18 майæ 19-æм маймæ æхсæвы Тыбылты Алыксандры номыл Паддзахадон университеты музейон комплексы уагъд æрцыд «Музейты æхсæв». Ацы цымыдисон мадзалмæ фæуазæг сты Хуссар Ирыстоны Националон музейы директор Зассеты Мераб, ацы ахуырадон уагдоны ахуыргæнджытæ йæ ректор Тедеты Вадимы сæргълæудæй, студенттæ, скъолайы ахуырдзаутæ æмæ æхсæнады минæвæрттæ. Ацы бон æппæт дунейы дæр нысан кæнынц музейты дунеон бонæй, кæцы нымад цæуы æхсæнадæмон культурон-ахуырадон акцийыл, цыран музейтæ æмæ æндæр культурон уагдæттæ фæкусынц æнæхъæн æхсæвты дæр.

Мадзалы райдианы ХИПУ-йы музейы директор Касаты Фатимæ æрæмбырдуæвджытæн фехъусын кодта, зæгъгæ, Украинæ æмæ Донбассы хæстон архайдтыты тыххæй мадзалы программæйæ ист æрцыдысты хъæлдзæг номыртæ æмæ, зæгъгæ уый раст хъуыды у. Уымæн æмæ уыцы хæстон спецо-перацийы хайад исынц нæ ирон лæппутæ дæр æмæ дзы, хъыгагæн, иуæй-иутæ сæ мæлæт ссардтой украинæйаг фашистты къухæй. Касаты Фатимæ цы-быртæй æрдзырдта музейы историйыл, кæцы арæзт æрцыд 2019 азы апрелы мæйы ацы уагдоны ректор Тедеты Вадимы хъæппæрисмæ гæсгæ. Ацы комплексы уæвынад кæнынц æртæ залы: зоологийы музей, этнографи æмæ бæстæзонæн музей, уыцы нымæцы ирон æхсаргард æмæ аивадон равдыстыты зал. «Фæнды мæ зæгъын уый æмæ не ‘мбæстæгтæй бирæтæ нæ культурон объектæн кæй балæвар кодтой зынаргъ экспонаттæ. Стыр бузныг зæгъæм Зонкъары тобæгонд хъæды директор Бестауты Анатолийæн, кæцы алцыдæр сарæзта, цæмæй Хуссар Ирыстоны æппæт фаунæ дæр æвдыст æрцæуа уникалон экспонаттæ – мæргътæ æмæ цæрæгойты хуызы. Стыр бузныг Бибылты Анатолийæн, кæцы этнографи æмæ бæстæзонæн музейæн балæвар кодта автомат ППШ æмæ пистолет «Люгер парабеллум». Нæ музейæн Козаты Нодар Наполеон Бонапарты рæстæгæй  балæвар кодта французаг æвзист дзыппыдарæн сахат, паддзахы Уæрæсейæ æвзист æхцатæ, советон автомашинæты макеттæ æмæ æндæртæ. Археологон экспонаттæ музейæн лæвæрд æрцыдысты Зонад-иртасæн институты директор Гаглойты Роберты хъæппæрисæй. Ирон националон уæлæдарæсы тыххæй бузныг зæгъæм Четион Маяйæн. Нæ Музейæн зынаргъ лæвæрттæ чи бакода, уыдон æхсæн ма сты  Æлборты Алан, Цыбырты Людвиг, Джиоты Аллæ, Мæргъиты Ирбег æмæ бирæ æндæртæ. Уыдон се ‘ппæт дæр хаст сты нæ музейон комплексы цытджын æрбацæуджыты чиныгмæ. Абоны онг нæ музейон комплексмæ фæуазæг дæс минæй фылдæр адæймаджы, уыдон нымæцы нæ республикæмæ æрцæуæг уазджытæ дæр. Нæ музей ацы уагдоны ахуыргæнджытæн æмæ студенттæн канд æмбарынгæнæн нæу, фæлæ ма зонад-иртасæн программæ дæр æмæ сын хæссы стыр пайда», – банысан кодта музейы директор.

Йæ рады Националон музейы директор Зассеты Мераб стыр бузныджы ныхæстæ загъта университеты къухдариуæгадæн сæ музейон комплексы бæрзонд æмвæзады тыххæй. «Музейыл ирдæй зыны бирæ тыхтæ йыл кæй бахардз кодтой, уый. Æниу, Вадим Ботазы фырт кæуыл къухдариуæг кæны, уыцы музейæн йæ гъæд æндæр куыд хъуамæ уа. Музыкалон номыртæ программæйæ ист кæй æрцыдысты, уыцы хъуыды, кæй зæгъын æй хъæуы, раст у. Касаты Фатимæйæн йæхи фырт дæр ныртæккæ хайад исы уыцы хæстон архайдтыты. Хуыцау зæгъæт æмæ нæ ирон лæппутæ се’ппæт дæр цы æрæздæхой сæрæгасæй», – загъта Зассеты Мераб.

«МУЗЕЙТЫ ÆХСÆВ» – ХИПУ-йы

Уый ма фехъусын кодта, зæгъгæ, Хуссар Ирыстоны Националон музей æрбаиу уыдзæн Æхсæнадæмон акци «Музейты æхсæвмæ». Акци уагъд цæудзæн 21-æм майæ 22 маймæ изæры æхсæз сахатыл. Музей кусдзæн фæстаг æрбацæуæджы онг. Традицимæ гæсгæ музейы уазджытæн сæ бон уыдзæн «цыкурайы фæрдыг» фенын.

Нæ горæты 1-æм скъолайы æртыккаг къласы ахуырдзаутæ барæсугъд кодтой мадзал. Уыдон бакастысты æмдзæвгæтæ æмæ æмбисæндтæ мадæлон æвзаджы тыххæй. Радзырдтой дзуармæ цæуыны, хистæртимæ дзурыны, салам дæттыны æгъдæуттæ нæ фыдæлтæм куыд уыдысты, уыдон тыххæй. Æвзонг зарæггæнæг Зассеты Максим та æнæ музыкалон инструменттæй азарыд зарæг «Фæндон».

ХИПУ-йы музейон комплексæн лæвæрд æцыдысты Гасситы Æхсары эскизмæ гæсгæ  Саулохты Константины конд ныв «Æфхæрдты Хæсанæ» æмæ Тедеты Ритæйы конд ныв «Отголоски прошлого».

Мадзалы кæрон музейы уазджытæн фадат уыд цы экспонаттæ дзы ис, уыдоныл азилын æмæ сæ фенынæн. Уыдонмæ уæлдай цымыдисæй кастысты мадзалы чысыл уазджытæ æмæ сæ тæлмæнтæ дзырдтой кæрæдзийæн.

КОКАЙТЫ Зæринæ 

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.