Ӕвæццæгæн не хсæнады алы адæймагыл дæр бандæвтой Украинæйы æрцæугæ хабæрттæ æмæ нæ алчидæр фæхъуыды кæны – «цы уыдзæнис дарддæр?». Уæлдайдæр та алыгъуызон информаци исгæйæ сæвзæры дызæрдыгдзинад, раст анализ нал фæаразæм æмæ алыгъуызон провакаторты фæдыл ацæуæм. Йæ рæстæджы зынгæ немыцаг политик æмæ дипломат Отто фон Басмарк дзырдта, зæгъгæ, «иууыл фылдæр сайынц хæсты, цуаны æмæ æвзæрстыты агъоммæ».

Куыдфæнды ма уа, уæддæр ацы хъуыддаджы Путин ницы рæдийы, кæд тынг бирæ бæстæтæ йæ ныхмæ рацыдысты, уæддæр. Æмæ уыцы бæстæты афтæхуыйнæг «къухдариуæггæнджытæм» лæмбынæг куы æркæсæм, уæд ирдæй фендзыстæм, иууылдæр кæй сты АИШ-ы вассалтæ æмæ сын куыд дзуры, афтæ кæй аразынц.

Америкæйаг политиктæ се ‘мцæдисонтимæ цъиувæдис уымæн сарæзтой, æмæ æмбарынц, Путин йæ хъуыддаг кæронмæ кæй бакæндзæнис, уый. Нырма афтæ никуы уыд æмæ Уæрæсейы Федераци Путины сæргълæудæй хæстон архæйдтыты фембылды уа, кæнæ уырыссаг хæстоны кад дæлæмæ æруадза. Уымæн æвдисæн сты Цæцæны, Гуырдзыстоны, Сирийы, Хъырымы æмæ Хæххон Карабахы хæстон архæйдтытæ. Ныридæгæн Украинæйы цы сæрмагонд æфсæддон операци цæуы уагъд, уый дæр нымайынц æнтыстджыныл, æгæрыстæмæй ма америкæйаг æфсæддон специалисттæ дæр. Æцæгæйдæр æфсæддон хъуыддаг чи æмбары, уыдон иууылдæр банысан кодтой уæрæсейаг æфсæддонты архайды бæрзонд æмвæзад æмæ арæхстдзинад, æмæ операцийæн та йæхи схуыдтой уникалон, уымæн æмæ ныры онг ахæм æфсæддон маневр иу бæстæйæн дæр нæ бантыст саразын.

Уæрæсейаг хæстонтæн зын у ахæм операци æххæст кæнын æмæ йæ аххосаг та уый мидæг ис, æмæ сын сæ къухдариуæгад сæ разы иууыл сæйрагдæр хæс æрæвæрдта, цæмæй бынæттон цæрджытæ гæнæн уæвгæйæ ма бахъыгдард уой. Ахæм уавæрты сæ авналæнтæ сты къуындæг, сæхи бахъахъхъæныны æдде ма хъуамæ бахизой фыдбылызтæй бынæттон цæр-джыты дæр, æмæ ахæм уавæрты къаддæр æнтысы исты аразын. Уæлдайдæр та 8 азы дæргъы Донецкы æмæ Луганскы ныхмæ кæцы украинаг æфсæдтæ лæууыдысты, уыдон ахæм фидæрттæ сарæзтой сæхицæн, æмæ сæ сармадзаны нæмгуытæ дæр нал исынц. Стæй ма нымæцæй дæр бирæ сты – ацы фронты æдзух дислокаци кодтой 120 мин æфсæддоны бæрц, æмæ нымад цыдысты украинæйы иууыл цæттæдæр дæлхæйттыл. Се хсæн ма ис «фашистон» батальонтæ дæр, кæцытæ 2014 азæй фæстæмæ нуазынц украинæйы цæрджыты туг æмæ ныр сæхи уацары раттыныл хъуыды дæр нæ кæнынц. Уый та уымæн æмæ йæ хорз æмбарынц, – удæгасæй кæд баззайой, уæддæр ахæстонмæ у сæ фæндаг, æмæ ныр алы амæлттæй дæр архайынц хæсты цæхæрæй раирвæзыныл.

Ацы конфликты райдианмæ куы æркæсæм, уæд ирдæй бæрæг у, хæст ныр кæй нæ райдыдта, фæлæ йæ фæуынмæ кæй фæхæццæ кæны. 1991 азы Украинæ куы рахызт Советон Цæдисы скондæй, уæдæй фæстæмæ йæ сæ дæлбар бакодтой АИШ æмæ йе мцæдисонтæ æмæ алцыдæр арæзтой, цæмæй бонæй-бонмæ дард кодтаид Уæрæсейæ. Æгæрыстæмæ дзы нысанмæздæхтæй уагътой фашистон пропагандæ, райрæзын дзы кодтой фæлтæр, кæцытæн уырыссаг адæймаг сссис æнæуынон æмæ йæм æдзух кæстысты знаджы цæстæй.

Уæды рæстæджы Уæрæсейæн йæхи уавæр дæр мæгуырау уыд æмæ йæ йæ сыхаг бæстæтæм кæм æвдæлд. Уымæ гæсгæ хурныгуылæйнаг «демократтæ» сæ кæнон кодтой – схъомыл кодтой мингай æрыгон гоймæгты, кæцытæн абоны бон ис фашистон хъуыдыкæнынад, кæцытæ цæттæ сты уæрæсейаг æмбæстаджы æнæаххосæй амарынмæ. Уымæн ирдæй æвдисæн уыд 2014 азы паддзахадон фæфæлдæхт, «майданон» революци кæй рахуыдтой, уый, кæцыйы фæстиуæгæн фашистон режим ссис Украинæйы дарддæры къухдариуæгад. Уæдæй фæстæмæ бынæттон цæрджытæ баисты сæ ахæсты æмæ Донецкы æмæ Луганскы цæрджыты ныхмæ та расидтысты хæст. 2014 азæй фæстæмæ æрмæст Донецк æмæ Луганскы областты фашистты къухтæй фæмардыст 15 мин адæймагæй фылдæр, кæцыты хсæн уыдысты æнахъом сывæллæттæ дæр. Тæхудиаг нæ уыд иннæ регионты цæрджыты уавæр дæр, – «бандеровецтæ» æмæ ма алыгъуызон бандиттæ мардтой æмæ хынджылæг кодтой бынæттон цæрджыты.

Куыд рабæрæг, афтæмæй хурныгуылæйнаг «фæзминаг демократтæн» уый дæр фаг нæ уыд æмæ радон æвзæрстыты Украинæйы президентæй «æвæрд» æрцыд «клоун» æмæ наркоман Владимир Зеленский. Ома кæд цæфæй нæ мæлыс, уый та дын рæхуыст. «Æвæрд» та уымæн æрцыд æмæ иуæй Донецкы æмæ Луганскы областты цæрджытæ æвзæрстыты хайад нæ райстой, иннæмæй та, фашистон режимы хуымæтæг адæмы истæмæй чи фæрсы – цæстмæ митæ акодтой æвзæрстыты æмæ сæ цахæм президент хъуыд, ахæм снысан кодтой.

Украинæйы сæвзæргæ уавæры фæдыл Путин рагæй сидт АИШ-ы æмæ Европæйы бæстæты къухдариуæгадмæ, зæгъгæ Украинæйы фашистон режим комкоммæ æртхъирæн кæны Уæрæсемæ. Фæлæ йæм чи хъуыста – дарддæр æй ифтонг кодтой æхсæнгарзæй, цæттæ йын кодтой йе фсæддонты, сæ цæстытæ æхгæдтой алы фыдракæндтыл дæр. Путин æй хорз æмбæрста, абон уа æви сом, Украинæйы æфсады комкоммæ кæй ныццæвын кæндзысты Уæрæсейыл. Æмæ рæстæг куыд цыд, афтæ ноджы хъомысджындæр кодтой украинæйаг фашисттæ, сæ нымæц фылдæр кодта, сæ æхсæнгарз сын ногæй-ногмæ ивтой, сæ цæттæдзинад та бæрзонддæр æмвæзадмæ кодтой. Ахæм уавæрты хъуыд исты аскъуыддзаг кæнын.

Зынгæ израилаг дипломат æмæ кадрон æфсæддон Яков Кедмийы хъуыдымæ гæсгæ Путин бирæ фенхъæлмæ каст АИШ æмæ Евроцæдисы бæстæтæм, ома мæ фехъусдзысты æмæ исты къахдзæфтæ сараздзысты фашистон режим раппарыны тыххæй, фæлæ æнæхъуаджы.

АИШ æмæ мцæдисонтæн райдианы дæр сæ план афтæ уыд, цæмæй дыууæ хæстæг нацийы кæрæдзийы ныхмæ скæной æмæ туг ныккæла. Иуæй дестабилизаци сараздзысты Европæйы астæу æмæ йæ Уæрæсейы фсон фæкæндзысты, иннæмæй та ахæм хæстон архæйдтыты Уæрæсейы Федераци æрлæмæгъ уыдзæн æмæ йыл, ома нæ бар тынгдæр цæудзæнис. Джо Байден æй комкоммæ загъта, зæгъгæ ацы хæстон архæйдтытæй Уæрæсе лæмæгъæй рахиздзæнис, мах та стыхджын уыыдзыстæм.

Политологтæ æмæ хæстон аналитикты хъуыдымæ гæсгæ Путин ахæм къахдзæф сарæзта Зеленскийы æдылы ныхæсты фæстæ, ома, дам, Украинæ хъуамæ сараза ядерон æхсæнгарз. Яков Кедми куыд æмбарын кæны, афтæмæй Путинæн æндæр гæнæн нал уыд, уымæн æмæ иуæрдыгæй фашисттæ æрвылбон туджы лæсæнтæ уагътой Украинæйы хурыскæсæн хайы, ин-нæмæй та тæссаг уыд Уæрæсейы æдасдзинадæн дæр.

«Ахæм сæрмагонд операци саразын фæахъаз ис тынг бирæ адæмы мæлæтæй фервæзын кæнынæн. Уымæй уæлдай ма Путин Европæйы бахызта æртыккаг дунейон хæстæй. Комкоммæ йæ куы зæгъæм, уæд æй алчидæр æмбары, маймунимæ атомон бомбæ куы радтай, уæд дзы йæхи дæр фесафдзæнис æмæ æгас дуне дæр», – зæгъы израилаг дипломат.

Адекватон адæм æй кæддæриддæр æмбæрстой, «проект Украинæ» сæрмагондæй арæзт кæй у Уæрæсейы ныхмæ æмæ йæ рæстæг куыд равдыста, афтæмæй ацы проблемæ аиуварс кæнынæн уыдис æрмæстдæр иу хос – скуынæг кæнын фашистон режим. Ныридæгæн дызæрдыг ничиуал кæны Украинæ куыд паддзахад афтæ кæй нал ис, фæлæ ма дарддæр дæр уæвынад кæндзæнис, кæнæ цы хуызы уæвынад кæндзæнис, уый нырма бæрæг нæу. Бынæттон цæрджытæ йæ сæхæдæг куы нæ бамбарой, сæ цæстытæ куы нæ æрбакæной æмæ йæ куы нæ феной, уал азы дæргъы сæ æдзух сайгæ кæй кæнынц æмæ сæ хъæугæ та æрмæстдæр Уæрæсейы ныхмæ хæцынæн кæй кæнынц, уæд сын фидæн нæ уыдзæнис. Хæст, абон уа æви сом, фæуыдзæнис æмæ сæ дарддæры къахдзæфтæ цахæмтæ уой, афтæ рацараздзысты сæ дарддæры цард. Украинæ Европæйы никуы хъуыд æмæ йæ ныридæгæн дæр равдыстой – æрмæстдæр ын æххуыс кæнынц ныфсытæ æвæрынæй. Цард æй куыд æвдисы, афтæмæй дæ сыхагимæ хъæрмуд куы нæ уай. Уæд дын размæцыд никуы уыдзæнис.

ДЖИОТЫ Алыксандр

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.