Ирон богалтæ æртæ сыгъзæрин, дыууæ æвзист æмæ 4 бронзæ майданы рамбылдтой уæгъдибар хъæбысхæстæй Красноярскы уагъдцæуæг дунеон турнир Гранпри «Иван Ярыгин – 2022»-йы. 74 кг уæзы категорийы ерысты уæлахиздзау ссис Уалыты Чермен. Уый финалы фæуæлахиз америкæйаг тыхджын хъæбысæйхæцæг Джейсон Нолфыл 6:1 хыгъдæй. Банысан кæнын хъæуы уый, æмæ финалы 1/4 хайы Чемен та 6:2 хыгъдæй кæй рамбылдта дунейы дыууæ хатты чемпион Магомедрасул Газимагомедовы, кæцы финалы 1/8 хайы рамбылдта ирон богал Байты Давиды.
79 кг уæзы категорийы иууыл тыхджындæр уыд Уалыты Радик. Ирон спортсмен финалон тохы рамбылдта Малик Шиваевы – 3:1.
Ирон богалтæй æртыккаг сыгъзæрин майданы хицау та бацис Чертхъоты Гурам (92). Афтæмæй Гурам дыккаг аз фæд-фæдыл фыццаг бынат бацахста ацы турниры. Уый финалы 2:0 хыгъдæй рамбылдта иннæ ирон хъæбысæйхæцæг Тæпсиаты Тамерланы, кæцы ацыд дыккаг бынатыл. Æвзист призер ма ссис Голлоты Витали (125 кг).
Бронзæйон призертæ та систы Тусхъаты Азæмæт (57 кг), Багаты Алан (92 кг), Хуыбылты Ален (125 кг) æмæ Хуыбиаты Хасан (125 кг).
Банысан кæнын хъæуы уый, æмæ фыццаг хатт Хуссар Ирыс-тоны спортивон историйы ерысты хайад кæй райстой æртæ богалы. Сæ цæттæдзинадыл дзы фæлвæрдтой Дзæгъиаты Сослан (97 кг), Зассеты Арсæмæг (125 кг) æмæ Бестауты Андрей (125 кг). Æртæ дæр сты тренер Коцты Тамерланы хъомылгæнинæгтæ.
Сосланæн хорз уавæр уыд бронзæ майдан рамбулынæн. Уый финалы 1/8 хайы 2:0 хыгъдæй тыхджындæр уыд Абдул Курбановæй (Краснодары край). Стæй та 8:4 хыгъдæй рамбылдта Акежан Айтбековы (Казахастан). Æрдæгфиналы Сослан хæцыд Олимпион хъæзтыты чемпион америкæйаг Кайл Снайдеримæ. Кæд бирæтæ хъуыды кодтой, ома æвзонг богалæн иу балл дæр йæ бон не суыдзæн рамбулын, уæд йæхæдæг та афтæ нæ хъуыды кодта. Тох кодта кæронмæ. Бантыст ын 4 баллы дæр бакусын, фæлæ уæлахиз уæддæр бафтыд фæлтæрджындæр хъæбысæйхæцæджы къухты.
Ерысты иннæ бон Сослан бронзæ майдан рамбулыны сæраппонд хæцыд Игорь Овсянниковимæ. Хъыгагæн, Дзæгъиайы фыртæн нæ бантыст йæ курдиат æнæхъæнæй равдисын æмæ фæхæрд. Фæлæ уæддæр уымæ æнæ-кæсгæйæ æвзонг богалæн уый дæр у стыр æнтыст.

ЕРЫСТÆ ЛЕНК КÆНЫНÆЙ

Хуссарирыстойнаг спортсменкæ Уалыты Даянæ æр-тæ майданы рамбылдта ленк кæнынæй Санкт-Петербурджы уагъдцæуæг турнир «Mad Wave Challenge 2022»-ы. Тренер Евгения Терлеевайы хъомылгæнинаг фыццаг бынат бацахста 200 метры дистанцимæ баттерфляйы стилæй ленк кæнгæйæ. Даянæ æвзист майдан та рамбылдта 100 метрмæ фæсонтыл ленк кæнынæй. Бронзæйон хорзæх та рамбылдта 50 метры дæрццæгмæ фæсонтыл ленк кæнгæйæ.

ХУРИТЫ Батрадз

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.