæлтæрд цардцухты фæхъæуы мæлын. Æмæ сыл рисы поэты зæрдæ. Уымæн æмæ  Букуылты Маиры хуызæн лæппутæ сæ сæртæ нывондæн æрхæссынц сæ райгуырæн бæстæйæн. Ирон цардбæллон лæппу, зынгæ ирон фыссæг Букуылты Алыксийы бындар сæ къухмæ куы бахауд, уæд æй æвирхъау мардæй уымæн амардтой, арты йæ уымæн басыгътой. Æмæ поэт æмдзæвгæйæн сарæзта, зæрдæ кæмæй банкъуысы, ахæм кæрон:

–  Дæ ристæ дын хъуамæ æз сисон, мæ Ир! –

Фыдмардæй мæлгæйæ, хъæр кодта Маир.

–  Кæм дын риссы? – фарста Маиры йæ Ир?

–  Æз иууылдæр риссын дæу тыххæй, мæ Ир!

Ахæм уарзтæй куы уарза адæймаг йæ Фыдызæхх, уæд йæ бон бирæ у. Поэт æй уарзы ахæм уарзтæй. Æнæуый йын нæй æнцойад. Стæй цард дæр. Æмæ диссаг нæу, æппынæдзух йæ цины дæр, йæ хъыджы дæр уый уацары кæй ис:

Сабыргай мæ риуы уарзондзинад амард,

Сабыргай мæ цурæй, ахъуыззыди, адард.

Ныр мæ риуы уый хыгъд судзгæ сагъæс бацард:

Иры Зæхх, æрмæст ма, дæн дæуæн дæ уацар! 

(«Сабыргай»)

Æмбæстагон темæйыл фыст уацмыстæ чиныгкæсджыты зæрдæтæм  иууыл тынгдæр цæй тыххæй фæарынц фæндаг, уыдонæй иу миниуæг у, адæймаджы уды рис аивады хуызы кæй равдисы йæхи, уый.

Фыссæг æнахъом сабийæ кæй фæцух мады, стæй та фыды рæвдыдæй, уый йæ зæрдæйы баззад æргом хъæдгомы хуызæнæй. Æвæццæгæн, иу æмæ дыууæ хатты нæ кастис хæлæггæнгæ, йе ‘мкарæнтыл-иу сæ ныййарджытæ куыд узæлыдысты. Уый йын ноджы ныхылдта йæ зæрдæйы хъæдгоммæ, мысыд йæ мад æмæ йæ фыды. Сæ уарзт йæ риуы сыгъд, артыл дымгæ куыд ныдзæва, уыйау. Кæй зæрдæ нæ бангæстæ уыдзæнис «Мад» кæнæ «Фын» кæсгæйæ.

Ныййарæгыл бирæ зæрдæмæдзæугæ æмдзæвгæтæ ныффыста Харебаты Леонид. Бирæ зæрдæскъæф æнкъарæнтæ, бирæ аив бынæттæ сæ ис, фæлæ иууыл тынгдæр æмбулынц, – æцæг, йе ‘мдзæвгæты фылдæр хай афтæ сты, – бæлвырд, æнæнхъæлæджы деталты фæрцы:

Табæты сæр

Дзæбугæй хойынц…

Æмæ хъуыст мæ мадмæ

Дзæбуджы хъæр æмæ мæ кæуын.

(«Хус цæссыг»)

Фыссæджы сфæлдыстады аккаг бынат бацахстой йæ романтæ «Уарзт æмæ денджыз», «Сыгъдысты зæрдæтæ», стæй йæ сабитæн фыст æмдзæвгæтæ, радзырдтæ, кадджытæ. Йæ уацмыстæ йын уæлдай цымыдисондæр æмæ зæрдæмæдзæугæдæр кæнынц, фæлмæн юмор дзы кæмæ хæццæ кæны, уыдон.

Хъазиты Мелитон

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.