Хуссарирыстойнаг æвзонг шахмаститтæ дыууæ майданы рамбылдтой РЦИ-Аланийы уагъдцæуæг ерыстæ «Кубок Феномена»-йы. Турниры уæлахиздзау ссис Тыбылты Аннæ. Дыккаг бынат та бацахста Чилæхсаты Вадим.

«Нæ хъомылгæнинæгтæ аккагæй равдыстой сæхи. Ноджы сын хуыздæр бæрæггæнæнтæ уыдаит, фæлæ та куыд дыууæ къуырийы размæ Абхазы турниры, афтæ та ам дæр хæлттæ æппæрсты фæстиуæгæн нæ хъазджытæ арæх æрхаудысты кæрæдзийы ныхмя хъазынмæ æмæ-иу фесæфтой очкотæ. Фæнды ма мæ банысан кæнын уый дæр, æмæ Аннæ фыццаг бынат кæй бацахста лæппуты ‘хсæн.  Нæлгоймæгты спорт къласмæ гæсгæ уæлдæрыл нымад кæй цæуы, уый хынцгæйæ нын Аннæйы уæлахиз дывæр æхсызгон у. Чилæхсаты Вадимы тыххæй та мæ фæнды зæгъын, æмæ цырд темптæй хуыздæр кæны йæ цæттæдзинад», – загъта «РХИ-йы шахматты федераци»-йы президент Саулохты Георги.

Зæгъын хъæуы уый æмæ Хуссар Ирыстоны чызджыты ‘хсæн шахматтæ популярон кæй нæ уыдысты. Ныр РХИ-йы шахматты федераци стыр хъусдард здахы сылгоймæгты шахмæттæм дæр. Фæзынд нæм цалдæр тыхджын шахматисткæйы. Уыдонæй сæ иу у Тыбылты Аннæ. Уый æрæджы Абхазы уагъдцæуæг дунеон турниры дæр бацахста фыцаг бынат. Ныр та цы 9 хъазты акодта, уыдоны æрæмбырд кодта 7,5 очкойы.

«Дзæуджыхъæуы турнир мæ зæрдæмæ тынг фæцыдис. Мæ бон уыдис ноджы фылдæр очкотæ æрæмбырд кæнын. Фæлæ иу хъазты рæстæджы фæрæдыдтæн æмæ фембылды дæн. Стыр бузныг мæ фæнды зæгъын шахматон скъола «Белая ладья» æмæ мæ тренер Саулохты Георгийæн. Афтæ ма ме скъола – гимназ «Альбион» æмæ мæ фыццаг тренер Тыбылты Ирбегæн», – загъта Тыбылты Аннæ.

Чилæхсаты Вадим фыццаг хатт хайад райста республикæйæн æддейæ уагъдцæуæг ерысты. «Раст зæгъгæйæ, фæнд кодтон æрмæстдæр спортивон разряд райсын. Фæлæ мæ тренер Саулохты Георгийы уырныдта призон бынат кæй бацахсдзынæн. Æмæ, æцæгæйдæр, ацыдтæн дыккаг бынатыл», – загъта Чилæхсаты Вадим.

Æвзонг спортсментæ ныридæгæн сæхи цæттæ кæнын райдыдтой,  ацы мæйы кæрон РХИ-йы шахматты федераци» Цхинвалы цы турнир ауадзынмæ хъавы, уымæ.

ХУРИТЫ Батрадз

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.