Нæ зынаргъ мыггаг, цы зын уавæрты цæрæм, уый хорз æмбарæм. XX-æм æнусы нын не знæгтæ цы геноцид скодтой, уый алчидæр зоны, фæлæ ма ныл æрдз дæр гадзрахатæй рацыд. 1991 азы зæхх нызмæлыд æмæ йæ быны фæкодта Хахеты хъæу – Гæджиты æмæ Бæззаты мыггæгты.  Уыцы рæстæджы бирæ хъæуты ныппырх сты кувæндæттæ, афтæ фыдæлты мæсгуытæ дæр. Уыдон ‘хсæн уыд Хъорсеуы хъæу дæр. Нæ фыдæлты кувæндон æмæ мæсыг ныппырх сты.

2016  æмæ 2017 азты æмбырдгонд æрцыдысты æхцайы фæрæзтæ æмæ бацалцæг кодтам кувæндон, сарæзтам ын йæ къултæ, сагъуыстам æй. Фæлæ нын уыцы æхцайы фæрæзтæ не сфаг сты æмæ уæм уый тыххæй сидæм, цæмæй ногæй æрбалæууæм кæрæдзи фарсмæ æмæ æртымбыл кæнæм æхцайы фæрæзтæ 500 сомæй 1000 сомы онг. Курæм, цæмæй сæ амалиуæггæнджытæ фæфылдæр кæной, цас сæ цæст уарзы, уыйбæрц.

Кæд уæм Тедеты мыггаджы хорздзинæдтæй исты ис, уæд ма бахæлæг кæнут уыцы æхцайы фæрæзтæ.

Æхцайы фæрæзтæ, гæнæн ис фæхæццæ кæнат мыггаджы минæвæрттæм:

  1. Тедеты Роланд Христафоры фыртмæ – Цхинвалы скъола-интернаты директормæ (тел: 8 929 805 40 36);
  2. Тедеты Владимир Никъалайы фыртмæ (тел: 8 929 806 20 49);
  3. Тедеты Аланмæ (тел: 8 929 808 83 90);
  4. Тедеты Андреймæ (тел: 8 929 805 91 80);
  5. Тедеты Аланмæ – Дзауы районы Мидхъуыддæгты органты кусæг (тел: 8 929 807 40 45).

Мыггаджы хистæртæ: Тедеты З. И., Тедеты Х. К.

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.