Коронавирусы низы ныхмæ домæнтæ кæй фæлæмæгъдæр сты, уый ууыл дзурæг нæу, æмæ нын тæссаг ницæмæйуал у. Æхсæнадон бынæттæм, зианы хабæрттæм цæуын хъæуы маскæты, организациты æвæрд цæуынц антисептиктæ. Адæмы æнæниздзинад сæйрагдæр у. Бирæтæ йæ сæхæдæг дæр бамбæрстой æмæ архайынц сæхи хъахъхъæныныл.

Низы ныхмæ куыд архайын хъæуы, уый бирæтæ нæ зыдтой. Нæ йæ зыдтой дохтыртæ сæхæдæг дæр. Адæмæй бирæты нæ уырныдта низы тæссагдзинад. Нæ сæ уырныдта, цалынмæ сæхæдæг нæ фæрынчын сты, цалынмæ сæхи-уæттæй бирæтæ нæ бахаудтой ацы бæллæхы низы азары, уæдмæ.

Адæймаг йæ фидæн, йæ сомбоныл фæхъуыды кæны. Хъуамæ алкæмæ дæр уа бæллиц, исты хорз хъуыддагмæ тырнындзинад. Кæд сывæллон бахауа хорз ахуыргæнджыты къухмæ æмæ сæ бауарза, уæд уый ахуыргæнæджы дæсныйад равзары. Фæлæ сывæллон нæ вæййы æнæ дохтыры къухтæм бахаугæ дæр æмæ йæм кæд хорз, фæлмæн æмæ мидбыдхудгæйæ дзура, уæд ахæм саби та фæтырны дохтыры дæсныйадмæ.

 Æмæ æцæг медицинон кусæджы ном чи хæссы, йæ дæсныйадæй рынчынтæн цин æмæ амонд чи дæтты, уыдоны адæм уарзынц, кæнынц сын аккаг аргъ, хъæугæ заманы сæ æхсæнад фæагуры цæстырухсæй.

Афтæ у абон дæр нæ уавæр. Дохтырты æх-хуыс бахъæуы, зæгъæн ис, алкæй дæр. Карз низы ныхмæ иумæйаг хъарутæй тох кæнынц бирæ адæм. Кæмæн куыд йæ бон у, афтæ йе ‘ххуысы хай хæссы. Фæлæ абоны хъайтартæ, æнæмæнг, сты рынчындæтты кусджытæ, дохтыртæ, медицинон хотæ,   санитартæ, тагъд æххуысы машинæты шофыртæ. Ацы уавæрты, æнæниздзинад æппæты зынаргъдæр хæзна кæй у, уый æмбаргæйæ, нæ дохтыртæ æвдисынц æцæг хъæбатырдзинад, сæ зонындзинæдтæ, сæ хъарутæ æнæвгъауæй дæттынц рынчын адæмæн.

Иннæ регионтимæ абаргæйæ, махмæ уавæр чысыл хуыздæр уыд, фæлæ дзы уæддæр бирæ адæм фæмард. Нæ дохтыртæ æхсæвæй-бонæй архайдтой рынчынты дзæбæх кæныныл æмæ сын уый тыххæй стыр бузныг.

Карантины рæстæг бирæтæ баззадысты æнæ æхцайæ, æнæ мыздæй. Уыдонæн хъуыдис æвæстиатæй æххуыс кæнын. Æмæ бузныг стæм нæ республикæйы волонтертæй, амалхъомтæй, уыдон æрбалæууыдысты сæ фарсмæ сæ гуманитарон æххуыстимæ. Æххуыс кодтой хойрагæй, халсартæ, дыргътæ, алыхуызон продукттæй. Ахæмтæ дæр дзы уыдис, æмæ-иу сæхæдæг æрбацыдысты æмæ дзырдтой, кæмæн бакæной се ‘ххуысы хай.

Бæстæйы эпидемиологон уавæр хуыздæрæрдæм ивы, фæстаг мæйы дæргъы зынгæ фæкъаддæр, коронавирусæй чи фæрынчын, уыцы адæмы нымæц, фæлæ, УФ-йы президенты ныхасмæ гæсгæ, бæрзонд цæттæдзинады фæтк æмæ сæрмагонд санитарон цæстдарды мадзæлттæ аивынæн рæстæг нæма ‘рлæууыд. Карантины мадзæлттæ лæмæгъдæр кæнгæйæ, кæнæ та бынтондæр аивгæйæ, æнцой кæнын хъæуы специалистты амынддзинæдтыл.

Бузныг медицинон кусджытæн сæ хъæбатырдзинадæн, хæрзаудындзинадæн. Вазыгджын у сæ куыст ныры рæстæджы, адæмы æнæниздзинадыл чи архайы, уыдонæн, сæ зынтæ ницæмæ даргæйæ, кусынц райсомы ныфсæй. Æмæ сын уадз уыцы ныфс дывæр кæнæд!

ДРИАТЫ  Лейла

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.