Хуссар Ирыстонмæ УФ Æдасдзинады Советы нымæрдары хæдивæг Рашид Нургалиевы балцы фæлгæтты цы æмбырд ауагъдæуыд, уым  Президент Бибылты Анатоли æмæ Уæрæсейы Федерацийы Æдасдзинады Советы нымæрдары хæдивæг уынаффæ кодтой республикæйы энергетикон æдасдзинады фарстатыл.

 

«Банысангонд фарстаты спектры фæдыл нæ куыст дарддæр цæуы. Абоны бон республикæйæн актуалон у электроадæттæны резервон хаххы фарст. Ахсджиаг у, республикæйы энергетикон æдасдзинады проблемæмæ дæ хъус лæмбынæг кæй æрдардтай, уый», – загъта Президент.

Паддзахады сæргълæууæг банысан кодта, зæгъгæ, боны фæткы цы фарстатæ ис, уыдоныл уынаффæ цæудзæн специалисттæ-энергетиктимæ дæр, уый фæстæ нысан æрцæудзысты конкретон плæнттæ ацы фарсты реализацийы сæраппонд.

«Æппæт хæслæвæрдтæ, кæцытæ æвæрд æрцыдысты ацы фарсты фæлгæтты, æххæст хъуамæ æрцæуой, æмæ республикæ ацы аз ифтонг хъуамæ æрцæуа электроадæттæн резервон хаххæй», – банысан кодта Бибылты Анатоли.

Президент бузныджы ныхæстæ загъта Рашид Нургалиевæн Хуссар Ирыстонмæ йæ балцы сæраппонд, æмæ  республикæмæ йæ хъус лæмбынæг кæй дары, уый тыххæй.

«Дæ сæрмагонд хайадисты æмæ нæм районты цы проблемæтæ ис, уыдонмæ дын ахæм лæмбынæг ахаст кæй ис, уый тыххæй æппæт фарстатæ дæр æнтыстджынæй скъуыддзаг æрцæудзысты, районты цæрджыты царды æмвæзад дæр фæдфæдылонæй рæздзæн», – загъта Бибылты Анатоли.

Йæ рады Рашид Нургалиев загъта, зæгъгæ, йæ балцы фæлгæтты уыд арæнгæрон хъæуты дæр.

«Абон мах уыдыстæм Синагур æмæ Теделеты хъæуты, федтам, республикæйы паддзахадон арæн куыд хъахъхъæд цæуы, уый, бабæрæг кодтам фельдшерон-акушерон пунктты уавæр æмæ куыстхъомдзинад», –  банысан кодта Рашид Нургалиев.

Уый ма фехъусын кодта, зæгъгæ, йæ балцы рæстæджы бæрæг æрцыдысты, арæнгæрон хъæуты цæрджытæн цы хæдзæрттæ арæзт æрцыд, уыдон дæр.

«Арæнгæрон хъæуты цæрджытæн цы хæдзæрттæ арæзт æрцыд, уыдон фенын дæр ахсджиаг уыд. Банысан кæнын мæ фæнды уый, æмæ уыцы программæ æххæст æрцыд рæстæгыл, рæстæгыл баххуыс чындæуыд ацы хъæуты цæрджытæн дæр. Адæм бузныг сты республикæйы къухдариуæгадæй, цæрынæн сын ахæм хорз уавæртæ арæзт кæй æрцыд, уый тыххæй», – загъта уый.

Æмбырды рæстæджы Рашид Нургалиев рахицæн кодта республикæйы энергетикон æдасдзинады фарст.

«Энергетикон æдасдзинады фарст махæн у сæйраг. Мах уынæм, техногенон проблемæты сæвзæрды  рæстæджы куыд вазыгджын сты процесстæ. Мах сæ иумæ лæмбынæг хъуамæ сахуыр кæнæм. Уымæй дæр Уæрæсейы Федерацийы Президент Владимир Владимиры фырт Путины æрдыгæй дæр ис ахæм хæслæвæрд», – бахахх кодта уый.

Уый фехъусын кодта, зæгъгæ, æруынаффæ кæнын хъæуы энергетикон блокимæ баст æппæт проблемæтыл дæр, банысан кæнын хъæуы плантæ, æмæ ацы фарст аскъуыддзаг кæныны фарст цы этапыл ис, уымæн  саргъ кæнын хъæуы.

«Иннæрдыгæй та мах хъуамæ сбæрæг кæнæм архайдтыты дырыс график, хæслæвæрды конкретон æмгъуыдтæ кæй ис нысангонд, уый бахынцгæйæ. Уый тыххæй мах абон байхъусдзыстæм нæ коллегæтæм, нæ хъуыдытæ кæрæдзийæн зæгъдзыстæм æмæ сом бынаты аныхас кæндзыстæм нæ дарддæры архайды тыххæй. Уый фæстæ бæстæйы къухдариуæгадæн æмбæлон доклад арæзт æрцæудзæн ацы хæслæвæрд куыд скъуыддзаг цæуы, уый фæдыл», – загъта Рашид Нургалиев.

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.