Хуссар Ирыстоны алы хъæуæн дæр ис йæхи рæсугъддзинад æмæ хъæздыгдзинад. Рæсугъд, аив æмæ фидыцджын сты, æрдз ын цы зæрдæмæдзæугæ фæлгонцтæ ныххæлар кодта, уыдонæй. Сæ хъæздыгдзинад та фылдæр кæнгæ у сæ тæхудиаджы æмбæстæгтæй. Йæхирдыгонау зæрдæмæдзæугæ æмæ номдзыд хъæуыл нымад у Цхинвалы районы Дампъалеты хъæу дæр.

 Ацы хъæуы йæ рæзгæ цард арвыста, æппæт йæ тыхтæ æмæ хъару, йæ бирæ зонындзинæдтæ нæ хæлæг кодта йæ иубæстон адæмæн Цхуырбаты Иван Алыксандры фырт. Уый йæ чысылæй фæстæмæ бирæ хъизæмæрттæ æмæ фыдæбæттæ бавзæрста, фæлæ уыцы зындзинæдтæ ницæмæ æрдаргæйæ, йæ сабийы бонтæй фæстæмæ цыд раст, тæхудиаджы рæсугъд фæндагыл æмæ дзы никуы фæиппæрд йæ царды кæройнаг бонтæм. Хорз адæймаг æмæ куырыхон хистæрæн схонæн ис, царды алы фæзилæнты дæр йæхицæн ном чи скæны, йæ радтæг адæмæн лæггад кæныныл йæ уд чи фæхъары æмæ тæхудиаджы зæнæг кæй фарсмæ æрлæууынц, ахӕмы.

Хъæууон зæрдæргъæвд лæппу тырныдта зонындзинæдтæй йæхи схотыхджын кæнынмæ. Рабфак каст куы фæци, уæд æрлæууыд ахуыргæнæг-хъомылгæнæджы арфæйаг куыстыл. Кæстæртæн йæ зонындзинæдтæ нæ хæлæг кодта, амыдта сын хими, биологи æмæ немыцаг æвзаг. Хорз зыдта ирон литературæйы бындурæвæрæг Хетæгкаты Къостайы æмдзæвгæтæ, афтæ ма уырыссаг къласикты уацмыстæ. Æфсады йе ‘мбæстагон хæс æххæст кодта Минскы горæты, фæлæ уæдмæ райдыдта Стыр Фыдыбæстæйон хæст æмæ йæ хайбавæрд бахаста не стыр Уæлахизмæ. Йæ райгуырæн хъæумæ сæрæгасæй æрыздæхт 1945 азы æмæ йæ амонд баиу кодта йæхиау куыстуарзаг сылгоймагимæ. Дыууæ уарзæгой уды амондджын фесты зæнæгæй – а-дунемæ сын рантыст æхсæз чызджы æмæ иу лæппу. Зæнæг се ‘ппæт дæр райстой уæлдæр ахуырад æмæ сæхæдæг дæр баисты кæстæртæ æмæ уыдон кæстæрты хъомылгæнджытæ.

Сæрмагондæй мæ радзурын фæнды Алыксандры зæнæгæй Нинæйы тыххæй. Зæрдæргъæвд уыд ахуырмæ, иттæг хорз нысæнттыл каст фæци Цхинвалы скъола-интернат. Скъолайы ахуыры рæстæджы уæлдай тынгдæр уарзта хими æмæ биологийы предметтæ, хорз рæхст хуыйынмæ дæр. Йæ иууыл стырдæр бæллиц уыд  дохтыр суæвын, фæлæ уæддæр судзины сынчытæ æввахсдæр уыдысты зæрдæмæ æмæ уый адыл 1974 азы каст фæци горæт Ригæйы карцкæрдæг-модельеры уæлдæр скъола,  райста бæрзонд квалификацийы дæсныйад. Уый фæстæ та уæлдæр ахуырад райста Хуссар Ирыстоны паддзахадон пединституты хими-биологийы факультеты. Цхуырбаты чызг ныр уæндонæй бакъахдзæф кодта, йæ зæрдæйы арфы чи æрбынат кодта, уыцы уарзон дæсныйадыл кусын æмæ фæллой кæнын. 1997 азмæ куыста Цхинвалы цæрджыты цардуагон лæггæдты управленийы, райдианы уыд хуыйæг-модельер, уый фæстæ разамынд лæвæрдта Модæты ательейæн æмæ стæй та директорæй куыста цардуагон лæггæдты хæдзары. Ацы бынæтты фæллой кæнгæйæ, уымæй алы хатт дæр райгонд уыдысты йæ дæлдæр кусджытæ, семæ ардта иумиаг æвзаг, уыд ын уæздан ахаст, фæлæ уыимæ иумæ куысты размæцыды тыххæй та домаг разамонæг. Ирон сылгоймаджы иууыл хуыздæр миниуджытæй хайджын у Нинæ – уæдæ йæ ацыд æмæ йе ‘рбацыд, йæ дзыхы ныхас, йæ æнувыд ахаст алфæмбылай адӕммӕ кæддæриддæр хæссынц æхцондзинад, алчи дæр дзы баззайы разыйæ. Мемæ фембæлгæйæ мын цы бахæс кодта, уымæй дæр бæрæг у, искæй бафхæрын кæнæ фæхъыг кæнын йæ туджы кæй нæй. Разамонæджы куыст афтæ домы, æмæ кæмдæр куыстуаты размæцыды тыххæй дæрзæг ныхас дæр вæййы. Уыцы цау  абоны бон дæр Нинæйы зæрдæйæ нæ рох кæны  æмæ курæг уыд, цæмæй йын уыцы адæймаг ныххатыр кæна.

Цхуырбаты Нинæ йæ сæйраг куыстæй дарддæр зæрдиагæй æххæст кодта æхсæнадон хæстæ дæр æмæ уыдон та дзæвгар уыдысты. Цæвиттон, 17 азы уыд горæты цæрджыты цардуагон лæггæдты управленийы фæскомцæдисон организацийы нымæрдар, æхсæз азы бафæллой кодта ацы управленийы райдиан партион организацийы нымæрдар æмæ хæдивæгæй. Уый фæстæ та 18 дæргъвæтин азы æвзæрст уыд Цхинвалы горæтон æмæ Хуссар Ирыстоны областон Советы æппæт æрсидтыты адæмон депутатæй. Цалдæр азы бафæллой кодта профцæдисы  горкомы бынæттон сæудæджерад æмæ коммуналон-цардуагон куыстуаты æнæштатон сæрдарæй, фондз азы та уыд Цхинвалы горæты партион организацийы фыццаг нымæрдар, уыд ма Хуссар Ирыстоны Компартийы нымæрдар дæр. Кæй зæгъын æй хъæуы, алы уагдон æмæ куыстуаты кусджытимæ хъуыд иумиаг æвзаг арын æмæ уыдæттæ зæрдыл даргæйæ, Нинæ архайдта, куысты æнтыст къухты куыд хуыздæр бафтдзæн, уыдæттыл. Йæ разæнгардгæнаг ныхас ын сæ зæрдæмæ арф истой кусджытæ æмæ тырныдтой сæ хистæры фæдзæхстытæ тагъддæр æмæ хуыздæр æххæст кæнынмæ.

Цхуырбаты Нинæ ма уыд Хуссар Ирыстоны Парламенты дыккаг æрсидты депутат, уыцы-иу рæстæджы уыд Цæрджыты социалон хъахъхъæнынады управленийы хистæр дæр. Депутаты раз цы ахсджиаг хæстæ лæууы, уыдæттæ зæрдыл даргæйæ, Нинæ алы хатт дæр æнувыдæй размæ кодта æмбæстæгты скъуыддзаггæнинаг фарстатæ, куыста сыл зæрдиагæй æмæ дзы разы уыдысты  йе взарджытæ дæр. Зындгонд куыд у, афтæмæй зæрæдтæ æмæ æвæгæсæг адæймæгты хæдзар Цхинвалы басыгъд хæсты рæстæджы æмæ уæд Нинæ æндæр æмæ æндæр инстанцитæм фыста бирæнымæц куырдиæттæ. Фæлæ цалынмæ пансионат сæндидзыдтаид, уæдмæ æвæгæсæг зæрæдтæн хъуамæ уыдаид, сæ рæстæг кæм æрвыстаиккой, ахæм бынат. Уæд Нинæ бахатыд РЦИ-Аланийы йæ коллегæ Тугъанты Ларисæмæ, уый бамбæрста тыхст адæймæгты уавæр æмæ сын рахицæн кодта бынат Цæгат Ирыстоны. Уымæй дарддæр ма уыцы тыхст рæстæджы скъуыддзаг кæнын бахъуыд  æндæр проблемæ дæр. Цæвиттон, фесты медикты социалон экспертизæйы хыгъдон бланкты фæсауæрцтæ (æнæ уыдонæй та инвалидтæн не сбæлвырд кодтаиккой сæ уæззау низ). Бланктæн райсæн уыд æрмæстдæр Уæрæсейы Федерацийы Фæллой æмæ социалон размæцыды министрадæй. Фæлæ 1998 азы Хуссар Ирыстон нæма схызт уыцы æмвæзадмæ, Мæскуымæ командировкæйы арвитынæн ацы фарстайы фæдыл та нæ уыд фадат. Уæд Нинæ йæхи чысыл мыздæй ацыд фарст æрбæстон кæныны тыххæй. Куыд радзырдта, уымæ гæсгæ йæ министр Сергей Калашников райста тынг хорз, байхъуыста йæм лæмбынæг æмæ йын ныфс бавæрдта, мæйы фæстæ кæй æрцæудзæн Дзæуджыхъæумæ æмæ уыцы фарстайыл  кæй бауынаффæ кæндзысты, уый тыххæй. Æцæгдæр, 1998 азы С. Калашников, РЦИ-А-йы Президент Дзасохты А., Тугъанты Л., Хуссар Ирыстоны Президент Цыбырты Людвиг æмæ Цхуырбаты Нинæйы фембæлд радта йæ хорз фæстиуæг æмæ Хуссар Ирыстонæн бланктæ рахицæн кодтой. Дарддæр 2000 азы ноябры мæйы пансионат Цхинвалы байгом æмæ цæттæ уыд æвæрæз æмæ мæгуыр æмбæстæгты райсынмæ. Тугъанты Ларисæ йе ххуысы хай бакодта ацы пансионатæн, йæ аудындзинады фæрцы уый баххæст æрцыд цæрыны уавæртæн æппæт æнæмæнгхъæуæг дзаумæттæй.

 Цхуырбаты Нинæ йæ  бирæазон намысджын фæллойы тыххæй хорзæхджын  æрцыд Кады грамотæтæ æмæ майдантæй. Цхуырбиан дарддæр дæр йæ арфæйаг куыст кæны, йæ бирæ зонындзинæдтæ кæстæртæн амоны Цхинвалы бирæпрофилон колледжы.

ХУЫБИАТЫ Никъала

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.