Газет «Хурзæрин»-ы  98-æм номыры (26.05.2022) Дзабиты  Зарбег йе ‘рмæг «Не ‘взаг, не ‘гъдæуттæ!!!»-йы размæ кæны мадæлон æвзаджы проблемæ дæр. Уый æцæгдæр у иттæг актуалон. Æвзаг рагæй фæстæмæ у этникон æмхуызондзинады сæйрагдæр фактортæй сæ иу, чи йыл дзуры, уыдон бæрæг этносмæ кæй хауынц, уыцы нысан уæвгӕйӕ..

«Æвзаг у нацийы уæвынады æнæмæнгхъæуæг æууæл» – уый у мæ фундаменталон куыст «Биологи æмæ медицинæйæ уырыссаг-ирон энциклопедион дзырдуат. Неологизмтæ æмæ терминты системæ»-мæ эпиграф. Ахæм бындурон фæллæйттыл æнæхъæн коллективтæ, уæлдæр ахуыргæнæндæттæ æмæ зонадон-иртасæн институттæ фæкусынц. Мæнæн та мæ дзырдуат, мæхи сæрмагонд фыдæбон, кæцыдæр мæнг ахуыргæндтæн æнцойад нæ дæтты. Зæгъæм, сæ иу ахæм дам-думтæ парахат кæны, ома мын æй æндæр чидæртæ ныффыстой. Фæлæ Дзабиты З. алкæйдæр фæстейæ ныууагъта…

Йæ уацгонды автор мæн азымджын кæны плагиаты, цыма йын æз спайда кодтон йæ примитивон, цы фæнды критикæйы ныхмæ дæр чи нæ фæлæудзæн, йæ уыцы зонадон-популярон рауагъд  «Ирон адæмы медицинæ»-йæ. Табуафси, комкоммæ йæ зæгъæд, цы дзы «радавтон», уый, иунæг-иу цæвиттон  мын  уæддæр æрхæссæд… Дзырдуатыл кусгæйæ,  мæнæн бæрæг æххуыс бакодта нæ горæты 5-æм астæуккаг скъолайы ахуыргæнæг Тедеты Батрадз, æмæ уый номыл чиныджы титулон сыфмæ æз бахастон бузныджы ныхæстæ.

Зæгъдзынæн уал уый, æмæ, газеты иу фарс чи ахсы, уыцы æрмæджы кæй ис дунейы орфографион, пунктуацион æмæ стилистикон рæдыдтытæ. Æрхæсдзынæн дзы иу-цалдæр:

æрæздæхдзæн (æрыздæхдзæн), æрма (нырма), кæнæт (кæнæд), дзаджын (дзаджджын), æрæмысы (æрымысы), рафыс-бафыс (рафысс-бафысс), труба (хæтæл), Лиахва (Леуахи), корреспондент (уацхæссæг), соцсеты (соцхызæджы) æмæ а. д.

Дзабиты Зарбеджы “куыстæн”, æгæрыстæмæй, йæ ном дæр – ” Ирон адæмы медицинæ” – æвзæрын кæны гуызавæ: адæмы медицинæ нæ фæлæ адæмОН медицинæ, афтæ ма йæ «куысты» хосгæнæн зайæгойты бындурыл иунæг-иу адæмон мадзал дæр хаст не ‘рцыд.

Йæ «куысты» кой йын куы кæнæм, уæд уымæн та комкоммæ схонæн ис юмористон журналы æрмæг, уый тыххæй фаг у мæнæ ахæм цæвиттонтæ æрхæссын:

бæхыдзыккитæ – букв. сыр лошади ?! (161ф.);

лæгъзтæйы низтæ – болезни, которым делали табу?! (172ф.);

лыскъниз – болезнь гниды?! (172ф.);

æхгæдниз – закрытая болезнь?! (159 ф.);

æлвæстæвæрын – ставить вывих?! (157 ф.);

æндыснæджы бон – день ревматизма?! (158 ф.);

тугтæдзæг – тот, кто закапывает глаз кровью (?!);

адджын къæцæл – корень от грудных заболеваний (букв. сладкая палочка) (?!) (156 ф.);

лурсмана (гуырдзиаг дзырд!) – болезнь шеи быка (?!) (172 ф.) æмæ а.д.

Куыд ирон адæймаг, афтæ мæнæн мæ цæсгом судзы адæттæ фыссынæй, æмæ мæ нал фæнды, хуымæтæджы логикæ кæм нæй, бирæнымæц ахæм цæвиттонтæ дарддæр хæссын…

Бирæйыл фæхъуыды кодтон, хъæуы æви нæ мæ адресыл ацы цъыфкалдæн дзуапп раттын – ахæм адæймагæн, кæцы не ‘мбары канд биологи æмæ медицинæйы нæ, фæлæ ма, йæ хи кæй дæсны хоны, уыцы ирон æвзаджы æппæты хуымæтæг дæр фарстытæ дæр. Уымæн æвдисæн – йæ уацы  цас рæдыдтытæ æруагъта, уый. Афтæмæй Дзабиты Зарбег кусы ХИПУ-йы профессорæй æмæ ма уый æмрæстæджы Уанеты З. Н. номыл ХИЗИИ-йы зонадон кусæгæй дæр. Цы хъуамæ бацамона ахæм «ахуыргонд» студенттæн æмæ цахæм зонадон куыст хъуамæ кæна зонадон-иртасæн институты?

Дзабиты З. уæлдæр банысангонд «куыст» у талынгдзинады классикон цæвиттон. Зайæгойтæ, цæрæгойтæ, афтæ ма адæймаджы æмæ цæрæгойты низты нæмтты тыххæй РХИ-йы хъæуты цæрджытæй информаци æмбырд кæнгæйæ, уый, æгæрыстæмæй, йæхи нæ батыхсын кодта нæдæр сæ системæмæ æркæныныл, нæдæр ирон нæмттæн уырыссаг æвзагыл æмбæлон нæмттæ  раттыныл (дзырдты 90 процентæн лæвæрдæуы абсурдон бæрæгкæнынæдтæ). Ирон æвзагыл сын сæ нæмттæ дæтты, фæлæ сæ дарддæр нæ идентификаци кæны. Зæгъæм:

халондзæст – сорное растение (186 ф.). Æцæгæй та уырыссагау хуыйны «вороний глаз»;

хуымысындз – назв. травянистого растения (189 ф.). ацы зайæгойæн дæр ис ном – бодяк;

дебогъ – болезнь животных (?!) æмæ а. д.

Автор тынг бирæ дæтты æнæмбæрстгонд, хуымæтæджы логикæ кæм нæй, терминты ахæм бæрæгкæнынæдтæ:

хæлæнхос – нарывающее лекарство (?!) (164 ф.);

хих – веточка; побег (?!) (188 ф.);

табызгъуа – полип, лишний нарост в носЕ лошади (?!) (181 ф.).

Раст фыст дзы чи сты, уыцы терминтæ та сты дзырдуæттæй ист.

Йæ уацгонды Дзабиты З. фыссы, цыма æз ирон æвзагмæ бахастон 8 мины бæрц ног дзырдтæ. Афтæмæй та мæ дзырдуаты фыст ис «6 минмæ ‘ввахс термины».

Мæ дзырдуатæн мын рецензитæ радтой Хуссарæ мæ Цæгат Ирыстоны ахуыргæндтæ, уыдоны ‘хсæн профессор  Дзиццойты Юри дæр. Дзырдуæттæй сæ иу – «Æрдззонæны æмæ медицинæйы уырыссаг-ирон энциклопедион дзырдуат.  Неологизмтæ æмæ терминты системæ» – хорзыл банымадæуыд æмæ мыхуыр æрцыд Уæрæсейы зонæдты академийы Дзæуджыхъæуы зонадон центры Абайты Васойы номыл ЦИГСИИ-йы эгидæйы бын.

Социалон хызæгтæй йæ зонын, мæ иуæй-иу неологизмтæй мын ныридæгæн пайда кæй цæуы, уый. Уымæй уæлдай ма мæ дзырдуатæй терминтæ-неологизмты стыр нымæц бахастæуыд Википедийы уырыссаг-ирон дзырдуатмæ дæр. Мæ библиотекæйы та ис ирон-уырыссаг æмæ уырыссаг-ирон дзырдуæттæ, стыр Къоста, Хаджеты Т., афтæ ма нæ поэттæ, прозаиктæ æмæ ахуыргæндтæн сæ фылдæры чингуытæ зæрдылдарæн фыстытимæ. Йæ уацгонды бын уый нысан кæны, ома йæ ныффыста 2016 азы августы. Мæнæн та мæ дзырдуаты тыххæй Къостайы номыл премии лæвæрд æрцыд октябыры, дыууæ мæйы фæстæ?!

Хъыгагæн, Дзабиты З. йæ зонынæдты æмвæзад ницæмæй хицæн кæны, æрмæг кæмæй æмбырд кодта, уыдоны æмвæзадæй. Рæстдзинады охыл зæгъын  хъæуы: адæмон хæзна кæй бахъахъхъæдтой, уымæ гæсгæ уыдон стырдæр кады аргъ сты.

Газеткæсæджы зæрдыл ма æрлæууын кæндзынæн ахæм факт дæр, æмæ 2010 азы 20 ноябры  газет “Хурзæрин”-ы 94-æм номыры мыхуыр кæй æрцыд не стыр ахуыргонд, Ирыстоны адæмон поэт Джусойты Нафийы уац “Бæстондæр кус, æфсымæр”, цыран автор карзæй критикæ кæны Дзабиты З., цæрæнбонты зонадон æгъдауæй кæуыл кусы, уыцы фразеологизмты бæрæг хай раст кæй нæ иртасы, уый тыххæй.

Гæнæн ис, уæрæх дзыллæтæ нæ базыдтаиккой Дзабиты Зарбегæн йæ æнæахуырдзинад æмæ талынгдзинады тыххæй, йæ æнæбындур амбициозондзинад куынæ уыдаид, уæд.

 

КОКОЙТЫ Теймураз,

профессор, Хетæгкаты Къостайы номыл

Паддзахадон премийы лауреат,

РХИ зонады сгуыхт архайæг, РЦИ-А ахуырады сгуыхт кусæг,

Абхаз æмæ Арцахы паддзахадон университетты

кадджын доктор, ЭÆЗÆА-йы (МАНЭБ-ы) академик,

«Сгуыхт автор»-ы кадджын номхæссæг,

«Кады орден», «Хæлардзинады орден»,

М. Ломоносовы номыл «Рухсады æмархайæг»,

«Зонадон литературæмæ хайбавæрды тыххæй» ордентæхæссæг.

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.