Дзæуджыхъæуы уыдис хæстон аивæдты фестиваль «Мирный Кавказ», зæгъгæ. Фестивалы фæлгæтты самбойæ ерысты хайад  райстой Цæгат Ирыстон-Алани, Кæсæг-Балхъар, Стъараполы край æмæ Хуссар Ирыстоны спортсментæ.

Цхинвалмæ сыгъзæрин майдантимæ æрæздæхтысты Хъуылымбегты Феликс (88 кг) æмæ Къобесты Таймураз (79 кг). Дыккаг бынат бацахста Быценты Юри (88 кг), бронзæйы аккаг та ссис Уалыты Герман (79 кг). Сæ тренертæ сты Хъотайты Дмитри æмæ Касаты Ацæмæз. Хуссар Ирыстоны минæвæрттæй ма иу бронзæ майдан та бафтыд  Дзауы самбойы скъолайы хъомылгæнинаг Карсанты Олегы (+88 кг) къухты. Уый та цæттæ кæны тренер Хъоцыты Тамерлан.

***

Уæгъдибар хъæбысхæстæй Налцыччы уæрæсейы спорты дæсны А. Жилетежевы номарæн æппæтуæрæсейон турниры ирон богалтæ рамбылдтой 2 сыгъзæрин æмæ 4 бронзæ майданы. Ерысты уæлахиздзаутæ систы Коцты Алан (57 кг) æмæ Дзираты Алан (74 кг). Æртыккаг бынæттæ та бацахстой Къомайты Фарнæг (65 кг), Фрайты Руслан 992 кг), Бестауты Алан (125 кг) æмæ Гаглойты Инал (125 кг).

ХУРИТЫ Батрадз

Добавить комментарий

Ваш адрес email не будет опубликован. Обязательные поля помечены *

Этот сайт использует Akismet для борьбы со спамом. Узнайте, как обрабатываются ваши данные комментариев.