Искæй цард, дам, тархъæды хуызæн у, Цхинвалы районы Зары хъæуы цæрæг Тыджыты Эгнаты дардæй чи зоны,  уыдон æй рахонынц амондджын. Уымæн æмæ йæ цардæмбал Тамарæимæ схъомыл кодтой цыппар кæстæры, дыууæ фырт æмæ дыууæ чызджы. Сæ кæстæртæй æртæйæн скодтой чындзæхсæвтæ æмæ сын хъомыл кæнынц авд хъæбулы хъæбул.

Эгнат райгуырд æмæ схъомыл Зары хъæуы. Скъола дæр каст ам фæцис. Цалынмæ йæ дыууæ хистæр æфсымæры Советон Æфсады рæнхъытæм нæ ацыдысты, уæдмæ къласы уыд хуыздæр ахуыргæнинагыл нымад. Æфсымæрты куыстыты фылдæр хай мад æмæ фыд бакодтой Эгнаты бæрны æмæ бæргæ архайдта, цæмæй æххæст кæна йæ ныййарджыты хæслæвæрдтæ дæр æмæ, цæттæ кæна йæ уроктæ дæр, фæлæ-иу куыстыты афтæ бафæллад, æмæ-иу арæх йæ уроктæ аразгæ-аразын фынæй дæр бацис.

Кæд Эгнатæн скъолайы фæстæ йæ фæнд уыд уæлдæр ахуырдзинад райсын, уæддæр æм Советон Æфсады рæнхъытæм куы æрсидтысты, уæд йе ‘мбæстагон хæс бафидынмæ нæ базивæг кодта. Хъæддых, ирон лæппу йæ хæстæ æххæст кæнынмæ æрæвнæлдта йæ командирты æппæт домæнтæм гæсгæ. Арæх-иу цалдæр боны кæнинæгтæ иу бонмæ дæр бакодта. Цæсгомджынæй кæй службæ кодта, уымæн та æвдисæн сты йæ бирæнымæц хорзæхтæ æмæ арфæйы гæххæттытæ дæр.

Эгнат Советон Æфсады рæнхъыты йе ‘мбæстагон хæс фыста æртæ азæй фылдæр æмæ уыцы азты иунæг бæрæгбонон мадзал дæр нæ ацыдаид, цыран Эгнатæн хорзæх ма радтаиккой, кæннод та ма ракодтаиккой йæ хорзы кой. Йæ райгуырæн хъæу, Ирыстонмæ куы здæхт, уæд æй йæ командиртæ бæргæ урæдтой. Дзырдтой йын, зæгъгæ, дæ хуызæн хъæддых æмæ ныфсхаст хæстонтæ тынг хъæуынц не ‘фсады. Йæхимæ дæр уыд йе ‘фсæддон хъуыддаг акæныны хъуыды, фæлæ йыл, куыдфæстагмæ, фæтых бинонтæ, Ирыстонмæ уарзондзинад æмæ æрыздæхт, бирæ кæй мысыдис уыцы хъæу æмæ адæммæ.

Эгнат ацæуинаг никæдæм уыд, фæлæ куы федта, сæ хъæу куыд рæзы, йæ арæнтæ уæрæхдæр кæнынц, уæд сфæнд кодта, цæмæй уый дæр сараза хæдзар. Йæ фыд Никъалаимæ дæр аныхас кодтой ацы фарстыл æмæ аскъуыддзаг кодта, цæмæй ацæуа Цæгат Ирыстонмæ, ссара куыст æмæ самал кæна фæрæзтæ. Куыст агурыныл Эгнат бирæ рæстæг нæ бахардз кодта. Куыст уыд уæззау, фæлæ дзы иста хорз мызд. Эгнаты дæр хъуыд растдæр ахæм куыст æмæ райдыдта кусын. Уый фæстæ ма ссардта æндæр куыст дæр, Цæгат Ирыстоны цы æфсæддон хæйттæ уыдис, уым, æмæ уыцы куыст та æххæст кодта сæйраг куыстæй сæрибар рæстæджы.

Дыууæ куыстæй дæр рухс кодта Эгнаты зæрдæ, буц æмæ дзы сæрыстыр уыдысты куыстуæтты разамонджытæ æмæ командæгæнджытæ. Иу фæлтæр ын, дыккаг куыст цы æфсæддон хайы æххæст кодта, уый командир афтæ зæгъы, зæгъгæ, нæ дæ фæнды цалдæрмæйон æфсæддон ахуыргæнæндонмæ ацæуын. Эгнатæн уый кæд бынтон æнæнхъæлæджы уыд, уæддæр, раст цымæ цæрæнбонты йæхæдæг дæр ууыл хъуыды кодта, уыйау бацин кодта.

Эгнат Бакуйы цалдæрмæйон æфсæддон ахуыргæнæндон каст фæуыны фæстæ кæстæр лейтенанты цинимæ æрыздæхт Дзæуджыхъæумæ. Æрыздæхт, фæлæ уæдмæ, цы æфсæддон хайы куыста, уый акодтой Дард Скæсæнмæ. Эгнаты дæр бахъуыд уырдæм ацæуыны сæр. Ацыд, æмæ райдыдта йæ хæстæ æххæст кæнын. Йæ улæфты рæстæджыты та-иу æрцыд Зармæ. Йæ фыдæн-иу феххуыс кодта хæдзар аразынæн æмæ та-иу фæстæмæ аздæхт. Бинонтæ дæр æркодта. Уæдмæ фехæлд Советон Цæдис. Уыцы азты Эгнат уыд радон улæфты Дзæуджыхъæуы. Иу бон æм фæуазæг сты йæ хъæуккæгтæ, кæимæ схъомыл, æфсымæрон ахастытæ йын кæимæ уыд, уыцы Тыджыты Альберт  æмæ  Гиви. 

– Эгнат! Дæхæдæг æнæзонгæ нæ дæ абоны уавæр. Дæ бæстæ æмæ дæ адæмы хъæуы де ‘ххуыс, æмæ…

Эгнат хъуыддаг бамбæрста æмæ кæд æнцон аскъуыддзаггæнæн нæ уыд, уæддæр скъуыддзаг æрцыдис æмæ Альберт æмæ Гивиимæ æрыздæхт Зармæ.

Уæдæй рацыд бирæ рæстæг. Рæстæг йæхæдæг хорзæрдæм фæивта. Бирæ зынтæ бавзæрста Эгнат гуырдзиаг фыдгæнджытæй Ирыстоны хъæутæ, ирон адæмы хъахъхъæнгæйæ, фæлæ фæсмон никуы ницæуыл бакодта…

Нæ бакодта, фæлæ афтæ зæгъæм, æмæ ныр алцæмæй дæр рухс кæны йæ зæрдæ, уый зæгъæн нæй. 78-аздзыд нæлгоймаг ныр цалдæр аз йæ царды бонтæ æрвиты иунæгæй…                                                                                             

Гæззаты Иван

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.