Дунейы цы ног хуызы короновирусон инфекци рапарахат, уымæй æвыдæй нæ баззад нæ республикæ дæр. Бæстæйы æнæниздзинад хъахъхъæныны объекттæн сæ фылдæр хай раконд æрцыд ацы пандемийы ныхмæ тох кæнынмæ. Цыфæнды низы ныхмæ дæр сæйраг у дохтыры амындтытæм гæсгæ хос кæнын, къаддæр нæу медицинон хойы куыст дæр. Фæлæ ацы уацы æз æрдзурдзынæн пандемийы рæстæджы медицинон уагдæтты хуымæтæг санитаркæты уæхсджытæм цы уæззау уаргъ æрхаудта, ууыл. Банысан кæнын мæ фæнды уый, æмæ хатт ацы категорийы кусджыты куыст иуварс аззаййы, афтæмæй та уыдоны уаргъ дæр уæззау у æнæздзинады къабазы лæггадгæнгæйæ, уыдон дæр сты нæ дуджы хъайтартæ.

Нæ горæты цæрæг Туаты Татьянæ республикон бирæпрофилон медицинон центры дæргъвæтин азты кусы санитаркæйæ. Ацы сылгоймаджы чи зоны, уыдонæй мыл никæй зæрдæ бахуддзæн – ацы адæймаг кæй у уæздан, уæзбын, хиуылхæцгæ æмæ æнæзæрдæхуд куыст чи кæны, ахæм. Таня кусы республикон рынчындоны хирургион хайады, фæлæ вирусæй рынчынты нымæц фылдæрæй фылдæр куы кодта, уæд рынчындæтты хайæдты нал фаг кодтой алыгъуызон медицинон кусджытæ. Уыцы рæстæджы бирæпрофрофилон медицинон центры администраци сæрмагонд график сарæзта центры æппæт персоналæн æмæ Таня дæр хаст æрцыд «сырх зонæйы» рад хæссынмæ, цæмæй æххуыс кæной не мзæххонтæн ацы вазыгджын рæстæджы.

«Ацы рæстæг никуы ферох уыдзæн мæнæй. Адæймаг тынг фæллайы æхсæвы сменæты кусынæй, æгъуыссæгæй æмæ индивидуалон хъахъхъæнæн дарæсы. Ацы сæрмагонд дарæсы, алчидæр æй зоны, нæдæр адæймагæн хæрыны фадат ис, нæдæр дон нуазыны. Фæлæ, æвæццæгæн, адæймаг бахъуаджы рæстæджы алы уавæртыл дæр ахуыр кæны»,- дзуры Татьянæ.

Нæ фарстæн, зæгъгæ, разы уыдтæ «сырх зонæйы» кусыныл, Татьянæ загъта, зæгъгæ, уый у медицинæйы къабазы алы кусæджы æвæджиаг хæс, уымæн æмæ мах цæрдæг куынæ фæлæууæм ацы тæссаг низы ныхмæ, уæд дарддæр йæ кæнон кæндзæн.

Ацы парахат зæрдæйы хицау, йæ куыстыл æнувыд адæймагæн дæр йе нæниздзинад бынтон йæ уагыл нæу, фæлæ уæддæр хъазуатон куыст кæны, низы ныхмæ тох кæм цæуы, уым. Медицинон уагдæтты æрмæст сыгъдæгдзинадыл, æфснайыныл нæ архайы, фæлæ рынчынтæм палатæтæм хæссы, сæ хиуæттæ сын цы æрвитæггæгтæ бахæссынц, уыдон. Уæззау рынчынтæн æххуыс кæны сынтæгыл æрзилынæн, кæмæн доны агуывзæ сын сæ дзыхмæ бахæссынæн æмæ афтæ æндæр хъуыддæгты.

«Мæнæн чизоны не мбæлы рынчынты уавæрыл дзурын, фæлæ рынчындоны адæймаг уыны куыд тыхсынц. Алы уæззау рынчыны уавæрыл дæр адæймаг маст кæны, стæй нæ республикæ дæр афтæ стыр нæу, æмæ сæ фылдæры зоныс. Тыхсыс алы рынчыны уавæрыл дæр, куыд тох кæнынц низы ныхмæ, фæнды дæ, цæмæй сæнæниз уа…фæлæ, стыр хъыгагæн, хатт мæлæт разыны тыхджындæр», – дзуры уый.

Алы адæймаджы фæхъуыд дæр тынг зын вæййы æппæт медицинон персоналæн дæр.

Коронавирусон инфекцийы ныхмæ тох кæныны хъуыддаджы цы медицинæйы кусджытæ архайынц, уыдоныл ма ис ноджы иу бæрнон хæс – хъуамæ сæ æнæниздзинадмæ уæлдай цырддзаст уой, сæхи хизой карз вирусæй, цæмæй дарддæр лæггад кæной рынчынтæн. Хи бахъахъхъæныны нысанæн цы сæрмагонд уæлæдарæсы кусынц, уый куы раласай, уæд хъуамæ дæхи рыхсай, дезинфекци скæнай æмæ афтæмæй рахизай сыгъдæг зонæмæ. Рæстæгæй рæстæгмæ сын арæзт цæуы инфекци рабæрæг кæныны нысанæн тестытæ дæр, тæссаг зонæйы кусгæйæ цæмæй сæ бинонты дæр ма фæрынчын кæной ацы зианхæссæг вирусæй.

***

Биазырты Риммæ дæр санитаркæйæ кусы республикон бирæпрофилон медицинон центры инфекцион хайады. Йæ ныхæстæм гæсгæ, ныртæккæ кæд чысыл æрнымæг инфекцион низ, уæддæр уыд ахæм рæстæг, æмæ дывæр æмæ æртывæрæй сæ куыст куы æххæст кодтой. Уый дæр банысан кодта, уæззау кæй у вирусы ныхмæ сæрмагонд дзаумайы архайын – адæймаг хид кæны, зын улæфæн у респираторæй, фæлæ, зæгъгæ, цы гæнæн ис, ахæм рæстæг ныккодта, æмæ…

Санитаркæйы куыст уæззау рæстæджы нæ ирвæзы дохтыртæ æмæ медицинон хоты цæстæй дæр – Риммæ дæр æрлæууыд йе ннæ кусджыты æмрæнхъ æмæ æнæзæрдæхудтæй дывæр хъаруйæ æххæст кæны йæ хæстæ. Æртæ боны иу хатт æхсæвæй-бонæй уый æххæст кæны йæ бæрны цы куыст ис, уый. Рынчынтæн хæссы хæринаг æмæ уары, йæ хъус дары сыгъдæгдзинадмæ, медицинон хотæн æххуыс кæны, уымæн æмæ уыд рæстæг, æмæ рынчынты нымæц фылдæрæй – фылдæр куы кодта, уæд-иу медицинон хотæ дæр фæтыхстысты, хъуыд сæм æххуысы къух фæдарын.

Биазырты Риммæ æмæ Туаты Татьянæ райгонд сты сæхицæй, бахъуаджы рæстæджы нæ æмбæстæгтæн уыдон дæр сæ уæзгæ æмæ хъæуæг бавæрд кæй хæссынц, нæ республикон бирæпрофилон медицинон центры низы ныхмæ хъазуатон тох цы уагдæтты цæуы, уым. Уадз, зæгъгæ, медицинæйы фадыджы кусджыты æмæ æппæт нæ бæстæйы æмæ дунейы цæрджыты ахæм арфæ уæт, æмæ ахæм тæссаг низ тагъд куыд фесæфа никуыуал бахъæуа йæ ныхмæ тох кæнын.

КЪÆБУЛТЫ Марина

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.