Нæ кæстæртыл бирæ хæс æвæрд ис, уыдон сты нæ райсомы цардаразджытæ. Сæ сомбон у хъуыдыйаг. Цард куыд ивгæ цæуы, афтæ махæн дæр нæ хæстæ фылдæрæй-фылдæр кæнынц. Нæ кæстæрты ахуыр кæнын хъæуы æфсармыл, нæ ирон æгъдæуттыл, раст фæндагыл сæ аразæм, цæмæй нæм ма уа нозт æмæ хъылма уарзджытæ, фыдбылыз хæсджытæ, уæд Ирыстоны цард æмæ кад домбайæ-домбайдæр кæндзысты.

Фæсивæд махæн сты нæ фидæн, не ‘гьдæуттæ, нæ кад, нæ намыс дарддæр чи ахæсдзæн, уы-дон, æмæ сæ фарсмæ æрбалæууæм, цæмæй нæ бон у, уымæй сын баххуыс кæнæм, канд ныхасæй нæ, фæлæ ма хъуыддагæй дæр. Бæргæ, нæ бон сын-иу куы уаид ахуыры фæстæ куысты ныллæууынæн баххуыс кæнын, стæй та уæд, кæм цæрой, ахæм бынæттæ сын радтын, цæмæй афоныл кæной бинонты хъуыддаг.

Куыст – зæрдæйы рухс, зæгъгæ, дзырдтой нæ фыдæлтæ сæ кæстæртæн. Адæймаг куыстæн у, амыдтой комкоммæ царды рæстаг хъæрмæ. Лæджы фыд сын хæрынмæ нæ бæззыд. Хæрдамондæй сæм куыстамонд хуыздæр касти. Æнæ бакусгæйæ сæ Хуыцауы лæвæрттæ дæр нæ хъуыдысты. Магусаты цæлуарзагæй фидисæн хастой. Иу ныййарæг сын мад уыди, иннæ – зæхх. Зæхх – нæ дарæг, Хур – нæ тавæг, зæгъгæ, дзырдтой, карздæр дзуары бын ард хæрæгау. Зæхх кусын уарзы, æмæ йæ куыд бакусай, ахæм хæрзты дын бацæудзæни. Хуыцау æмæ Зæххæй хордтой ард, кодтой карздæр сомы фыдæлтæ уынгæг хæхты цæргæ-йæ.

Бинонтæ куы уа, уæд сын цот дæр уыдзæн æмæ нæ ирон адæмы нымæц фылдæр кæндзæн. Уый нын абон у стыр сагъæссаг хъуыддаг æмæ кæстæрты царды цæрыныл бинонтимæ аразын хъæуы. Нæ сыхаг адæмтæм иуæй-иутæм ахæм æгъдау ныффидар, æмæ сывæллон куы райгуыры, уæд ын йæ номыл паддзахады хардзæй æвæрд цæуы æхца æфснайæн банчы æмæ йыл цалынмæ 18 азы сæх-хæст вæййы, уæдмæ сыл бафты æмæ йын цæрын æнцондæр вæййы. Йæ бон вæййы ахуыр кæнын дæр æмæ бинонтæ саразын дæр.

Уый хорз хъуыддаг у, æмæ йæ махмæ дæр бафæзмын хъæуы. Уæвгæ, ацы фарстайыл дзургæ кæнæм бирæ, аразгæ та – ницы. Иу бон дæр фæсивæды хъомыладон фарстатæ рох кæнын нæ хъæуы. Нæ иуæй-иу кæстæртæ æгæр уæгъд систы, куысты мæт сæ нæй. Æниу, кусын кæй фæнда, уый йæ алы ран дæр ссардзæн. Уыдон фæлтау ацæудзысты уынгты, паркты лекка кæнынмæ æмæ сæхи æнæгъдауæй дарынц, æхсынæн-тæ къæпп кæнынц, сæ тамакойы æппæрццæгтæ урнæмæ нæ, фæлæ зæхмæ æппарынц.

Уæдæ нæ æрыгон чызджытæй дæр бирæтæ уынгты цæуынц, куыд не ‘мбæлы, ахæм æнаив уæлæдарæсы. Ацы хъуыддаджы фыл-дæр аххос хауы сæ ныййарджытæм. Сæ хæдзæрттæй æрдæг бæгънæгæй цы чызджытæ рацæуынц, уыдонæн сæ рæдыд бамбарынкæ-нынхъом не сты, афтæмæй адæмы ‘хсæнмæ цæуæн нæй, зæгьгæ. Æви мæнæ иуæй-иутæ куыд фæзæгъынц, сæ рæстæг ахæм у, зæгъгæ, æмæ сæ сæхи фæндыл ауадзын хъæуы. Кæстæрæн зонд амонын хъæуы, хъуамæ кæмфæнды дæр йæ нацийы кад хъахъхъæнын фæраза, æгьдау æм уа. Æмæ ацы фарста канд ирæттæм нæ хауы, фæлæ иннæ адæмты минæвæрттæм дæр. Ам уайдзæф кæнын хъæуы ныййарджытæн. Уыдон хъуамæ уыной, сæ алыварс хорзæй дæр æмæ æвзæрæй дæр цы ис, уый, æмæ архайой йæ фесафыныл.

Æууæнк æмæ хæрзæгъдаудзинад адæймаджы кæнынц кадджын æмæ нæхи хъуамæ мацы хъуыддагæй иппæрд дарæм. Фæсивæд у нæ зæрдæдарæн, нæ фидæн, æмæ бацархайæм ууыл, цæмæй нæ æрыгон фæлтæр рæза æмæ хъомыл кæна хъаруйæ фидарæй, зонд æмæ удыхъæдæй – тыхджынæй. Уадз æмæ ныфсджынæй бахизой нæ кæстæртæ хистæрты бынатмæ.

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.