Нæ горæты дзуттæгты кварталы Гаглойты Хазбийы уынджы цы аварион бæстыхай ис, уый тæссагдзинад æвзæрын кæны, йæ фарсмæ цы хæдзæрттæ ис, уыдоны цæрджытæн.

Ацы кæлæтдзаг бæстыхай раздæр уыд ветеринарон лаборатори. Фæстæдæр лаборатори арæзт æрцыд 8-æм июны уынджы. Бæстыхайы хъысмæт уæззау рауад, зындзинæдтæ баййæфта – зæххæнкъуыст,  стæй гуырдзиаг-ирон хæсты рæстæджы дæр æвыдæй нæ аивæрзт. Цалдæр хатты та йыл зынг сирвæзт. Ныр ссис дзæгъæл куыйты æмбырдгæнæн бынат.  Ардæм хæстæг цы цалдæр цæрæн хæдзары ис, уыдоны цæрын ничи уæнды,  бæстыхай æркæлынæввонг кæй у, уый тыххæй. Тедеты Бечыр æмæ йæ бинойнаг Джиоты Тамарæ куыд зæгъынц, афтæмæй тынг тæрсынц, систæ æнæнхъæлæджы куы ракæлой. «Раздæр нæм ахæм тас кæд тыхдымгæты рæстæджы æвзæрд, уæд ныр та тæрсæм алы уысм дæр.

Нæ  хæдзармæ бахизæн йæ иувæрсты ис. Иу ахæмы, тыхдымгæ куы уыд, уæд бæстыхайæн йæ иу сис рафæлдæхт. Уынæрмæ ралыгъдыстæм. Ахæм рыг дзы сыстад, æмæ адæймаджы цæст ницыуал уыдта. Нæхицæн дæр сывæллæттæ ис, уыдон фæхъазынц уынджы æмæ сын тæрсæм. Æндидзын кæнынæн нал бæззы æмæ йæ пырх уæддæр нык-кæ-нæт».

Æцæгæйдæр, ацы бæстыхай ног арæзт уынджы хуыз тынг сафы. Ардæм æрвылкъуыри базармæ цы бирæ адæм фæцæуынц, уыдон дæр арæх бахъуыр-хъуыр кæнынц, зæгъгæ йын нæдæр аразын æнтысы, нæдæр – пырх кæнын.

Иннæ сыхаг сылгоймаг Джиголаты Лианæ та афтæ зæгъы: «2008 азæй нырмæ цæрын æндæр ран, уымæн æмæ ахæм аварион бæстыхайы фарсмæ цæрын æдас нæу. Куы йæ ахафиккой, уæд æз дæр мæ хæдзарæн истытæ кæнин, хицауады æххуысмæ дæр нал фенхъæлмæ кæсин. Искæй къуымты цæрынæй бафæлладтæн».

Цæрджытæ калд агъуысты раздæры ветеринарон лаборатори хонынц, ома, дам, Хъæууон хæдзарады министрады балансыл лæууы, фæлæ ацы министрады ницы зыдтой уымæн. Уымæн æмæ сæм нæй бæлвырдгæнæн документтæ.

«2008 азы Хъæууон хæдзарады министрад кæм куыста, уыцы бæстыхай  басыгъд æмæ басыгъдысты документтæ дæр. Æрæджы хицауады ныхас цыд къамис саразыны тыххæй, цæмæй сног кæной паддзахадон исады гæххæттытæ. Куыддæр уыдон сцæттæ уой, афтæ аскъуыддзаг кæндзыстæм ацы кæлæтдзаг агъуысты хъысмæт дæр», – зæгъы хъæууон хæдзарады министр Пухаты Лев.

Культурæйы министрады цур  цыртдзæвæнтæ æмæ историон бæстыхæйттæ хъахъхъæныны хайады сæргълæууæг Табуты Нелли та афтæ загъта: «Дзуттæгты квартал махмæ реестры ис фыццаг номырæй, куыд «Историон бынат». Цы бæстыхайыл цæуы дзырд, уымæн реставрацигæнæн ис. Паддзахадæн фæндон куы уаид, уæд æй йæ рагон хуызы сфидар кæниккой, дунейы куыд кæнынц, афтæ.

Æз дæн зæронд хæдзæртты пырх кæныны ныхмæ, фæлæ кæд паддзахадæн йæ бон нæу уыдон реставраци кæнын æмæ адæмы цардæн тæссагдзинад хæссынц, уæд сæ хъæуы пырх кæнын. Науæд та адæмы æндæр ранмæ акæнын æрцæрынмæ».

Уазæгты Марфæ

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.