Ацы аз 21 февралы Уæрæсейы Федерацийы уæлдæр къухдариуæгад банымадта Донецк æмæ Луганскы Адæмон Республикæты паддзахадон хæдбардзинад. Уымæй хъомысджын Уæрæсе Украинæйы территориалон æнæхъæндзинады фæдыл ноджыдæр дунейæн фенын кодта æппæтдæр. Уæрæсейы уыцы ахсджиаг къахдзæфы фæстæ, къорд ныгуылæн бæстæйы сарæзтой карз хъусынгæнинæгтæ. Уыдон баст сты Уæрæсейы ныхмæ санкцитæ райсын æмæ, политикон æгъдауæй, уæрæсейаг уæлдæр къухдариуæгадыл бандавыныл.

Ныртæккæ Украинæйы территорийыл Уæрæсейы Федераци цы сæрмагонд æфсæддон операци уадзы, уымæ лæмбынæгæй сæ хъус дарынц нæ Республикæйы цæрджытæ дæр. Уымæн æвдисæн уыд, æрæджы нæ республикон политикон парти «Иугонд Ир»-ы хъæппæрисæй уагъд кæй æрцыд сабырадон акци. Уыцы акцийы нысан уыд, Донецк æмæ Луганскы республикæты бахъахъхъæныны фæдыл УФ-йы президент Владимир Путин цы сæрмагонд æфсæддон операци уадзы, уый фарс рахæцын.

Ацы уавæр, æмæ йын анализ аразыны фæдыл, йæ хъуыдытæ радзырдта Президенты Администрацийы Инфомацион-аналитикон управленийы сæргълæууæг, политолог Уазæгты Юри:

– 24 февралы Уæрæсейы Федерацийы уæлдæр къухдариуæгад уынаффæ райста, цæмæй сæрмагонд æфсæддон операци уагъд æрцæуа Украинæйы – Донецк æмæ Луганскы Адæмон республикæты уæрæсейаг æмбæстæгты бахъахъахъхъæнын Киевы фашистон режимæй. Куыд рабæрæг, афтæмæй Уæрæсейы Хъахъхъæнынады министрад рапарахат кодта документтæ, кæцытæ сæ къухы бафтыдысты Украинæйы сæрмагонд операцийы рæстæджы, цыран дзырдæуы, зæгъгæ, Донецк æмæ Луганскы сабырцæрæг цæрджыты ныхмæ Киевы режим цæттæ кодта сæрмагонд операци ацы аз марты мæйы.

Ацы къахдзæфтæн ма бæлвырдгæнæн уыд Украинæйы цалдæр ран уæрæсейаг арæнтæм æввахс æвæрд кæй цыдысты НАТО-йы цалдæр æфсæддон базæйы. Кæй зæгъын æй хъæуы, æппæт ацы къахдзæфтæй Украинæйы уæлдæр къухдариуæгад нымадта, зæгъгæ, америкæйаг æмæ æндæр ныгуылæйнаг æфсæддон базæты руаджы Уæрæсейы Федераци нæ бауæнддзæн Донецк æмæ Луганскы Адæмон Республикæты территоритыл цæрæг æмбæстæгты æфсæддон тыхы руаджы бахъахъхъæнын. Фæлæ куыд рабæрæг, афтæмæй Украинæйы стратегты фæндтæ мæнг разындысты, уымæн æмæ Уæрæсейы Федераци уыдта, фæстаг рæстæджы Киевы режим кæй хъавыд Донбассы республикæты проблемæтæ æфсæддон тыхæй аскъуыддзаг кæнынмæ.

Ацы сæрмагонд операци Уæрæсейы Федераци куынæ райдыдтаит, уæд æфсæддон конф-ликттæ райдыдтаиккой æндæр бæстæтимæ, куыд Уæрæсейæн, афтæ Луганск æмæ Донецкы Республикæтæн дæр. Зæгъæн ис, æмæ Уæрæсейы Президент Владимир Путин цы операци уадзы – Украинæйы демилитаризаци æмæ денацификаци, уымæй Уæрæсейы Федераци кæй бакъуылымпы кодта европейаг егъау глобалон хæсты плæнттæ фехалын, кæцы фæлæмæгъ кодтаит Уæрæсейы, æмæ АИШ æмæ НАТО-йы позицитæ постсоветон тыгъдады уыдаиккой хъомысджындæр.

Уæрæсе йæ разы не ‘вæры ахæм хæс, цæмæй Украинæйы куыд паддзахад, афтæ ныппырх кæна, фæлæ демилитаризаци æмæ денацификаци ацы бæстæйы æркæндзæн уымæ, кæцыйы руаджы ацы паддзахады къухдариуæгадмæ æрцæудзысты зондджындæр тыхтæ, кæцытæ Украинæйæ сараздзысты цивилизацигонд паддзахад, цыран нал уыдзæн неонацистон риторикæ æмæ уæрæсейаг æмбæстæгты бартæ хæлд нал цæудзысты.

Ныгуылæн бæстæтæ ацы уавæрæй пайда кæнынц циникон æгъдауæй, æмæ æппæтдæр аразынц, цæмæй ацы конфликтæн ма уа кæрон æмæ Уæрæсейы авналæнтæ фæкъуындæгдæр уой. Ацы сценаримæ гæсгæ Украинæ æмæ йе ‘мбæстæгтæ æфхæрд кæй æййафынц, ууыл ныгуылæйнаг бæстæтæ нæ хъуыды кæнынц.

Гуырдзыстоны позици та ацы уавæры фæдыл хиуылхæцгæ у. Уыдон тæрсынц сæхицæн æнæпайда фæстиуджытæй. Уæрæсейы ныхмæ санкцитæ цы бæстæтæ расидтысты, уыдонимæ куы баиу уой, уæд сæ паддзахады экономикæ фæлæмæгъдæр уыдзæн, кæцы æвзæрæрдæм бандавдзæн Гуырдзыстоны цæрджыты царды æмвæзадыл. Уымæ нæ кæсгæйæ махæй алчидæр уыны, Гуырдзыстоны серьезон æгъдауæй кæй рæзы Уæрæйы ныхмæ тыхты активон радикалон архæйдтытæ. Уыцы тыхтæ уадзынц акцитæ, кæцытæ сты Уæрæсейы Федераци, Хуссар Ирыстон æмæ Абхазы Республикæты ныхмæ, æмæ тæссаг сты нæ арæнгæрæтты провокацион архæйдтытæ уадзынæй.

Иуныхасæй, ныртæккæ Гуырдзыстоны æхсæнады иу хай Уæрæсейы ныхмæ цы къахдзæфтæ аразынц, уыдон тæссаг сты æмæ Гуырдзыстоны мидæггагон политикæйы æркæной националистон æмæ радикалон фæстиуджытæм. Афтæ ма рох кæнын нæ хъæуы АИШ æмæ цалдæр ныгуылæйнаг бæстæты позици, кæцытæ æппæтдæр аразынц, цæмæй Уæрæсейы Федерацийы Украинæйы здæхтæй аиуварс кæной Хуссар Кавказы уавæр фендыгъд кæнынæй.

Нæ уацх.

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.