АРМРЕСТЛИНГ

Екатеринбургы уагъд æрцыд æвзæнгты ‘хсæн Уæрæсейы чемпионат армрестлингæй. Ерысты хуссарирыстойнаг спортсментæн бантыст дыууæ майданы рамбулын. Æвзист призер ссис Дыгъуызты Миленæ. Уый архайдта иууыл уæззаудæр уæзы категорийы (+80 кг). Бронзæ майдан та бафтыд Хæбæлаты Эдуарды къухты. Уый та ерыс кодта 80 кг уæзы категорийы. 

ШАХМАТТÆ

Фыццаг хатт республикæйы уагъд æрцыд шахматтæй  хъазты иурæстæгон сеанс. Спортивон мадзал уагъд æрцыд Фыдыбæстæ хъахъхъæнæджы боны цытæн. Паддзахадон университеты шахматон клубы æрæмбырд сты иу къорд шахматисты. Уым республикæйы шахматты федерацийы президент Саулохты Георги уыцыиу рæстæджы хъазыд 20 ныхмæлæууæгимæ. Ахæм сеанс официалонæй республикæйы уагъд æрцыд фыццаг хатт.

Георги хъазыд куыд æвзонг шахматисттимæ, афтæ ма республикæйы чемпионаты æрвылхатт дæр хайад чи райсы, ахæм спортсментимæ.

Ерысты фæстиуджытæм гæсгæ Саулохты Георги фæуæлахиз 19 хъазты æмæ иу хатт та ахъазыд æмдыхæй. Аккаг ныхмæлæууæг ын разынд æвзонг шахматист Къодоты Андрей, кæцы ивгъуыд аз республикæйы чемпионаты бацахста æртыккаг бынат.

Сеансы хайадисджытæ иууылдæр хорзæхджын æрцыдысты зæрдылдарæн лæвæрттæй.

ВОЛЕЙБОЛ

Фыдыбæстæ хъахъхъæнæджы боны цытæн Цхинвалы уагъд æрцыд турнир волейболæй. Ерыстæ уагъд æрцыдысты ныр 5-æм хатт æмæ сæ хайад райстой 7 командæйы. Ерысты уагæвæрдмæ гæсгæ алы командæ дæр акодта фæйнæ 7 хъазты. Дыууæ боны дæргъы спортуарзджытæ федтой бирæ цымыдисон хъæзтытæ. Фæстаг туры онг бæрæг нæ уыд турниры уæлахиздзау. Тыхджындæр командæйы ном бæрæг цыд фæстаг хъазты, цыран фембæлдысты Хуссар Ирыстоны паддзахадон университеты командæ æмæ Уæрæсейы арæнхъахъхъæнджыты командæ. Спортивон амонд бахудт арæнхъахъхъæнджытæм æмæ систы турниры уæлахиздзаутæ. Банысан кæ-нын хъæуы уый, æмæ ма уыдон кæй фæуæлахиз сты ивгъуыд аз дæр. Æрæмбырдгонд очкотæм гæсгæ дыккаг бынат бацахста Мидхъуыддæгты министрады командæ, æмæ æртыккаг та ссис ХИПУ-йы командæ.

Турниры уæлахиздзаутæ æмæ призертæ хорзæхджын æрцыдысты кубоктæ, майдантæ æмæ кады грамотæтæй. Бæрæг ма æрцыдысты хуыздæр хъазджытæ дæр. Сæрмагонд призтæ райстой Гаглойты Михаил, Босыкты Давид, Плиты Виктория æмæ Евгений Чемидов.

ХУРИТЫ Батрадз

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.