Республикæ Хуссар Ирыстоны æвзæнгты æмæ сывæллæтты спортивон скъолайы хъомылгæнинæгтæ хайад райстой æрвылазон спорты фестиваль «Мирный Кавказ»-ы æмæ каратэйы кекусин-каны хуызæй рамбылдтой дыууæ сыгъзæрин æмæ иу æвзист майданы. Турнир уагъд цыд РЦИ-Аланийы 7-æм октябры. Уым хайад райстой Дагъыстаны, Цæцæны, Адыгеяйы,  Цæгат Ирыстоны æмæ Кавказы æндæр республикæты командæтæ. Республикæ Хуссар Ирыстонæй турниры хайад райтой Созайты Владимиры хъомыл-гæнинæгтæ  Дудайты Донна (45-50 кг), Гаглойты Дианæ (45-50 кг) æмæ Тадтаты Софья (45- 50 кг).  Тадтаты Софья архайдта 45-50 кг уæзы категорийы 12-13 аздзыд чызджыты ‘хсæн. Рамбылдта йæ ныхмæлæуджыты, фæлæ финалон тохы фембылд йе ‘мбæстаг Гаг-лойты Дианæйæн æмæ сси æвзист майданы призер. Гаглойты Дианæ дæр  архайдта 45 -50 уæзы категорийы æмæ уый та сси сыгъзæрин майданы хицау. Дыккаг сыгъзæрин майдан йæ командæйæн æрхаста Дудайты Донна. Донна архайдта 40-45 кг уæзы кате-горийы, фæуæлахиз йæ ныхмæлæуджытæй æртæйыл æмæ уый фæстæ финалон тохы ногæй фæуæлахиз Цæцæнны командæйы спортсменкæйыл æмæ йæ схорзæхджын кодтой сыгъзæрин майданæй.

Кекусин-каны тренер Созайты Владимир куыд зæгъы, афтæмæй уый райгонд у йæ хъомылгæнинæгты архайдæй. «Ацы турниры мæ хъомылгæнинæгтæ равдыстой тынг хорз цæттæдзинад. Дарддæр та мах фæнд кæнæм цалдæр мæйы фæстæ Краснодары уагъд-цæуæг радон спортивон ерысты хайад райсын æмæ ныр  райдайдзыстæм нæхи цæттæ кæнын уыцы ерыстæм».

Хъыгагæн, ныртæккæ нæй фаг æхцайы  фæрæзтæ, цæмæй Созайы фырты хъомылгæнинæгтæ хайад райсой Краснодары ерысты, фæлæ сæ ныфс ис, не ‘мбæстæгты ‘хсæн кæй разындзæн спонсорон æххуыс сын чи бакæна, ахæмтæ.  Ныр та спортивон скъолайы хъомылгæнинæгтæ сæ тренер Созайты Владимиримæ  стыр бузныг зæгъынц Дзауы районы администрацийы сæргълæууæг Чилæхсаты Владимирæн, кæй сын бакодта финансон æххуыс, Дзæуæджыхъæуы уагъдцæуæг турнир «Мирный Кавказ»-ы хайад райсынæн.

Банысан кæнын ма хъæуы уый дæр, æмæ Хуссар Ирыстоны каратэйы кекусин-каны хуызы спортыл кæй цæуы иттæг хорз куыст, æрыгон спортсментæн сæ цæттæдзинад ис бæрзонд æмвæзадыл. Уый та бæлвырд у уымæй æмæ Созайты Владимиры хъомылгæнинæгтæ арæх хайад  кæй райсынц   Уæрæсейы уагъдцæуæг ерысты  æмæ кæддæриддæр бацахсынц  призон бынæттæ. Зæгъæм, Дудайты Донна ма ивгъуыд аз хайад райста РЦИ-Аланийы уагъдцæуæг спортивон фестиваль «Мирный Кавказ»-ы æмæ рамбылдта æвзист майдан æмæ ацы аз та  сси  уыцы фестивалы сыгъзæрин майданы хицау. Донна кæд нырма дыууæ азы йедтæмæ нæ архайы каратэйæ, уæддæр ын ис æнтыстытæ: 1 бронзæ, 1 æвзист æмæ  6 та – сыгъзæрин майдантæ.

Нæ уацх.

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.