Кæронмæ бахæццæ ис Мидхъуыддæгты министрады Иумæйаг информацион-координацион центры дыккаг этапы арæзтад æмæ ног объектты эксплуатацимæ радтыны тыххæй 26 июлы уагъд æрцыдис цытджын мадзал. Ардæм фæуазæг сты бæстæйы къухдариуæгад Бибылты Анатолийы сæргълæудæй, Уæрæсейы Федерацийы  Æдасдзинады Советы нымæрдары хæдивæг Рашид Нургалиев,  Хуссар Ирыстоны Уæрæсейы Федерацийы Уæлвæткон æмæ Æххæстбарджын минæвар Марат Кулахметов, Республикæ Цæгат Ирыстон-Аланийы мидхъуыддæгты министр Михаил Скоков, УФ-йы делегацийы минæвæрттæ, кæцытæ нæ республикæмæ æрцыдысты кусæгон балцы, афтæ ма æндæр бæрнон кусджытæ.

Растдæр фондз азы размæ къухтæ фыст æрцыдис Дыууæфарсон Бадзырд Уæрæсейы Федераци æмæ Республикæ Хуссар Ирыстоны хсæн Иумæйаг информацион-координацион центр саразыны тыххæй. Уый фæстæ æвæстиатæй æрæвнæлдтой фыццаг этапы арæзтадмæ æмæ 2018 азы дыууæ административон бæстыхайы æмæ цæрæн комплекс 9 фатеримæ лæвæрд æрцыдысты эксплуатацимæ. Дыккаг этапы арæзтад гуырахстджындæр уыд, – объекттæ уыдысты бæрæг фылдæр, стæй ма сæ коронавирусы пандеми дæр бахъыгдардта, фæлæ уæддæр планмæ гæсгæ сæххæст кодтой сæ арæзтадон куыстытæ. Æдæппæт сты цыппар объекты – автотехникон экспертизæ аразæн бокс, æхсæнгарзæй æхсæн тиры галерея, спортивон фæзуат æмæ цæрæн хæдзар 6 фатеримæ.

АРÆЗТ ФЕСТЫ ИУМÆЙАГ ИНФОРМАЦИОН-КООРДИНАЦИОН
ЦЕНТРЫ ОБЪЕКТТÆ

Цытджын уазджытæ азылдысты ног арæзт объекттыл, базонгæ сты Центры архайдимæ æмæ комплексы бæстыхæйтты нысанæвæрдимæ. Иууыл тынгдæр уазджыты бацымыдис кодта сæйраг административон бæстыхай, уымæн æмæ экспертон-криминалистон экспертизæтæ аразæн ифтонггæрзтæ сты ам æмæ ма дзы ноджы æрбайгом кодтой музей дæр.

ИКЦ-йы директор Болататы Алан æрæмбырдуæвджытæн радзырдта, ныры онг цы бантыст Центрæн йæ профессионалон хæстæ æххæст кæныны хъуыддаджы æмæ сын ног объекттæ куыд феххуыс уыдзысты сæ дарддæры архайды, уыдæтты тыххæй.

«Ног арæзтад бæрæг фæуæрæхдæр кæндзæнис барадхъахъхъæнæг органты авналæнтæ, бæлвырддæрæй та – фæрогдæр кæндзæнис слестгæнæг кусджыты къух. Ныры онг дæр æдзух  архайдтам нæ уавæртæм гæсгæ, ома, нæ бон уыдис аразын дактилоскопон, трасологон, портретон, баллистикон, почеркбæлвырдгæнæн, автотехникон, компьютерон, лингвистикон, документтæн технико-криминалистон æмæ ма цыргъæгтæн экспертизæтæ. Бакæнгæ куысты тыххæй мæ фæнды зæгъын,  – 2019 азæй фæстæмæ сарæзтам 88 экспертизæйы, 50 хатты бакодтам бæлвырдгæнæн куыстытæ, 18 хатты ацыдыстæм алыгъуызон цаутæ кæм æрцыдысты, ахæм бынæттæм, 31 хатты та хайад райстам оперативон-агурæн мадзæлтты æмæ слестгæнæн архæйдтыты. Абонæй фæстæмæ ма ноджы уæрæхдæр хуызы нæ къухты бафтыдис автотехникон экспертизæ уадзæн бокс, кæцы дзуапп дæтты нырыккон домæнтæн. Ныр нæ бон уыдзæнис, авари цавæр уавæрты æрцыдис, уый сбæлвырд кæнын, автотранспорт лæмбынæг басгарын, диагностикæ йын скæ-нын, йæ техникон уавæр ын сбæлвырд кæнын, йæ номыртæ йын индентификаци кæнын, давд машинæтæ рабæрæг кæнын æмæ афтæ дарддæр», – банысан кодта ИКЦ-йы директор.

АРÆЗТ ФЕСТЫ ИУМÆЙАГ ИНФОРМАЦИОН-КООРДИНАЦИОН
ЦЕНТРЫ ОБЪЕКТТÆ

Банысан кæнын хъæуы уый, æмæ-иу раздæр дызæрдыггаг цауты тыххæй, ома-иу хъуыддаг тæрхондоны онг куы бацыдис, уæд-иу бахатыдысты уæрæсейаг коллегæтæм. Фæлæ уыцы процедурæ бирæ фыдæбон уыд, стæй ма дзы æхцайы хæрдзтæ дæр дзæвгар уыдис. Æрмæст цæмæй пырх машинæ Уæрæсемæ аласай, уымæн дæр фæрæзтæ хъæуы æмæ-иу бирæтæ нал дæр сразы сты экспертизæ саразыныл. Бынатмæ специалист æрхонынæн дæр фæрæзтæ хъуыд, стæй сын алцы басгарынæн æмæ сбæлвырд кæнынæн уавæртæ дæр нæ уыд.

Хуссар Ирыстоны ма фыццаг хатт уæвынад кæны æхсæнгарзæй æхсæн тиры галерея, кæ-цы йæ техникон фæлындзæнтæм гæсгæ лæууы Цæгат Кавказы хуыздæр тирты æмрæнхъ. Нырæй фæстæмæ барадхъахъхъæнæг органты кусджытæн фадат уыдзæнис иттæг хорз уавæрты сæ профессионалон цæттæдзинад бæрзонд кæнынæн, – ам практикон ахуыртæ уадздзысты  табелон æхсæнгарзæй æхсынæй.

АРÆЗТ ФЕСТЫ ИУМÆЙАГ ИНФОРМАЦИОН-КООРДИНАЦИОН
ЦЕНТРЫ ОБЪЕКТТÆ

ИКЦ-йы арæзт æрцыдис ноджы иу цæрæн хæдзар 6 фатеримæ, цыран-иу рæстæгмæ цæрдзысты Уæрæсейы Федерацийæ æрвыст барадхъахъхъæнæг органты минæвæрттæ. Ныр ИКЦ-йæн ис æппæт уавæртæ дæр, цæмæй нæ республикæмæ æрхоной хъæугæ специалистты Уæрæсейы Мидхъуыддæгты министрады кадртæй. Ныры онг ацы Центры нæ фаг кодтой специалисттæ 50 проценты онг æмæ сæ ныр баххæст кæндзысты æмæ алыварсонæй æрæвналдзысты сæ профессионалон хæстæ æх-хæст кæнынмæ. Болататы Ала-ны ныхæстæм гæсгæ ахæм æнгом æмгуыстдзинад стыр ахъаз фæуыдзæн нæ республикæйы барадхъахъхъæнæг органты профессионалон æмвæзад фæбæрзонддæр кæнынæн.

Бибылты Анатоли йæ раныхасы хорз аргъ скодта ИКЦ-йы архайдæн æмæ бузныджы ныхæстæ загъта Центры кусджытæн.

«Уæрæсейаг коллегæтимæ æмгуыст кæнын дæтты хорз фæстиуджытæ, – фыдгæнджытæ сæхи иу уысм дæр æдас нæ хатынц. Нырæй фæстæмæ та ифтонг уыдзыстут æмбæлон техникон ифтонггæрзтæй æмæ мæ фидарæй уырны, æххæстæй кæй спайда кæндзыстут уæ профессионалон зонындзинæдтæй æмæ дарддæр дæр эффективонæй кæй æххæст кæндзыстут уæ разы лæууæг хæстæ. Ныры дуджы техникон прогресс размæ афтæ ацыд æмæ бирæ гоймæгтæ пайда кæнынц ацы уавæрæй, – интернеты тыгъдады чъизи кæнынц паддзахады æмæ хицæн æмбæстæгты, халынц æппæт моралон æмæ этикон нормæтæ. Ацы хъуыддагмæ хъæуы уæлдай хъусдард аздахын æмæ законы фæлгæтты æфхæрын хъæуы, искæуыл хахуыртæ чи мысы, фыдгой чи кæны, искæй чи дæлдзиныг кæны æмæ æфхæры, уыцы барсæтджыты. Закъон хъуамæ хъахъхъæна алкæцы æмбæстаджы дæр, ма уадза искæмæн дæлæмæ кæнын адæймаджы намыс æмæ удыхъæд», – банысан кодта бæстæйы Президент.

АРÆЗТ ФЕСТЫ ИУМÆЙАГ ИНФОРМАЦИОН-КООРДИНАЦИОН
ЦЕНТРЫ ОБЪЕКТТÆ

Ныхасы рацыд Рашид Нургалиев дæр æмæ уый дæр æрдзырдта, ИКЦ цахæм пайда хæссы фæтк æрæвæрыны хъуыддагмæ, ууыл, æмæ ма банысан кодта, ног Дыууæфарсон бадзырд Цæгат æмæ Хуссар Ирыстоны Мидхъуыддæгты министрадты хсæн бафыссынæн кæй ис егъау нысаниуæг.

«Ацы Бадзырд стыр ахъаз фæуыдзæн барадхъахъхъæнæг органты оперативон-службæйон архайдæн, ома сæ бон эффективондæрæй тох кæнын уыдзæн æхсæнгæрзтæ, наркотикон æмæ психотропон буарадтæ парахатгæнджыты ныхмæ, тамако æмæ карз нозт чи контрабандæ кæны, автотранспорт чи давы, уголовон бæрндзинадæй чи æмбæхсы, æппæт уыцы фыдгæнджыты ныхмæ. Ацы Центры фæлтæрддзинад исдзысты иууыл курдиатджын кусджытæ, кæцытæ, ног технологитæй пайда кæнгæйæ, хъахъхъæндзысты се мбæстæгты, фыдгæнджытæн та æргомæй равдисдзысты, бæрндзинадæй сын аирвæзæн кæй нæ ис, уый. Стыр бузныг мæ фæнды зæгъын Центры кусджытæн æмæ ма чидæриддæр йæ сырæзтмæ хайбавæрд бахаста, æппæт уыдонæн», – загъта УФ-йы Æдасдзинады Советы нымæрдары хæдивæг.

Кæронбæттæны бæстæйы Президент Бибылты Анатоли схорзæхджын кодта ИКЦ-йы къорд кусæджы паддзахадон хорзæхтæй.

ДЖИОТЫ Алыксандр

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.