Алы нацийæн дæр музей вæййы йæ адæмы цардуаг æмæ историйы æцæг  æвдисæг. Уым хи цæстæй фенæн кæй вæййы фыдæлты цардуагыл дзурæг, кæнæ та æндæр ахæм хицæн темæтыл алыгъуызон экспонаттæ, уымæ гæсгæ адæймаг аныгъуылы ивгъуыд царды.

Нацийы историимæ æндæр адæм музейы цæстуынгæ æрмæджыты руаджы базонгæ вæййынц хуыздæр.

Ивгъуыд къуырийы кæрон нæ республикæмæ проект «Алайнаг фæд»-ы фæлгæтты Турк æмæ Венгрийæ цы уазджытæ æрцыдысты, уыдон ирон адæмы  Аланты фæдонтæ кæй сты, уымæ гæсгæ сæ нæ историйæ æппæт дæр цымыдис кодта æмæ сæ бафæндыдис нæ республикæйы Национ музейы дæр бабæрæг кæнын. Уазджытимæ уыд РХИ-йы Президенты Администрацийы къухдариуæггæнæджы хæдивæг Пухаты Къоста. Ардæм ма не ‘мтуг адæмыл фембæлынмæ æрбацыдис нæ Парламенты Сæрдар Бибылты Анатоли.

Музейы цурмæ æрбацæугæйæ нæ буц уазджытæн Пухаты Къоста загъта, зæгъгæ, йæ бæстыхай  у ног, зæронд музей нын хæсты тынг бахъыгдард ис. «Нæ музей баконд æрцыдис ивгъуыд азы æмæ йæ бакæныны цытджын церемонийы хайад райстой сымахæй бирæтæ», – загъта уазджытæн Къоста.

Уазджытыл музеймæ къæсæрыл цины æнкъарæнтимæ фембæлдис  йæ директор Зассеты Мераб. Уый  сын радзырдта, зæгъгæ, махæн нæ истори иумæйаг кæй у, уымæ гæсгæ сымахимæ ныхас кæндзынæн, куыд мæ хотæ æмæ ме ‘фсымæртæ, афтæ æмæ сæ  базонгæ кодта музейы равдысты фыццаг экспонаттимæ. Уыдон та дзурæг сты залы Тугъанты Махарбеджы цард æмæ сфæлдыстадыл.

Дарддæр дард бæстæтæй æрцæуæг не ‘мтуг уазджыты Тугъанты Махарбеджы хицæн конд нывты историон нысаниуæджы тыххæй æмæ музейы æппæт экспонаттимæ зонгæ кодта музейы экскурсовод Бекъойты Олеся. Уыдонæй чидæртæ кæд ацы экспонаттимæ зонгæ уыдысты, уæддæр сæм се ‘ппæт дæр стыр цымыдисимæ кастысты. Алчидæр дзы йæхицæн агуырдта ногдзинад, барстой сæ, цы адæмтимæ цæрынц, уыдоны цардуагимæ.

Нæ уазджытæн сæ цымыдисдзинад æмæ цины æнкъарæнтæ æгæрон кæй уыдысты, уымæ гæсгæ сæ бирæ рæстæджы дæргъы сæ къах нал хаста музейæ рацæуын.

Музейы азилыны фæстæ æвзонг чызджытæ Кайаш Айча æмæ Кайаш Нилай (Хъабанты чызджытæ) загътой, зæгъгæ, «Мах Ирыстоны бирæ уарзæм, диссаджы хорз бæстæ у, нæ зæрдæмæ ма дзы тынг фæцыдис уæлдайдæр дзы адæм кæрæдзийæн куыд кæнынц, уый. Турчы цæрæг ирон адæм иууылдæр тынг уарзынц Ирыстоны. Мах Ирыстоны кæй нæ вæййæм, уымæ гæсгæ æгъдæуттæ хорз нæ зонæм. Фæлæ мах тынг уарзæм ирон адæмон кафт «Симд». Фыццаг бон Цæгат Ирыстонмæ æрцæугæйæ, махæн уынджы сарæзтой ирон хъазт æмæ уый дæр нæ зæрдæмæ тынг фæцыдис. Федтам дзы бирæ æндæр кæфтытæ æмæ музыкалон инструменттæ.

Абон ацы музейы нывтæ æмæ иннæ экспонатты руаджы базыдтам бирæ ногдзинæдтæ».

Не ‘мтуг ирон адæммæ  Туркæй Ирыстонмæ сæ зæрдæйы æнкъарæнты тыххæй  Национ музейы директор, поэт Зассеты Мераб ныффыста æмдзæвгæ æмæ йæ бакастис йæ буц уазджытæн.

Ацы бон ма Хуссар Ирыстонмæ æрцæуæг уазджытæй рохуаты нæ баззадысты, Ирыстоны хæдбардзинады сæрвæлтау сæ уд нывондæн чи рхаста, уыдоны рухс нæмттæ ссарын дæр. Уыдон нæ горæты 5-æм скъолайы кæрты цы уæлмæрд ис, уым æмæ Денис Ветчиновы цыртыл сæвæрдтой дидинджытæ.

Банысан кæныны хъæуы уый æмæ нæ республикæмæ проект «Алайнаг фæд»-ы фæлгæтты цы делегаци æрцыд, уый сконды уыдысты 40 адæймаджы бæрц. Туркаг  делегаци уыдысты 18 адæймаджы, Ястæ – 13, Цæгат Ирыстонæй та – 4. Се ‘хсæн уыдысты зонадон кусджытæ, ахуыргæнджытæ, амалиуæггæнджытæ, зарæггæнджытæ, студенттæ æмæ æндæртæ.

ТУАТЫ Ларисæ

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.