Бирæтæ сæ равзаргæ дæсныйæдтæ бауарзынц кусын куы райдайынц уæд, æндæртæ та уымæй бирæ раздæр. Йæ фидæны дæсныйад хæрзæвзонгæй чи бауарзта, уыцы æмбæстæгтæй иу у Хуссар Ирыстоны Национ музейы æрдзы хайады сæргълæууæг Къæбулты Ленæ.

Уый райгуырд æмæ схъомыл Цхинвалы районы Хъуыриайы хъæуы. Йæ фыд Ясон æмæ йæ мад Сидамонты Надя уыдысты куыстуарзаг æмæ се ‘ртæ кæстæры ницы цух уагътой. Уыимæ ма Ясон куыста машинæйыл æмæ стыр æххуыс уыдис хъæубæстæн, Джеры комы цæрджытæн.

Ленæ ма Уанаты астæуккаг скъолайы куы ахуыр кодта, уæд бауарзта музейы куыст. Хъуыддаг уыд афтæ, скъоладзауæй цалдæр хатты уыд нæ горæты бæстæзонæн музейы. Уым цы федта, уыдон æм афтæ цымыдисон фæкастысты æмæ æппынæдзух уадысты йæ цæстытыл, дисы ма йæ æппæрстой музейы кусджыты арæхстджын архайд æмæ æппæтмæ сæ уæздан ахаст. Æвзонг чызджы дæр уæд бафæндыд,  искуы музейы кусæг суæвын. Уымæй дарддæр ма иу Ленæ Советон Цæдисы стыр горæтты музейты куыст æмæ архайды тыххæй мыхуыры фæрæзты исты æрмæджытæ куы федта, уæд иу сæ æнæбакæсгæ нæ фæцис, æмбырд сæ кодта æмæ та-иу сыл ногæй ахаста йæ цæст.

Скъола каст фæуыны фæстæ Ленæ бæргæ афæнд кодта Советон Цæдисы стыр горæттæй искуыдæм ацæуын, уым музейы кусæджы дæсныйад райсын, фæлæ йæ разы сæвзæрдысты зындзинæдтæ. Фыццаг уый æмæ уæдмæ дард балцы никуы уыд. Стæй иунæгæй цæуынмæ кæй хъавыд, æмбал ын кæй нæ уыд, уый тыххæй ныййарджытæ йæ фæндыл разы нæ уыдысты æмæ Ленæ дæр аивта йæ хъуыды. Уанаты астæуккаг скъола хорз нысæнттимæ каст фæуыны фæстæ бацыд Хуссар Ирыстоны паддзахадон педагогон институтмæ. Æвзаргæ та ра-кодта биологи æмæ географийы факультет. Уымæн æмæ ацы дыууæ предметы, æндæр предметтимæ абаргæйæ, музейы кусæджы куыстмæ лæууынц æввахс дæр.

Ленæ скъолайы дæр хорз ахуыр кодта, фæлæ институты йе ‘нтыстытæ ноджы хуыздæр уыдысты. Ахуырмæ йæ хорз ахасты тыххæй цæвиттойнаг уыд курсы, арæх дзы æппæлыдысты æмæ йæ цæвиттонæн хастой кафедрæйы дæр. Активон хайад иста институты  алыгъуызон мадзæлтты.

Институт каст фæуыны фæстæ Ленæйæн кæд музейы куыстæй ныфс бавæрдтой, уæддæр йæ бæллиц уайтагъд нæ сæххæст. Æнхъæлмæ кæсын æй бахъуыд цалдæр азы, фæлæ уыцы азты дæр иу ран нæ бадт. Рæстæгмæ-иу куы кæм акуыста æмæ куы та – кæм, уыимæ йæ рох нæ уыд музеймæ кусынмæ бацæуыны фæндон дæр. Йæхи хуыздæр бацæттæ кæныны тыххæй каст алыгъуызон литературæ. Музейы кусын куы райдыдта, уæд ын уыцы аз æмæ бон та систы дыккаг райгуырæн боны хуызæн.

Абон музейы стырдæр залтæй иу – æрдзы хайад Ленæйы бæрны ис. Ис дзы иу мин экспонатæй фылдæр. Уыдонæй Ленæ цалдæр хатты йæ къухмæ кæй нæ райста, кæй сæ нæ асыгъдæг кодта, аив æмæ рæсугъд кæй нæ равæрдта,  ахæм  иу дæр нæй. Залмæ бахизгæйæ алкæйы зæрдæ дæр барухс вæййы, уыцы бирæнымæц авгын скъаппыты  рæсугъд æмæ аив равæрдæй. Экспонаттæй алкæцы дæр у стыр цымыдисон, фæлæ дзы аивдæрты нымæцмæ хауынц «Ирон бинонтæ», «Ирыстоны æрдз», «Рагон ирон мигæнæнтæ» æмæ æндæртæ.

Ардæм æрбацæуджытæ музейы экспонаттæн цахæм нысаниуæг дæттынц, уый тыххæй Ленæ йæхæдæг банысан кодта, зæгъæ,  æхсызгон ын у уый дæр, æмæ музейы уазджыты нымæц азæй-азмæ кæй фылдæр кæны. Нæ уазджытæ стыр цымыдисимæ зонгæ кæнынц Ирыстоны ссаргæ рагон алыгъуызон мигæнæнтæ æмæ дзаумæттимæ. Æндæр бæстæтæй æрцæугæ уазджытæ арæх экспонаттимæ къамтæ дæр фæисынц.

Ацы æрмæг бацæттæ кæныны размæ ныхас кодтон музейы директор Зассеты Мерабимæ. Коллектив æмæ мын Ленæйы тыххæй уый загъта,  зæгъгæ, нæ сæйрагдæр æнтыстытыл нымайын кæрæдзимæ коллегæты хорз æмæ æнгом ахастытæ. «Цыфæнды хъуыддаджы дæр балæууæм кæрæдзийы фарсмæ. Æмæ æрмæст куысты нæ, фæлæ нын хæларадон ахастытæ ис куыстæн æддейæ дæр. Ленæйæн та дзурын дæр ницы фæхъæуы, алыхатт дæр цæттæ у æххуысмæ фæзынынмæ. Уый æрвылбон дæр аскъуыддзаг кæны дыккаг бон цы хъуамæ сараза, уыдон дæр. Йæхи сæрмагонд куыстытæй дарддæр æнæзивæг у æндæр кусджытæн баххуыс кæнынмæ, музейы кусджыты иумæйаг хæстæ  сæххæст кæнынмæ. Æппынæдзух йæ хъус дары музейы алыварс рæсугъд æмæ сыгъдæгдзинадмæ. Æрвылуалдзæг дæр музейы алыварс йæхи тыхтæй ныссадзы дзæвгар дидинджытæ æмæ йæ алфæмблай ноджы фæрæсугъддæр вæййы», – банысан кодта Зассеты Мераб.

ГÆЗЗАТЫ Иван

Добавить комментарий

Ваш адрес email не будет опубликован. Обязательные поля помечены *

Этот сайт использует Akismet для борьбы со спамом. Узнайте, как обрабатываются ваши данные комментариев.