Рог атлетикæ

Ныр 6-æм хатт фæдфæдыл Цхинвалы уагъд æрцыд РХИ-йы рог атлетикæйы федерацийы президенты Кубок рамбулыны сæраппонд турнир. Сæ цæттæдзинад дзы фæлвæрдтой республикæйы скъолаты ахуырдзаутæ. Уыдон ерыс кодтой 6 дисциплинæйы: 100, 400 æмæ 800 метрмæ згъорынæй, 400 метрмæ лидзынæй эстафетæ, ядро æппарын æмæ дæргъмæ гæпп кæнынæй.

Ерысты хайадисджытæн раарфæ кодтой РХИ-йы Фæсивæдон политикæ, спорт æмæ туризмы комитеты сæрдар Зассеты Сергей, Ахуырады министр Гасситы Натали æмæ рог атлетикæйы ветеран Хæбæлаты Алексей.

Ерысты фæстиуджытæм гæсгæ иууыл цымыдисондæр дисциплинæтæй сæ иу – 100 метрмæ згъорынæй аккаг ныхмæлæуджытæ нæ разынд Сланты Анастасия (2-æм скъола) æмæ Диакъонты Сергейæн (гимназ «Альбион»). 400 метрмæ лидзынæй фыццаг бынæттæ бацахстой Хуыбиаты Аслан (гимназ «Рухс») æмæ Сланты Анастасия (2-æм скъола), 800 метрмæ згъорынæй сыгъзæрин майдантæ рамбылдтой Джиголаты Аланæ (3-æм скъола) æмæ Томайты Дмитри (Знауыры скъола), ядро æппарынæй иууыл хуыздæр цæттæ разындысты Гæджиты Агуындæ (Знауыры скъола) æмæ Гаглойты Роберт (Дзауы скъола), дæргъмæ гæпп кæнынæй та пьедесталы фыццаг къæпхæнмæ схызтысты Босыкты Давид (2-æм скъола) æмæ Джиголаты Сабинæ (3-аг скъола). Уыдон иууылдæр хорзæхджын æрцыдысты майдантæ æмæ кады грамотæтæй. Уый фæстæ организатортæ фехъусын кодтой командон хыгъды  фæуæлахизуæвæджы ном. Радон хатт та турниры сæйраг приз рамбылдта гимназ «Альбион»-ы командæ. Дыккаг æмæ æртыккаг бынæттæ та бацахстой 2-æм æмæ 5-æм астæуккаг скъолаты командæтæ.

Сæрмагонд приз «Уæлахизмæ тырнындзинад»-æй хорзæхджын æрцыд Джиголаты Эдуард, Приз «Ерысты иууыл æвзонгдæр хайадисæг» та райста Хуыгаты Маринæ.

Ерысты организатор РХИ-йы рог атлетикæйы директор Цъæхилты Игорь куыд банысан кодта, афтæмæй иу азæй иннæ азмæ ахуырдзауты цæттæдзинад кæны хуыздæрæй-хуыздæр. Фæлæ зæгъ, хъыгагæн, разыны ахæм командæтæ дæр, кæцыты бæрæггæнæнтæ вæййынц хуыздæрхъуаг.

САМБО

Дзуджыхъæуы уагъд æрцыд спортивон фестиваль «Мирный Кавказ». Ерысты дыууæ бронзæ майданы рамбылдтой Дзауы самбойы скъолайы хъомыл-гæнинæгтæ Къозонты Арсен (72 кг) æмæ Беджызаты Арсен (60 кг). Дыууæ дæр æртыккаг бынæттæ бацахсыны тохты фæуæлахиз сты Кæсæг-Балхъары минæвæрттыл. Сæ тренер Беджызаты Гия куыд банысан кодта, афтæмæй сын фæлтæрддзинад не сфаг, науæд йæ хъомылгæнинæгтæ равдыстаиккой ноджы хуыздæр бæрæггæнæнтæ.

УÆГЪДИБАР ХЪÆБЫСХÆСТ

Тускъаты Азæмæт æмæ Уалыты Чермен систы уæгъдибар хъæбысхæстæй Нефтеюганскы уагъдцæуæг дунеон турниры уæлахиздзаутæ. 57 кг уæзы категорийы Тускъаты Азæмæт финалы рамбылдта Расул Машезовы, 70 кг та Уалыты Чермен финалы рамбылдта иннæ ирон богал Гогаты Аланы, кæцы ссис æвзист призер. Турниры ма æвзист майдантæ  рамбылдтой Санахъоты Ацæмæз (79 кг), Гогаты Георги (97 кг), Кцойты Сослан (86 кг), Багаты Алан (92 кг) æмæ Голоты Витали (125 кг).

Бронзæйон призертæ та систы Уалыты Радик (79 кг), Нартыхты Радик (86 кг), Мæхъиты Зауыр (86 кг) æмæ Гæззаты Батрадз (92 кг).

ФУТБОЛ

Футболæй Уæрæсейы æмбырдгонд командæ Нацийы лигайы къордон этапы 2:0 хыгъдæй рамбылдта Турчы æмбырдгонд командæйы. Черчесты Станиславы командæ æртæ хъазтæй æрæмбырд кодта 7 очкойы æмæ йæ къорды ахсы фыццаг бынат. Хъазты 82-æм минутыл хъазæн фæзмæ рахызт Ирыстоны футболон скъолайы хъомылгæнинаг Хъамболаты Руслан. Радон хъазт Уæрæсейы æмбырдгонд командæ акæндзæн 20-æм ноябры Швецийы командæимæ.

Хуриты Батрадз

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.