25 августы Цхинвалы йæ куыст райдыдта ирон адæмы 10-æм съезд. Уый ахсджиаг цау у нæ республикæйы æхсæнадон-политикон царды. Уымæн æмæ дзы уынаффæ кæндзысты, нæ адæмы раз цы ахсджиагдæр фарстатæ лæууы, уыдоныл. Съездæн цахæм нысаниуæг дæттынц, цæмæ йæм æнхъæлмæ кæсынц, цы ныфсытæ бæттынц йемæ, уыдæтты тыххæй сæ хъуыдытæ зæгъынц:

БЕКЪОЙТЫ Майя, 3-æм астæуккаг скъолайы уырыссаг  æмæ ирон æвзаг æмæ литературæйы ахуыргæнæг:

25-æм августы нæ республикæйы уагъд æрцæудзæн дунеон æхсæнадон змæлд «Ирæтты уæлдæр ныхас»-ы 10-æм съезд.  Куыд æппæт ирон адæм, афтæ æз дæр стыр æхсызгонæй æнхъæлмæ кæсын ацы съезды куысты фæстиуджытæм. Стыр ныфс мæ ис, æмæ  нæ куырыхон хистæртæ кæй райсдзысты хъæуæг æмæ тынг ахсджиаг уынаффæтæ ирон æвзаг æмæ традицитæ бахъахъхъæныны тыххæй. Цæмæй нæ мадæлон æвзаг ирон адæмæй алкæйы царды дæр аккаг бынат бацахса, ууыл æнæмæнгæйдæр дзурын хъæуы карздæрæй. Афтæ куынæ уа, уæд, мæнмæ гæсгæ, сомбоны нæ мадæлон æвзаджы хъысмæт суыдзæн катайаг æмæ Ирыстоны фидæны фæлтæртæ бынтондæр нал зондзысты нæ фыдæлты хорз традициты тыххæй. Хорз уаид æмæ съезды хайадисджытæ куы рахæссиккой  ахæм уынаффæ æмæ ирон æвзаг чи нæ зона, уыцы адæймæгты ма дæр ахуырмæ исой æмæ ма дæр куыстмæ. Афтæ куы уаид, уæд æввахс рæстæджы нæ мадæлон æвзагæй пайда кæниккой ирон бинонтæ иууылдæр æмæ арвистонау нал дзуриккой сæ мадæлон æвзагыл, афтæ ма аргъ дæр кæниккой. Хуыцау зæгъæд æмæ съезды цы уынаффæтæ рахæссой, уыдон нæ царды биноныг цы æрцæуой.

ХЪУЫЛЫМБЕГТЫ Роберт, журналист:

Фыццаджыдæр мæ фæнды, цæмæй ацы съезды ист æрцæуой, ирон адæмæн ахсджиаг чи сты, ахæм уынаффæтæ. Кæй зæгъын æй хъæуы, ныхæстæ дзы бирæ уыдзæн трибунæйæ. Ныхас цæудзæн, ирон адæмы раз цы проблемæтæ ис, уыдоны тыххæй, уыцы нымæцы æвзаджы, æгъдæутты проблемæтыл. Æнæмæнгæйдæр ской кæндзысты  Ирыстоны дыууæ хайы баиу кæныны тыххæй дæр. Фæлæ мæ тыхсын кæны уый æмæ ацы проблемæтæ, мыййаг, куы баззайой æрмæстдæр дискусситы æмвæзадыл, гæххæттыл фыстæй. Ныфс ма мæ ис уымæй дæр, æмæ съезды куыстæн кæй уыдзæн резонанс Ирыстоны æддейæ дæр, ома, нæ проблемæтæ æрмæст Ирыстоны фæлгæтты нæ баззайдзысты, фæлæ ма сæм хъусдард кæй аздахдзысты фæсарæйнаг гуманитарон организацитæ дæр. Зæгъæм,хорз уаид æмæ æвзаджы проблемæ куы фехъусиккой ЮНЕСКО-йы, цыран ирон æвзаг хаст æрцыд сæфынæй тас кæмæн у, уыцы æвзæгты нымæцмæ. Афтæ ма хорз уаид Гуырдзыстоны ‘рдыгæй ирон адæмы 20-æм азты геноцид æмæ фæстаг 20 азы геноциды фарстмæ ИНО-йы æмвæзадыл куы æркæсиикой, уый дæр. Æмæ мæ иууыл сæйрагдæр та зæгъын фæнды ахæм фæндиаг, цæмæй съезды цы стыр ныхæстæ загъдæуа, уыдон стыр хъуыддæгтæй биноныг æрцæуой нæ царды.

Болататы Владимир, пенсиисæг:

Цхинвалы Дунеон æхсæнадон змæлд «Ирæтты Уæлдæр Совет»-ы  10-æм юбилейон съезд кæй уагъдæуы, уый, мæнмæ гæсгæ, раст хъуыддаг у, уымæн æмæ Уæрæсейы Федерацийы æрдыгæй Хуссар Ирыстоны паддзахадон хæдбардзинады банымадыл дæр 10 азы æххæст кæны, «Стыр Ныхас»-ы сырæзтыл та  25 азы. Ацы æртæ нысаниуæгджын боны дæр сты юбилейон бонтæ æмæ сæ иумæ банысан кæнын раст хъуыды уыд.

Дунейы бæстæтæй съездмæ æрцæуæг ирон адæймæгтæ фендзысты 10 азы размæ пырх, сыгъд, ихсыд республикæ, уæлдайдæр та йе столицæ, цæхæр куыд скалдта, куыд цæрынц абон йæ цæрджытæ сабыр арвы бын.

Мæн тынг фæнды, Хуссар Ирыстонмæ æрцæуæг ирон адæймæгты ‘хсæн бастдзинæдтæ тынг куы сфидар уаиккой æмæ се ‘ргом куы раздахиккой нæ республикæмæ. Се ‘хсæн уыдзæн амалхъом адæймæгтæ дæр æмæ сæ бизнес Хуссар Ирыстоны куы бакæниккой, уæд уый фæахъаз уаид нæ республикæйы размæцыдæн дæр æмæ уыдоны бизнесы рæзтæн дæр. Мæн уырны, ныхас кæй цæудзæн ирон æгъдау, культурæ æмæ ирæтты традицитыл. Не ‘гъдæуттæ чысыл хицæн кæнынц, Цæгат Ирыстоны цы æгъдæуттæ ис, уыдонæй. Хорз уаид æмæ сæ иугъуызон куы æххæст кæниккам æмæ куы æрбæстон уаиккой. Дыууæ æфсымæрон республикæйы дзырдфыссынады дæр хицæндзинæдтæ ис. Кæй зæгъын æй хъæуы, ууыл дæр лæмбынæг бакусын хъæуы. Ацы фарстыл чизоны ахуыргæндтæ дæр кусынц, фæлæ йыл съезды дæр  хъæуы аныхас кæнын. Кæд абоны онг ацы фарст скъуыддзаг не ‘рцыд, уæд ыл хъуамæ æрныхас кæниккой нæ куырыхон адæймæгтæ дæр. Ацы хъуыддагæн та иууыл хуыздæр бынат у съезд.

Мæргъиты Венерæ, хæдзарон æфсин:

Мæнæн тынг æхсызгон у, ацы алы бæстæтæй нæм ирон диаспорæты минæвæрттæ кæй æрцæудзысты, уый. Тынг мæ фæнды фенон сæ, мадызæнæджы цин сыл бакæнон. Ахæм мадзæлтты руаджы адæм æнгомæй-æнгомдæр кæнынц, сæ ахастытæ та – фидарæй-фидардæр.

Мах чысылнымæц адæм стæм, уымæй дæр ныппырх стæм зæххы къорийы алы къуымты. Фæлæ Хуссар Ирыстоны трагикон цаутæ куыд фенын кодтой, афтæмæй цины дæр æмæ хъыджы дæр иумæ хъуамæ уæм. Уымæн та фæахъаз уыдзысты ахæм мадзæлттæ.

Нæ демографион уавæр дæр тынг мæгуырау у. Хорз уаид уыцы хъуыддагыл дæр дзырд куы цæуид съезды. Раст у,  ацы фарст хорзæрдæм аскъуыддзаг кæныны нысанæн нæ республикæйы къухдариуæгад аскъуыддзаг кодта фыццаг сывæллоны райгуырды тыххæй иурæстæгон æххуысы бæрц фæфылдæр кæнын. Ацы фарстатыл дæр æнæмæнгæй хъæуы атæрхон кæнын æмæ раст уынаффæ райсын.

Бекъойты Роман, пенсиисæг:

Ирон адæмы съезд нæ горæты кæй ис, уый йæхæдæг дæр у æнтыст. Уымæн æмæ нæм æрцæудзæнис дзæвгар ирæттæ алы рæттæй. Уырны мæ, се ‘хсæн кæй уыдзæнис, Хуссар Ирыстоны фыццаг хатт чи уа, ахæмтæ. Тынг мæ фæнды æмæ нæ адæм куы равдисиккой сæ уæздан ахаст æмæ уазæгуарзондзинад.

Къорд азты нæ Ирыстон размæйы бæсты цыд фæстæмæ, уымæ гæсгæ мæ уырны, съезд нæ рæзт æмæ размæцыдæн кæй фæахъаз уыдзæнис, уый.

Пухаты Арат, пенсиисæг:

Тынг мæ фæнды, съезды куы æрныхас кæниккой   фæсивæды фарстытыл. Уымæн æмæ ацы хъуыддаджы ис дзæвгар цухдзинæдтæ. Се ‘хсæн цуды æфсæрмдзинад, хистæрæн лæггад кæнын, æндæр æгъдæуттæ æххæст кæнын. Куыд æз афтæ, æвæццæгæн, алы ирон дæр æнхъæлмæ кæсы ацы хъуыддаджы уавæр фæхуыздæр кæнынмæ. Уымæн æмæ иууылдæр цæрæм сомбоны ныфсæй æмæ уый та хъуамæ кæсæнау уа ирд, зына нæм, нæ дарддæры рæсугъд æмæ райдзаст фæндаг.

Уырны мæ съезды хайадисджытæ кæй æрныхас кæндзысты Ирыстоны Цæгат æмæ Хуссар баиу кæныны фарстыл дæр.

Дудайты Виктор, горæты цæрæг:

Съезды делегаттæм æз æнхъæлмæ кæсын, кæй сытынг кæндзысты ирон æвзаджы фарст. Уымæн æмæ йæ уавæр у фæхуыздæркæнинаг. Ирыстоны цæрджытæй бирæтæ рæстмæ нæ зонынц иронау. Æвзаг адæймаг хуыздæр базоны æвзонгæй. Уый тыххæй барæнтæ исын хъæуы, цæмæй сывæллæты рæвдауæндæтты æмæ бинонты ‘хсæн дзурæм æрмæстдæр иронау.

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.