Майы мæйы кæрон скусдзæн Къостайы хъæуы Тедеты бинонты улæфæн комплекс

 

«Шад» – ахæм ном сывæрдта Тедеты Тамаз цады был улæфæн зонæйыл. Æнæуи дæр ацы былгæрон уыд Цъунары хъæу æмæ йæ алфæмблай цæрджыты, уарзон бынат. Сæрдыгон бонты йæ алыварс фæулæфынц адæм. Кæсагахсджытæ æрбацæуынц æмæ сахатгай фæбадынц, донмæ кæсгæйæ – сабыр кæнынц сæ ныуæртты равг. «Гыццыл куы уыдтæн, уæд ме ‘мгæрттимæ æппынæдзух ардæм цыдыстæм, нæ уарзондæр бынат уыд. Советон дуджы нæ уазджыты æмæ туристты дæр-иу  æркодтой цадмæ. Хъуыды ма йæ кæнын, бæлцæттæ-иу куыд дис кодтой æрдзы рæсугъддзинадыл. Гъеуæд фæзынд уыцы бæллиц, ацы бынаты улæфæн индрустрийы центр саразын», – зæгъы Тамаз.

«Шад» нырма «улæфæн индустрийы центрæй» дард лæууы. Фæлæ ныридæгæн улæфæн зонæйы арæзт æрцыд цалдæр мæнгагъуысты. «Уазджытæн сырæзтам волейболæн фæзуат, найæн бынат, хъеллаугæнæнтæ, уырыссаг абана. Хæдзарон карк, бабызтæ, тæрхъусы фыдæй – физонæгæй аминас кæныны фадат уыдзæн, «Шад»-мæ улæфынмæ чи æрбацæуа, уыдонæн», – загъта Тамаз.

Улæфæн комплекс «Шад»-æн Тедеты бинонтæ нырма дыууæ азы размæ æрæвæрдтой бындур, фæлæ сын æнтысгæ бирæ бакодта. Фидæны уыдон хъавынц ацы бынаты уазæгдон саразын, цæмæй уазджытæн фадат уа ам æхсæвиуат кæнынæн. «Ацы бынаты цы рæсугъддзинæдтæ ис, уыдон хъуамæ зоной Уæрæсе æмæ ма иннæ Фæсарæйнаг бæстæты цæрджытæ дæр. Ныртæккæ нæ улæфæн зонæйы ис хорз уавæртæ сыгъдæг арвы бын тренировкæтæн. Фæлæ мæ фæнд у, цæмæй ацы бынаты сырæза, спортсментæ сбортæ кæм уадзой, ахæм бынат. Хæстæг хъæуты балхæнæн уыдзæн экологон æгъдауæй сыгъдæг продукттæ. Ивгъуыд азты нæм арæх цыдысты арæнхъахъхъæнæг заставæты службæгæнджыты бинонтæ. Уыдон æрбацæуынц райсом æмæ изæрмæ фæирхæфсынц сæ сывæллæтты. Найæн бынат арф нæу æмæ дзы æдæрсгæ фæнайынц».

Тедеты Тамаз йæ бинонтимæ  цады былгæронæй арендæйы райста 1,400 метры дæргъæн. Ныртæккæ дзы цы ирон къæбиц ис, уым нозт уæййаг нæй, æрмæстдæр бæгæны. «Адæм хъуамæ сахуыр уой æнæ нозтæй улæфын. Стæй ма архайдзыстæм, цæмæй ардæм улæфынмæ чи цæуы, уыдон сæ фæстæ æфснайой сæ бырон. Мах ма хъавæм саразын ахæм уавæртæ, цæмæй афæдзы алы афон дæр фадат уа цады былыл баулæфынæн. Уалдзæг æмæ фæззæджы ам æрбынат кæнынц алыгъуызон рæсугъд мæргътæ. Нæ зæрды ис æмбæлон структурæты æххуысæй тобæ сæвæрын сæ марыныл. Цуанонтæ хърихъуппыты æмæ пеликанты фæцæгъдынц. Æмæ уыдон дæр иу цасдæр рæстæг нал æрбатæхынц. Маргъ у æрдзы рæсугъдгæнæг, хъæуы сæ æрцахуыр кæнын», – зæгъынц Тедеты Тамазы бинонтæ.

Улæфæн зона «Шад»-ы ма фидæны хъавынц ноджыдæр велофæндаг саразынмæ. Уадз æмæ фæсивæд цайдагъ кæнæнт æнæниздзинады уагыл. Ныртæккæ бынæттон хъæдæрмæгæй аразынц ресторан. Бæстон сахуыр кодтой япойнаг технологи, æмæ уымæ гæсгæ хъæдырмæг бавæрынц пецы стыр температурæимæ. Уый фæстæ йæ лакæй сахорынц æмæ рацæуы диссаджы рæсугъд.

Кæддæр цады алфæмблай алыхуызон быронæй нæ зынд. Ныр улæфæн зонæ   цæхæртæ скалдта. Ам, Тедетæ ауагътой алы кæсаджы мыггаг. Катамарантыл чи тезгъо кæны доны, уыдонмæ сæ хъус дарынц ирвæзынгæнджытæ.

Арендатор зæгъы ацы бынат 2030 азмæ кæй райста арендæйы паддзахадæй æмæ дзы кæй хъавы дзæнæттаг бынат саразын.

УАЗÆГТЫ Марфа

Добавить комментарий

Ваш адрес email не будет опубликован. Обязательные поля помечены *

Этот сайт использует Akismet для борьбы со спамом. Узнайте, как обрабатываются ваши данные комментариев.