Сессийы куысты хайад райстой РХИ-йы Президент Бибылты Анатоли, РХИ-йы Хицауады Сæрдар Пухаты Эрик, РХИ-йы Сæйраг тæрхондоны Сæрдар Коцты Олеся, РХИ-йы Централон æвзарæн къамисы уæнгтæ, министрадтæ æмæ ведомствоты къухдариуæггæнджытæ, дзыллон информацион фæрæзты минæвæрттæ.

Регламентмæ гæсгæ сесси уагъта ног сæвзæрст депутатон корпусæй I æрсидты Парламенты депутат Уалыты Розæ.

Сессийы райдиан ныхасы рацыд РХИ-йы Централон æвзарæн къамисы сæрдар Плиты Беллæ. Уый æрæмбырдуæвджыты базонгæ кодта РХИ-йы VII æрсидты Парламентмæ æвзæрстыты фæстиуджытимæ.

Дарддæр æвзæрст æрцыдысты мандатон æмæ нымайæн къамисты уæнгтæ æмæ РХИ-йы Парламенты секретариат. Депутаттæ æмхъæлæсæй равзæрстой мандатон къамис, кæцыйы скондмæ бацыдысты Габатты Алан («Иууон Ирыстон»), Остъаты Роберт («Адæмон парти») æмæ Æлборты Алан («Ныхас»). Мандатон къамисы сæрдарæй æвзæрст æрцыд Габатты Алан, кæцы бакаст мандатон къамисы хыгъд.

Нымайæн къамис фидар æрцыд ахæм скондæй: Диакъонты Амиран («Адæмон парти»), Икъоты Витали æмæ Мулдарты Гарри («Иууон Ирыстон»). Нымайæн къамисы сæрдарæй æвзæрст æрцыд Диакъонты Амиран.

Парламенты секретариаты скондмæ бацыдысты Джиоты Еленæ («Иууон Ирыстон»), Уырыгаты Инал («Компарти») æмæ Тъехты Алан («Дзыллæйы иудзинад»). Секретариаты сæрдарæй та æвзæрст æрцыд Джиоты Еленæ.

Боны фæткмæ гæсгæ æвзæрст æрцыд Парламенты Сæрдар дæр.

Парламентаритæ спикеры бынатмæ раразмæ кодтой дыууæ кандидатурæйы, парти «Иууон Ирыстон»-ы лидер Татдаты Алан  æмæ парти «Ныхас»-ы депутат Бесаты Зитæйы.

Сусæг хъæлæсæппæрсты руаджы Парламенты Сæрдарæй æвзæрст æрцыд Тадтаты Алан – политикон парти «Иууон Ирыстон»-ы сæрдар, РХИ-йы Уæлвæткон уавæрты раздæры министр.

Мандатон къамисы сæрдар Диакъонты Амиран куыд фехъусын кодта, афтæмæй Тадтаты Аланы кандидатурæйы фарс рахæцыдысты 25 депутаты, иу та хъæлæс радта йæ ныхмæ. Бесаты Зитæйы пайдайæн хъæлæс радтой фондз депутаты, æртæ бюллетены уыдысты хæлд.

Тадтаты Алан раарфæ кодта депутаттæн, кæй йыл баууæндыдысты æмæ йæ Сæрдарæй кæй равзæрстой, уый сæраппонд. Уый ныфс бавæрдта, æнтыстджын куыстмæ цæттæ кæй у, уый тыххæй.

«Æз æппæт дæр араздзынæн æмæ тырндзынæн, цæмæй депутатон корпус æмгуыст кæна конструктивонæй. Æппæт фракцитимæ æнтыстджын куыстмæ æз цæттæ дæн. Стыр бузныг уын, кæй мыл баууæндыдыстут, уый тыххæй», – банысан кодта ног сæвзæрст спикер.

Дарддæр сесси уагъд цыд ног сæвзæрст спикеры сæрдариуæгадæй.

Сфидаргонд боны фæткмæ гæсгæ æвзæрст æрцыдысты Республикæ Хуссар Ирыстоны Парламенты Сæрдары хæдивджытæ. Сусæг хъæлæсæппæрты фæстиуæгæн фыццаг хæдивæджы бынатмæ æвзæрст æрцыд Парламенты раздæры Сæрдар Гасситы Петр. Йæ кандидатурæйы фарс рахæцыдысты 26 депутаты.

РХИ-йы Парламенты Сæрдары хæдивджытæй æвзæрст æрцыдысты Плиты Александр («Адæмон парти») æмæ Челæхсаты Владимир («Дзыллæйы иудзинад»), кæцыты пайдайæн хъæлæс радтой 25 æмæ 20 депутаттæ.

Сессийы рæстæджы раныхас кодта Президент Бибылты Анатоли. Уый бузныджы ныхæстæ закъта Централон æвзарæн къамисы уæнгтæн  сæ бакæнгæ куысты сæраппонд.

«Кæд Централон æвзарæн къамисы критикæ кодтой, уæддæр уый йæ куыст бакодта Хуссар Ирыстоны Конституци æмæ закъæттæм гæсгæ. Централон æвзарæн къамисы алы уæнг дæр куыста ууыл, цæмæй æвзæрстытæ ацыдаиккой закъонмæ гæсгæ, кæцытæ бæрæг кæнынц Централон æвзарæн къамисы куыст», – загъта Бибылты Анатоли.

Президент бузныджы ныхæстæ загъта æхсæзæм æрсидты Парламенты депутаттæн дæр. Уый банысан кодта, зæгъгæ, фæстаг рæстæджы æххæстгæнæг æмæ закъондæттæг хицауиуæгадты ‘хсæн уыд æххæст кæрæдзиæмбарынад нормативон-барадон акттæ аразын  æмæ закъæттæ исыны фæдыл.

Бибылты Анатоли раарфæ кодта æвдæм æрсидты Парламенты депутаттæн дæр, кæй сæ равзæрстой, уый тыххæй.

«Ныфс мæ ис, æвдæм æрсидт куыстхъом кæй уыдзæн, уымæй. Куыд раздæры æрсидтыты, афтæ ацы æрсидты Парламенты дæр ис республикæйы патриоттæ, кæцытæ зонынц сæ адæмы проблемæтæ. Уырны мæ, æвдæм æрсидты Парламенты депутатты куыст здæхт уыдзæн Хуссар Ирыстоны адæмы цард фæхуыздæр кæнынмæ», –  загъта Президент.

Бибылты Анатоли ма банысан кодта, æххæстгæнæн хицауиуæгады сæргълæууæг цæттæ кæй у депутатон фракцитæй алкæимæ дæр, æппæт политикон тыхтимæ æмæ хæдбарæй сæхи раразмæгæнджытимæ æнгом æмкуысткæнынадмæ, кæцытæ бацыдысты РХИ-йы Парламентмæ.

Ууыл йæ куыст фæцис РХИ-йы Парламенты фыццаг сессийы фыццаг рабадт.

Сессийы дыккаг хай ауагъдæуыдзæн 26 июны. Уæд та æвзæрст æрцæудзысты профилон комитеттæ æмæ парламентон къамисты сæрдæрттæ.

ТАДТАТЫ АЛАНЫ АВТОБИОГРАФИ

Тадтаты Алан райгуырд 1969 азы Знауыры районы Уæллаг Дуаны хъæуы. 1986 азы каст фæцис Цхинвалы 5-æм астæуккаг скъола. 1988 азæй 1990 азмæ службæ кодта ССР Цæдисы Гарзджын тыхты.

1992 азæй 1998 азмæ службæ кодта Цæгат Ирыстон – Аланийæ Фыдауынгæнæг тыхты взводы командиры хæдивæджы бынаты.

1998 азæй 1999 азмæ куыста РХИ-йы Мидхъуыддæгты министрады баиугæнд «Охрана»-йы централизацигонд хъахъхъæныны пункты хистæрæй.

1999 азæй 2000 азмæ уыд РХИ-йы Мидхъуыддæгты министрады Цхинвалы мидхъуыддæгты горæтон хайады патрулон-постон службæйы ротæйы взводы командир.

2000 азæй 2003 азмæ куыста РХИ-йы Мидхъуыддæгты министрады баиугонд ротæ «Охрана»-йы командиры хæдивæгæй.

2003 азæй 2005 азмæ – Цæгат Ирыстон-Аланийæ Фидауынгæнæг тыхты ротæйы командиры хæдивæг.

2005 азæй 2007 азмæ уыд Цæгат Ирыстон-Аланийæ Фыдауынгæнæг тыхты бронетанкон службæйы хистæр.

2007 азæй 2008 азмæ – Цæгат Ирыстон-Аланийæ Фыдауынгæнæг тыхты хотыхты фæдыл командиры хæдивæг.

2008 азæй 2012 азмæ куыста РХИ-йы Уæлвæткон уавæрты министрады планкæнынады хайады хистæрæй. Уыцы-иу рæстæджы ах-уыр кодта ХИПУ-йы историон факультеты.

2015 азы 20 августæй у Уæлвæткон уавæрты министрады сæргълæууæджы фыццаг хæдивæг, 2017 азæй ныры онг  РХИ-йы Уæлвæткон уавæрты министрады сæргълæууæг.

2017 азы октябры мæйы Тадтаты Алан ссис республикæйы политикон парти «Иууон Ирыстон»-ы сæрдар, уыцы бынаты Бибылты Анатолийы раивгæйæ. Парти арæзт куы æрцыд, уæдæй нырмæ та уыд Централон Комитеты уæнг.

Ис ын цардæмбал æмæ æртæ сывæллоны.

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.