Æртæ мæйæ фылдæр цæуы сæрмагонд хæстон операци Донбассы, æртæ мæйы æнæхъæн дуне йæ хъус дары Украинæйы цаутæм. Скъуыйынц адæм аххосджынæй, æнæаххосджынæй. Арæхæй-арæхдæр дыууæ хæцæг фарсы ифтонг цæуынц нырыккон хæцæн-гæрзтæй.

Мах æууæндыдыстæм, æвдай авд азы фæстæ адæм хатдзæгтæ скæндзысты, цæуылдæр сахуыр уыдзысты, аргъ кæндзысты, ахæм зынтæй нæ къухы чи бафтыд, уыцы уæлахизæн. Фæлæ куыд уынæм, афтæмæй истори ныгуылæйнаг политикты ницæуыл ахуыр кæны. Хъыгагæн, милуангай адæймæгтæ æнæхъæн дунейы, уыимæ Уæрæсейы, стæй ам, Ирыстоны дæр, ацы сæрмагонд хæстон операцийы нысаниуæг не ‘мбарынц. Арæх фехъусæн вæййы, не ‘фсад уым цы аразы, цæмæн кæнæм агресси æмæ афтæ дарддæр.

Ахæм адæм, сæхæдæг дæр æй не ‘мбарынц, афтæмæй не знæгтæн æххуыс кæнынц информацион хæсты, кæцы Ныгуылæны кæны нæ ныхмæ. Ахсджиаг у уый бамбарын, æмæ мах кæй никæмæ бырсæм. Уæрæсе хæст никуы райдыдта, уый хæстæн кæрон сæвæры.

Уæрæсейы гæрзифтонг тыхтæ ныхкъуырд дæттынц, нæ бæстæйы ныхмæ бирæ азты цы хорз бацæттæгонд агресси ис, уымæн. Украинæ та ацы хæсты æххæст кæны «троянаг бæхы» роль. Ныртæккæ Украинæйы цытæ цæуы, уый чи не ‘мбары, уыдон знагæн дæттынц ахæм бæркадджын мæр, кæцы ран сæвзæрынц æнæуынондзинад æмæ æнæууæнчы æвзартæ Уæрæсейы ныхмæ.

Бирæ азты дæргъы Украинæйы фæзуат национализмы хæлиугæнæг кæй уыд, уый абон æмбæхсинаг нал у.

Украинаг адæмы хъæбатыртæ систы уыцы лæгмартæ, кæцыты схъомыл кодта Гитлер-Бандера æмæ йæ хуызæтты, УПА-æмæ УНА-йы уæнгтæ, кæцытимæ нæ фыдæлтæ Фыдыбæстæйы тугкалæн хæсты рæстæджы æнауæрдон тох кодтой.

Мæ фыд, хæсты инвалид, Сталинграды тохты архайæг Хæмыцаты Зелимхан-иу дзырдта, зæгъгæ, немыц сæхæдæг дæр тынг дис кодтой украинаг националистты сырдон æгъатырдзинадыл, кæцытæн нæ уыдис моралон гæрæн сывæллæтты æмæ сылгоймæгты марынмæ.

Украинæйы зæхх йæ царды аргъæй чи ссæрибар кодта, уыцы Советон инæлартæ æмæ салдатты хонын райдыдтой украинаг адæмы «оккупанттæ» æмæ «лæгмартæ». Алы ран пырх кодтой советон æфсæддон разамонджыты цыртытæ æмæ æнусон кодтой националистты разамонджыты ном.

Украинаг адæм знаджы къухы систы эксперименттæгæнæн объект æмæ хардзы ‘рмæг. Сæ фидæныл сын ничи мæт кодта. Хæдбар бæстæйы фæзуатыл знаг сæвæрдта æртын æфсæддон сусæг лабораторийы, кæцы ран ныгуылæйнаг ахуыргæндты амындæй, Уæрæсейы ныхмæ арæзтой биологон хæцæнгарз. Уыцыиу рæстæджы кодтой бæстæйы хъæздыгдзинæдтæ давыны куыст. Зындгонд украинаг саусыджыт мингай вагæттæй ластой ныгуылæнмæ. Æппæт пайдаджын бынæттæм нысангонд цыдысты сæхи адæм.

Уый уын ницы уæ зæрдыл лæууын кæны?!

Гитлерон лæгмарты оккупаци дæр Украинæйы цыд ахæм хаххыл, сæ идейон фыд Уинстон Черчиллы принциптыл: «Кусын хъæуы сæ фæси-вæдимæ».  Бынтондæр ивд æрцыд ахуыры системæ. Скъолайы чингуы-тæй фæцух кодтой æппæт рæстдзинад дæр Фыдыбæстæйы Стыр хæсты тыххæй, йæ бынат ын бацахста бандерон лæгмарты «Рæстдзинад».

Уал азы сывæллæтты зæрдæты кæй тыдтой, уыцы русофоби радта тыллæг.

Лозунг «Убей москаля!» ныффидар ис фæсивæды ‘хсæн. Æууæндын нæ хъæуы уыцы хъуыдыйыл æмæ Украинæ мах фесæфтам 2014 азы. На-ционализм æмæ нацизмы хъæстæ тауинæгтæ Украинæйы бæркадджын зæхмæ æрхаудтой Советон Цæдисы ныппырхы фæстæ.

Æмæ, стыр хъыгагæн, уæдæй рахъомыл дыууæ фæлтæры, кæцыты уырны æмæ се ‘ппæт къуыхцыты аххосджын сты Уæрæсе æмæ уæрæсейæгтæ. Ныгуылæны сау тыхтæ бафсæстой æмæ схъомыл кодтой фыдæх. Фыдæхы та хъæуы нывæндтæ, бирæ нывæндтæ…

24 февралы 2022 азы, Украинæ фаг кæмæн нал уыд æмæ нæ бæстæ-мæ йе ‘ргом чи раздæхта, уыцы æнæфсис фыдæх райста дзуапп. Мах не ‘ппæт дæр хъуамæ ‘мбарæм: Скæсæн Украинæйы бахъахъхъæнгæйæ, мах сабыр царды гаранти дæттæм нæ адæмæн, Уæрæсейæн, йæ фидæнæн.

Мæ кæстæр фырт Сосланбег, æфсæддон контрактыл службæгæнæг уæвгæйæ, уыцы заман командировкæйы уыд Хъырымы. 24 февралы мæм фæдзырдта æмæ загъта: «Папæ, мах æрвитынц Донецкмæ, мæ мадæн мын мацы зæгъ». Æз цы уавæры уыдтæн, уый ныййарджытæ бамбардзысты. Цасдæр рæстæг мæхимæ не ‘рцыдтæн, стæй загътон лæппуйæн: «Хуыцау дын æххуысгæнæг уæд æмæ макуы рох кæн, кæцæй рацыдтæ, уый».

Стыр хъыгагæн, дæсгай бинонтæ нал федтой сæ фыртты… Сæ ном рох макуы уæд!

Ацы сæрмагонд хæстон операцийы рæстдзинадыл дызæрдыг мачи кæнæд. Мах аххосджын не стæм. Мах хъахъхъæнæм, нæ хистæртæ цæуыл тох кодтой æмæ мардысты, уыцы сæрибардзинад æмæ удварны хæзнатæ.

Уæлахиз уыдзæн мах!

                                                                       ХÆМЫЦАТЫ Тигран,

                                                     «Северная Осетия», 26 май, 2022 аз

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.