Стыр Уæлахизы бæрæгбоны агъоммæ Мидхъуыддæгты министрады рæнхъон скон-дæн сорганизаци кодтой культурон мадзал – арвыстой сæ паддзахадон национ музеймæ. Ведомствойы дæлхæйттæ къордгай цыдысты музеймæ æмæ сæ музейы экскурсоводтæ базонгæ кодтой музейы уæвæг диссаджы экспонаттимæ, радзырдтой сын бирæ фыдæлттыккон историтæ. Централон аппараты къордимæ бамбал ис Мидхъуыддæгты министры хæстæ рæстæгмæ æххæстгæнæг Пухаты Мераб дæр.

Алкæцы къордимæ дæр райдианы сæрмагондæй фембæлд музейы сæргълæууæг Зассеты Мераб æмæ æрæмбырдуæвджытæн йæ раныхасы æмбарын кодта, музейæн цавæр стыр нысаниуæг ис нæ культурæйы.

«Махæй йæ бирæтæ бынтондæр нæ хатынц, куыд хъæздыг культурæ нын ис, куыд уæздан æгъдæуттæ нæм ис æмæ историйы куыд егъау фæд ныууагътам, уый. Æрмæст «Нарты кадджытæ» дæр кæуылты сты. Абоны бон нын сæ Кавказы бирæтæ сæхи бакæнынмæ хъавынц, фæлæ сын дзы ницы рауайдзæнис. Мæн тынг фæнды, цæмæй ацы музейы къæсæртæй арæхдæр хизой æрыгон фæлтæр æмæ зонгæ кæной сæ фыдæлты историимæ, культурæимæ. Уымæн æмæ æнæ фæсивæд нацийæн фидæн нæй, æмæ ма уыцы фæсивæдæн уæздан хъомылад куы уа, куы зоной сæ фыдæлты истори, куы æххæст кæной сæ дадаты фæдзæхстытæ, уæд нын уыдзæнис рухс фидæн. Кæд æмæ абоны бон бирæтæ хъаст кæнынц рæзгæ фæлтæрæй, ома сæ ницы цымыдис кæны, сæ уагахаст хорз нæу, – уæддæр æй æз фидарæй зонын, кæй нын ис хорз, æм-баргæ фæсивæд. Ахæм хатдзæг æз сарæзтон мæ балцыты цæугæйæ æмæ уын æй дзурын, Кавказы иннæ нациты минæвæрттæ махæй хуыздæр ницæмæй сты. Æрмæст ма нæ хъæуы фезмæлын, культурон хъомылдзинадмæ фылдæр хъус аздахын, æмæ алцы дæр йæ гаччы æрбаддзæнис», – банысан кодта музейы сæргълæууæг.

Зассеты Мераб ма æрдзырдта, ныры дуджы ногдзинæдтæ негативонæй куыд æндавынц фæсивæдыл, куыд сæ æфтауынц æвзæр фæндагыл, уыдæттыл. Æмæ йæ ныхæстæм гæсгæ, раст фæндагыл ныллæууынæн стыр ахъаз сты музейтæ æмæ æндæр культурон программæтæ.

Экскурситæ рауадысты тынг цымыдисон, – алчидæр дзы райста æхцондзинад æмæ бирæ ног информаци. Фенæн дзы уыдис куыд алыгъуызон фыдæлттыккон дзаумæттæ, афтæ ма нырыккон историон экспонаттæ, кæцытæм зынгæ музейтæ дæр кæнынц тæхуды. Стæй ма экскурсоводтæ дæр афтæ аивæй æмбарын кодтой экспонатты нысаниуæг, сæ истори, æмæ-иу сæм адæймаг хъусынæй нал æфсæст. Ахæм культурон мадазал адæймагыл ныууадзы егъау фæд, банкъары йæ фыдæлты хорз æгъдæуттæ æмæ ныббуц вæййы йæ нацийæ. Хорз уаид æмæ ардæм арæхдæр куы кæниккой скъо-ладзауты дæр.

Джиоты Александр

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.