Хуссар Ирыстоны цæрджытæ бирæ хъизæмæрттæ æмæ зындзинæдтæ бавзæрстой гуырдзиаг тыхæйисджыты ‘рдыгæй. Æхсæв æмæ бон нал хицæн кодтой сабырадуарзаг адæм, æдзухдæр уыдысты уæззау фыдæвзарæнты, æрмæстдæр ма хъуыды кодтой, нæ зæххыл кæд æрбынат кæндзæн сабыр цард, кæд фервæздзысты сæ æнæкæрон дудгæбæттæ æмæ мæстытæй. Æрмæст ма се скаст уыд Стыр Уæрæсемæ, йæ раст рахæсгæ тæрхонмæ.

Æмæ æрлæууыд, сæ æгæрон цины малы кæй фæрцы сулæфыдысты, царды рухсы цъыртт сæм кæй фæрцы æрбаулæфыд, уыцы æнæферохкæнинаг æмæ зæрдылдаринаг бон.

Растæндæр уæд, 1992 азы 14 июлы нæ адæмыл айхъуыст, цы æхсызгон цаумæ æнхъæлмæ кастысты, сæ риссаг фарст скъуыддзаг кæй фæрцы хъуамæ æрцыдаид, уыцы фидауынгæнæг тыхты æрцыд. Цины цæссыгтæн уромæн дæр нал уыд, адæм сыл æмбæлдысты æхсызгондзинады æнкъарæнтæ æмæ арфæтимæ, кодтой сын хъæбыстæ, хастой сæм хуынтæ. Уыцы бонæй нæ зæххыл æрбынат кодтой фидауынгæнæг тыхтæ æмæ нæ адæмæн фенцондæр, сæ ацæуæнтæ фæуæгъддæр сты. Кæй зæгъын æй хъæуы, уæддæр бынтон сæрибарæй нæ цыдысты сæ фæндагыл, уымæн æмæ уæддæр гуырдзиаг лæгсырдтæ æнцад нæ бадтысты, нæ сын уыд æнцойад, архайдтой ирон адæмæн исты знаггад ракæны-ныл, æмæ сын æнтысгæ дæр кодта.

Гуырдзиаг æнæформалтæ иу æмæ дыууæ хатты нæ равдыстой сæ фыдархайдтытæ, мардтой нын нæ сабыр адæмы. Фæлæ уæддæр 2008-æм азы августы цы  хæст самадтой, уый уыд историйы иууыл æбуалгъдæр. Сыгъд нæ горæт, сыгъдысты хъæутæ, адæймаг зонгæ дæр нал бакодтаид, ацы бынæтты ма цæрæн хæдзæрттæ уыд, уый. Фæлæ уæддæр царды иууыл сæйрагдæр адæймаг у, æмæ абон дæр зæрдæ ныккæрзы, лæгмарты къухæй цас æнæаххос æмæ сабыруарзаг æмбæстаджы бабын, уыдæттыл хъуыды кæнгæйæ.

Кæнæ къаддæр маст бавзæрстой сæ хиуæттæ æмæ Хуссар Ирыстоны адæм, Фидауынгæнæг тыхтæм куы бабырстой æмæ сын сæ цард куы фескъуыдтой, уæд? Уыдон хъахъхъæдтой адæмы æнцойад, сæ архайд уыд, цæмæй нæ зæххыл æрбынат кодтаид сабыр цард æмæ адæмты ‘хсæн уыдаид хæлардзинад, фæлæ уыцы хъуыддаг къух нæ лæвæрдта знагæн æмæ бакодта йæ саувæнд.

Боныфæстагмæ, Хуссар Ирыстоны сабыруарзаг адæм фервæзтысты знагæй æмæ æрлæууыдысты сæ сомбоны рæсугъд æмæ амондджын царды фæндагыл. Кусынц æмæ фæллой кæнынц адæмон хæдзарады хицæн къабæзты, сæндидзыдтой пырх хæдзæрттæ, куыстуæттæ æмæ уагдæттæ. Уыцы хорздзинæдтæ та, сæйраджыдæр, сты Стыр Уæрæсейы аудындзинад æмæ æххуысы фæрцы. Фидауынгæнæг тыхты æрцыд дæр Уæрæсейы фæрцы уыд æмæ сын се ‘ппæт хорздзинæдтæ ирон адæм кæддæриддæр дардзысты сæ зæрдыл.

                                                             ХУЫБИАТЫ Никъала

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.