1992 азы 14-æм июль хуссарирыстойнаг адæмы историмæ бацыд куыд ирвæзынгæнæн ахсджиаг нысаниуæгджын бон, афтæ. Рацыд 30 азы, фæлæ уыцы трагикон азты цаутæ нæ зæрдыл лæууынц, раст цыма знон уыдысты, уыйау. Уыцы азты хъизæмæрттæ йæхиуыл чи бавзæрста, уыдон сæ никуы ферох кæндзысты, цалынмæ цæрой, уæдмæ. Абоны онг дæр бирæтæ æхстыты хъæр куы фехъусынц æфсæддон ахуырты рæстæджы, уæддæр сæ зæрдæтæ сæнкъуысынц, сног та сын вæййынц уыцы азты æвирхъау цаутæ æмæ та сæ цæстытыл кинонывтау ауайынц.

1992 аз, июнь… дæргъвæтин рæстæджы дæргъы Цхинвал æппынæдзух ис æхстыты бын, æхсынц тугмондаг сырдтæ горæты алы къуыммæ дæр, нæмыг кæуылфæнды сæмбæлæд, фæнды сывæллоныл, фæнды – сылгоймагыл, кæнæ зæронд адæймагыл, уæлдай сын нал уыд лæгсырдтæн, сæ фæнд уыд æрмæстдæр ирон адæмы ныццæгъдын, фылдæр дзы скуынæг кæнын. Горæты сæрмæ хъæды æрбынат кодтой ныхмæлæууæджы снайпертæ, кæцыты къухæй фæмард æмæ фæцæфтæ сты бирæ адæм. Иу уынгæй иннæ уынгмæ ахизæнтæ дæр нал уыд, горæт хуыдуг кодта… Уазал, æххормагдзинад, мæлæтхæссæг тасдзинад, алыварсон блокадæ, уыцы нымæцы информацион блокадæ дæр. Чысылнымæц ирон адæм фæдисы хъæр кодтой, фæлвæрдтой дунеон æмæхсæнадæн фе-хъусын кæнын Гуырдзыстоны фашистон режим, йæ сæргъ Гамсахурдия, афтæмæй ирон адæмæн радон хатт геноцид кæй аразынц, уый,  фæлæ сын сæ тыхст хъæр ничи хъуыста.

Гуырдзиаг-ирон конфликты рæстæджы фыццаг дыууæ азы фæстиуæг у ахæм: фæмард 1000 адæй-магæй фылдæр, фæцæфтæ сты 3500 адæймаджы, æбæрæгæй фесæфтысты 112 адæймаджы. Сæ цæ-рæн бынæттæ ныууагътой æмæ Хуссар Ирыстонæй ацыдысты 12861 адæймаджы. Гуырдзыстоны мидæг-гагон районтæй ралыгъдысты 100 мин адæймаджы, басыгътой 117 ирон хъæуы. Цхинвалы ныппырх кодтой 1800 хæдзары. Цхинвалы национ бангæй адавтой 4,2 милуан сомы (1992 азы æргътæм гæсгæ). Знауыры бангæй та – 2,5 милуан сомы æмæ афтæ дарддæр. Специалистты хатдзæгтæм гæсгæ, 1992 азы гуырдзиæгтæ цы зиæнттæ ракодтой, уыдоны иумиаг аргъ у 34,2 миллиард сомы.

Кæд уыцы рæстæджы Уæрæсейы адæм æмæ къухдариуæгадæн сæхицæн дæр хуыздæр рæстæджытæ нæ уыдысты, уæддæр УФ-йы хицауады бирæ уыд растхъуыдыгæнæг адæймæгтæ æмæ бауырнын кодтой УФ-йы президент Барис Ельцинæн, цæмæй баххуыс кодтаид æфхæрд ирон адæмæн. Уыимæ, Цæгат Ирыстоны æхсæнадон æндыгъддзинад тых-джындæр кодта, арæзт цыдысты бархионты къордтæ, кæцытæ хицауадæй домдтой хæцæнгарз. Йæ рады, Цæгат Ирыстоны лидертæ централон хицауадæй домдтой æвæстиатæй мадзæлттæ райсын. Цæгат Ирыстоны Уæлдæр Советы æмæ Министрты Советы фехъусын кодтой Ирыстоны цæгат æмæ хуссар хайы парламентты иумиаг рабадт ауадзынмæ цæттæ кæй сты, уый тыххæй.  Уыдон банысан кодтой, зæгъгæ, ахæм рабадты гæнæн ис расидт æрцæуа иугонд хæдбар паддзахад Алани. Æмæ йæм, уый фæстиуæгæн æппынфæстагмæ, бирæ тухитæ бавзарæг ирон адæмы тыхст хъæр фехъуыст. 1992 азы 24 июны горæт Сочийы УФ-йы президент Барис Ельцин æмæ Гуырдзыстоны сæргълæууæг Эдуард Шеварднадзе сæ къухтæ æрфыстой Бадзырдыл (Дагомысы бадзырд кæй хонынц, уый – Хуссар Ирыстоны зæххмæ фидауынгæнæг тыхты æрбаконды тыххæй). О, къухтæ æрфыстой Бадзырдыл, фæлæ гуырдзиаг абырджытæ ноджы тынгдæр æхсын райдыдтой горæт, районты, хъæуты. Республикæ Хуссар Ирыстоны Уæлдæр Советы Сæрдар Хъуылымбегты Торез фæдисы хъæр кодта Уæрæсейы хицауадмæ, цæмæй æвæстиатæй æххæст æрцыдаиккой Дагомысы бадзырдты пункттæ. Æнæуый дæр чысылнымæц ирон адæмæн бонæй-бон къаддæр кодта сæ нымæц, æрвылбон дæр уыд цæфтæ æмæ мæрдтæ.  Æхстой цыппарæрдыгæй – Тамарес, Прис, Эргнет æмæ Никозæй. Æмæ та ноджы иу æгъуыс-сæг æхсæв. Æрмæст 12 июлы Тамаресмæ æввахс фæмард авд ирон лæппуйы æмæ 42 та фесты цæфтæ. Адæм æнæрхъæцæй æнхъæлмæ кæсынц фидауынгæнджыты æрбацыдмæ. «Уæд та ма байрæджы кодтой, æмæ уыдоны æрбацыдмæ горæт штурмæй систой гуырдзиæгтæ», – катайгæнгæ дзырдтой адæм.

Сочийы Бадзырдты историйæ

24-æм июны 30 азы сæххæст Сочийы бадзырдтыл. Хуссарирыстойнаг делегацийы сконды уыдысты фондз адæймаджы – Хъуылымбегты Торез, Тезиаты Олег, Хуыбылты Валери, Цоциты Алан æмæ Коцты Станислав.  Уæрæсейы делегацийы сконды уыдысты Барис Ельцин, Александр Руцкой,  Филатов, Козырев, Грачев æмæ Ерин, цæгатирыстойнаг делегацийы  сконды – Галазты Æхсарбег, Хетæгкаты Сергей, Суанты Станислав, Хъантемыраты Георги, Бзæты Юри, Хъуысаты Таймураз; гуырдзиаг делегацийы сконды – Эдуард Шеварднадзе, Тенгиз Сигуа, Тенгиз Китовани, Александр Кавсадзе æмæ æндæртæ. «Бадзырдты рæстæджы Уæрæсе æмæ Цæгат Ирыс-тоны делегацитæ æрбадтысты фынджы иуфарс, Гуыр-дзыстон æмæ Хуссар Ирыстоны делегацийы та сбадын кодтой иннæ фарс. Фæлæ Хъуылымбегты Торез бынæтты равæрд куы федта, уæд ницы сдзырдта, афтæмæй демонстративонæй йæ бандоныл дарддæр ахæцыд æмæ афтæмæй фестад тымбыл фынджы сæрмæ. Уæд æз дæр мæ бандон йæ фарсмæ æрæ-вæрдтон. Мах бафæзмыдтой нæ делегацийы иннæ уæнгтæ дæр. Ацы хъуыддаг  нæ фæцыд  Уæрæсейы фæсарæйнаг хъуыддæгты уæды министр Андрей Козыревы зæрдæмæ, кæцыйыл ирдæй зынд гуырдзиæгты æвварс кæй уыд, уый, фæлæ йæ вице-президент Александр Руцкой æрсабыр кодта. Шевард-надзе æмæ Ельцины ‘хсæн Сразыдзинады проектыл уынаффæ цыд активонæй. Дисскуситы фæстæ Сразыдзинадыл  сæ къухтæ æрфыстой Барис Ельцин æмæ Эдуард Шеварднадзе», – дзуры йæ мысинæгты Коцты Станислав.

«Документыл  къух æрфыссын Гуырдзыстонæн хуымæтæджы нæ уыд. Иуæрдыгæй Шеварднадзейыл æндæвдад уыд Уæрæсейы къухдариуæгады ‘рдыгæй, иннæмæй та Гуырдзыстоны мидполитикон уавæр дæр стабилон нæ уыд. Дарддæр дæр архайдтой раздæры президент Гамсахурдиайы фарсхæцæг хотыхджын къордтæ. Ацы Сразыдзинадæй фыццаг рады æмбылдта Хуссар Ирыстон.

Сæйраг хатдзæг уыд уый мидæг, æмæ Республикæйæн фадат фæцис дунеон æмæхсæнады цæсты легитимацийæн, фыццаг рады документы ном – «Соглашение о принципах урегулирования грузино-осетинского конфликта»-йы фæрцы. Дагомысы фæстæ хуссарирыстойнаг фарс ссис æппæт политикон процессты æххæстбарджын хайадисæг, кæцытæ баст уыдысты конфликт æрбæстон кæнынимæ. Сразыдзинады фæрцы республикæ райста де-факто хицæн батальон техникæ æмæ хæцæнгæрзтимæ. Сразыдзинады текст уыд чысыл, æдæппæтæй иу сыф æмæ æрдæг, фæлæ йæ фæрцы 16 азмæ урæд æрцыд æргом ныхмæлæуд гуырдзиаг-ирон конфликты зонæйы.

Æмæ æрбалæууыд уыцы бон

1992 аз, 14 июль… кæд гуырдзиаг гварди йæ хæстон техникæ акодта Цхинвалы алыварсæй, уæддæр ма иугай æхстытæ хъуыстысты ТЭК-ы ‘рдыгæй. Фæлæ уыцы æхстытæй нæ фæтарстысты адæм æмæ рахызтысты уынгтæм. Фæндыд сæ сæ ирвæзынгæнджытыл хæларзæрдæйæ, цингæнгæйæ сæмбæлын, фылдæр адæм æрбамбырд 8-æм июны уынджы æмæ æнæрхъæцæй æнхъæлмæ кастысты фидауынгæнджыты æрбацыдмæ. Республикæ Хуссар Ирыстонмæ æрбацыдысты Фидауынгæнæг тыхтæ æмæ семæ æрбахастой сабырад, кæд сæртæг сабырдзинад уыд, уæддæр адæм нал цагъды кодтой дзыллон æгъдауæй. Уыцы бон адæм æнхъæлдтой, зæгъгæ, сæ хъизæмæрттæн кæрон æрцыд, фæлæ… Сæртæг сабырдзинад кæй уыд, уый тынг хорз æмбæрста ирон адæмы разагътайы фырттæй сæ иу –дзæнæты бадинаг Джыккайты Шамил. Мæнæ цы фыста уый йæ уацы газет «Южная Осетия»-йы 1992 азы 15-æм сентябры: «Æрцыд сæрибаргæнæг æфсад. Æфсад  реалон тых у. Хæцæнгарзы раз бамыр сты гуырдзиаг гæрзтæ. Хуыцау зæгъæд, цæмæй афтæ уа мыггагмæ. Мах хъуамæ ма æрсабыр уæм. Хъæуы хъуыды кæнын фидæныл. Цахæм уыдзæн, уый. Цы нæм æнхъæлмæ кæсы разæй? Цас рæстæг нæ хъахъхъæндзæн Уæрæсейы æфсад?». Куыд тынг æй æмбæрста куырыхон  лæг  ирон адæммæ разæй цы хъизæмайраджы бонтæ, мæйтæ, азтæ æнхъæлмæ кастысты, уыдоны тыххæй.

Фидауынгæнæг тыхтæ кадимæ сæ хæстæ æххæст кодтой 16 азы дæргъы, цалынмæ 2008 азы августы ирон адæмы ныхмæ «нæ хорзмæбæллæг» сыхæгтæ уæрæхмасштабон хæст нæ расидтысты, уæдмæ. 2008 азы августы тугуарæн хæсты дæр фыццаг цæф сæхимæ уæрæсейаг фидауынгæнджытæ райстой горæты æрбахизæны. Уыдон æхстой фæстаг нæмыджы онг, сæ казармæтæ абоны онг дæр лæууынц сæркъулæй æмæ пырхытæй. Тохты фыццаг сахатты фæмард сты 11 уæрæсейаг фидауынгæнæджы, ноджы ма 4 фидауынгæнæджы та фæмард сты фæстæдæр артиллерион æхстыты бын. Куыд нæ горæты Профцæдисты бæстыхайы бахизæны цы танкы мæсыг ис, уыйау фидауынгæнджыты казармæты дæр хъæуы бахъахъхъæнын музейон экспонатты хуызы. Уадз, æмæ Ирыстоны сомбоны фæлтæртæ зоной Фидауынгæнæг тыхты службæ-гæнджыты хъæбатырдзинæдты тыххæй. Фидауынгæнджыты  хуссарирыстойнаг адæм алыхатт дæр мысдзысты сæрыстырдзинады æмæ кады æнкъарæнтимæ, уымæн æмæ уыдон хуссарирыстойнаг адæмы бахызтой бынтон скуынæг кæнынæй.

ДЖИОТЫ Екатеринæ

 

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.