Нæ Республикæйы фæсхæст æндидзынад баст у, социалон-экономикон рæзтæн ахъазгæнæг  Инвестицион программæ куыд æххæст цæуы, уыимæ.

2018-2019 азтæн ног Инвестицион программæ куыд реализаци цæудзæн, уый фæдыл æрæджы нæ республикæмæ æрцыдысты   Цæгат Кавказы хъуыддæгты фæдыл УФ-йы министры хæдивæг Игорь Кошин æмæ ХПÆ-йы паддзахадтæ-хайадисджытæ, Абхаз æмæ Хуссар Ирыстонимæ социалон-экономикон æмгуыстады фæдыл УФ-йы управленийы хисдæры хæдивæг Денис Травин.

Информаци æмæ мыхуыры паддзахадон комитеты сæрдар Хъотайты Марияйы æрвылкъуырион брифинджы ныхасы сæр дæр уыд ацы ахсджиаг темæ.

«Ацы аз Инвестицион программæйы планмæ гæсгæ хæрзарæзт æрцæудзысты горæты дæс уынджы æмæ аст та – фидæн азы зæххыбын коммуникацитæ раивыны онг. Ацы куыстыты сметæйон аргъ у 9 милуан сомы. Ацы аз зæххыбын коммуникацитæ раивыныл кæронмæ куыст æрцæудзæн Ленингоры районы æмæ горæт Къуайсайы. Уымæй дарддæр ма ацы азы программæмæ гæсгæ хæрзарæзт æрцæудзæн нæ горæты Стыр парк. Сагъд дзы æрцæудзысты цъæхдарæнтæ, хæрзарæзт æрцæудзæн цад, æвæрд – электроны рухсытæ æмæ æхгæд æрцæудзæн йæ алфæмблай территори дæр», – дзырдта Мария.

Инвестпрограммæйы фæлгæтты арæзтцæуæг объектты ‘хсæн стыр хæрзиуæгон хъуыддагыл ныхасгæнæг банымадта, фидæн аз сывæллæтты дыууæ рæвдауæндон-цæхæрадоны арæзт кæй æрцæудзæн, уый. Уыдонæй иу – Вогзалгæрон уынджы, иннæ та – Суворовы уынджы. Уый ахсджиаг хъуыддаг у ныййарджытæн, уымæн æмæ ныртæккæ бынæттæ нæй горæты сывæллæтты цæхæрадæтты. Уыцы ног цæхæрадæттæ арæзт цæуынц сæдæ сывæллонæн.

Нæ республикæйы ахсджиаг бынат ис цæрæнуатон арæзтадæн. Уый карзæй лæууы куыд горæты, афтæ районты дæр. Ацы фарсты фæдыл Инвестпрограммæйы фæлгæтты дыууæ азы дæргъы хицæн æрцæудзæн иу миллиард æмæ 307 милуан сомы.

«Ацы фæрæзтæй фыццаг хатт Дзау æмæ Знауыры райцентрты арæзт цæудзæн бирæфатерон цæрæн хæдзæрттæ. Уыцы хæдзæрттæ уыдзысты 18 фатерон æмæ дих æрцæудзысты ахæм хъуагдзинад æййафæг тыхст бинонтыл. Уымæй дарддæр ма горæты территорийыл Гуыбаты æфсымæрты уынджы дæр арæзт  цæудзæн 75 фатерон хæдзар»,- банысан кодта Комитеты сæргълæууæг.

Иумиагæй сисгæйæ Инвестпрограммæйы фæлгæтты дыууæ азмæ арæзт æрцæудзæн 53 объекты, кæцытæн дих æрцæудзæн уæрæсейаг бюджетæй 4 миллиард æмæ 300 милуан сомы.

Хъотайты чызг куыд радзырдта, афтæмæй Игорь Кошин æмæ Денис Травин арæзтцæуæг объекттæ бабæрæг кæныны фæстæ банысан кодтой арæзтæдты темпты æвæрццаг динамикæ. Уый нысан кæны, æмæ республикæйы къухдариуæгад серьезон хъусдард кæй здахы æмæ карз контроль кæй цæуы куыстытæ рæстæгыл æмæ гъæдджынæй æххæст кæныныл. Ацы дыууæазон Инвестицион программæ дæр дарддæр уыдзæн Республикæйы къухдариуæгады хъусдарды бын.

Нæ уацх.

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.