Йе ‘мцахъхъæнтæ-иу арæх æрæмысыдысты æвзонг лæппу Джиоты Генойы сгуыхтдзинад. Уыцы хабар кæд уартæ 60-70 азы размæ уыд, уæддæр, дам, хистæртæ кæстæр фæлтæртæн дзырдтой ацы æвзонг лæппуйы диссаджы удысконды тыххæй. Цæвиттон, иу уалдзыгон къæвдабоны Ленингоры районы Гъдулеты хъæуыл айхъуыст фæдисы хъæр: «дон раивылд æмæ Æлборты зæронд ус æд уæрыччытæ адагæн фалейæ баззад». Адæм тыхджын къæвдайы бын фæфæдис сты ададжы былмæ. Ивылд дон  æд уидæгтæ стыдта бæлæсты æмæ сæ йæ разæй хаста, ласта стыр дуртæ, лæбурдта ададжы былтæм. «Чи бахиздзæн зæронд усмæ, ахсæв уым куы баззайа, уæд нæ худинаджы хъæр айхъуысдзæн æнæхъæн Ирыл», «Балæууæм къæвдайы банцадмæ», «Бæхыл æм бахизæм», – дзырдтой фæдисы рацæуджытæ фыртыхстæй.

Уæдмæ, тыхулæфтгæнгæ, сæ уæлхъус æрбалæууыд сæ хъæуккаг æвзонг лæппу Джиоты Гено. «Æз æм бахиздзынæн, фæлæуут», – загъта уый æмæ йæ дарæс ласыныл схæцыд. Фæлæ йæ фæнд никæйы зæрдæмæ фæцыд, уымæн æмæ тæссаг уыд йæ удæн. Стæй дæр ын  иунæгæй цы хъуамæ бакодтаид.

– Уый бæсты згъоргæ æмæ дæлæ колхозы стыр къамбецтæй дыууæйы æд уæрдон ам æрбалæууын кæн, – загъта йын хъæуы дзырддзæугæ лæгтæй иу. Лæппу айтæуйтæ нал фæкодта, азгъорста æмæ уайтагъд дыууæ дынджыр сау къамбецы æд уæрдон æрбалæууын кодта ададжы былыл. Сбадтысты уæрдоныл Джиоты Шораимæ. Къамбецты баскъæрдтой ивылд æмæ знæт доны. Адæм тарстгъуызæй кастысты сæ фæстæ, зæгъгæ, цы уыдзæн дарддæр. Æгæрыстæмæй, сылгоймæгтæй иуты цæстытæ баумæл сты. Кæсынц æмæ нал зынынц уæрдоны цæлхытæ. Знæт дон архайы уæрдон сфæлдахыныл, фæлæ йæ къамбецтæ мурмæ дæр нæ дарынц, ницæмæ йæ дарынц Шора æмæ Гено дæр. Иу дзырдæй, зæронд усы æд уæрыччытæ æдасæй рахизын кодтой ададжы ардыккаг былмæ. Адæм галыбузныг фесты дыууæйæ дæр, уæлдайдæр та фынддæсаздзыд ныфсхаст лæппу Генойæ.

Æмæ йæ æрмæст уыцы сгуыхтдзинад равдисыны тыххæй куынæ уарзтой, мыййаг. Чи фæуыдаид хистæрты цумамæ Генойы разæй? Чи арæхстис уый хуызæн цины фынгтыл лæггад кæнынмæ? Хъазты та-иу йæхимæ æркæсын кодта адæмы – зараг æмæ кафаг, хистæртæн – уарзон, кæстæртæн – хæлар. Адæм дис кодтой, афтæ æвзонгæй алцæмæ дæр кæй рæхстис, уый тыххæй. Уымæй дарддæр куыд къухджын уыд, куыд! Йæ къухæй, цынæ рацыдаид. Чи йæ зоны æмæ йæ фыд Шакроимæ (йæ мад Налыхъон раджы амард) цал адæймаджы зæрдæ барухс кодтой, цал хатты фехъуыстой бузныджы ныхæстæ. Кæмæн – халамæрзæн, кæмæн – уæрдон æмæ æндæр кусæнгæрзтæ арæзтой, афтæ сæ колхозæн дæр. Куыд алы æвзонг адæймагæн, афтæ Генойæн дæр царды  йæхи плæнттæ бæргæ уыд, фæлæ…

1941 азы июны мæйы Фашистон Герман  Советон Цæдисмæ кæй æрбабырста, уый æрæхъуыст Ирыстонмæ дæр. Адæм зæрдæхъæрмттæ кодтой, фæлæ карды бын уæууытæй нал вæййы. Ирон хæстонтæ цыдысты фронт-мæ сæ райгуырæн зæхх бахъахъхъæнынмæ. Джиоты Гено дæр йæхицæн бынат нал ардта, æз дæр, дам, хæстмæ цæуын. Фæлæ æфсæддон къамисариаты не сразы сты йæ фæндыл, загътой йын, зæгъгæ, сывæлæтты нæ кæнынц хæстмæ. Фæлæ сæм æртыккаг хатт куы бахатыд,  æмæ йын тых æмæ фыдтæй куы сразы сты, уæд, фырцинæй ницыуал зыдта. Æцæг лæгау йæхи рацарæзта, йæхимæ ныззындис. Цы ма йын загътаид йæ фыд дæр æмæ  æвддæсаздзыд лæппуйы æнæхъæн хъæубæстæй афæндараст кодтой фронтмæ. Йæ фыд йæ фæстæ зыд каст кодта, йæ цæссыгтæ æркалдысты. Æвæццæгæн, дам, æй зæрдæйæ банкъардта йæ хъæбулы фæстаг хатт кæй уыны, уый. Йæ ацыдæй æртæ куъуырийы фæстæ дзы фронтæй фыстæг куы райстой æмæ йын йæ ныв æфсæддон дарæсы куы федтой, уæд хъæуы сылгоймæгтæй бирæты зæрдæтæ суынгæг сты, ома, сывæллонæн цафон хæцын у… Фæлæ йæм уыйхыгъд схæлæг сты йе ‘мбæлттæ, хъæуы кæстæртæ.

Гъе, фæлæ дзы æндæр ницыуал хабар æрæхъуыст Генойæ. Æр-мæст ма 1942 азы уалдзæджы йæ хæстон æмбæлттæй иу фыста, фронты, дам, хъæбатырæй фæ-мард… Уыдис, дам, ын паддзхадон хорзæх дæр, фæлæ…

Æмæ ноджы тынгдæр куыннæ хъуамæ фæрыстаиккой хъæубæсты зæрдæтæ сæ уарзон кæстæры сау хабарыл. Дæлæмæ дæр, уæлæмæ дæр – æвддæс азы цы сты. Уал хатты фæцин кодта уалдзæджы æрцыдыл. Йæ уындæй, дам, ын куынæ бафсæстыстæм, уæд ыл хъысмæт сайдæй цæмæн разылд афтæ æвзонгæй. Уæдæй фæстæмæ бирæ рæстæг рацыд, бирæ ивындзиндтæ æрцыд нæ царды. Фæлæ Гено æнустæм баззад æвддæсаздзыдæй. Æрмæст-дæр æвддæсаздзыдæй! Æмæ уый дæр кæм? Йæ райгуырæн Ирыстонæй дард, кæйдæр зæххыл, кæйдæр уæзæгыл! Йæ цыбыр цард нæ бавгъау кодта æндæрты сомбоны рæсугъд царды тыххæй!

О, цас æвзонг фæсивæд бабын æгъатыр тугкалæн хæсты…

ДЖИОТЫ Екатеринæ

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.