Уалдзыгон хуым кæнын-тауыны куыстытæ фæхæццæ кæнынц кæронмæ нæ республикæйы хицæн хæдзарадты. Ацы æнæаргъæвгæ хъæууонхæдзарадон куыстытæ хуыздæр цæуынц Ленингоры районы. Ардыгон зæхкусджытæ хорз пайда кæнынц кусынæн бæзгæ бонтæй, стæй рагацау æрцæттæ кодтой тауинаг æмæ сын æнтысгæ дæр кæны фылдæрбæрцæй. Ацы районы«Агросервис»-ы тракторон бригадæйы бригадир Габиты Хвича куыд радзырдта, уымæ гæсгæ æфсирон культурæтæ тауыны куыстытæ, сæйраджыдæр, æххæст кæнынц Цъинагар, Абреу æмæ Орчъосаны хæдзарадты. Хъæууон зæхкусджытæн уал фæззыгæнд æмæ уалдзыгæнд мæнæу, стæй хъæбæрхор 900 гектары байтауын. Уыимæ иумæ æрбалæууыд байтыдтытæм гербицидтæ бахæссыны рæстæг дæр. Цъинагары быдырты уыцы куыст æххæст кæны раззагон механизатор Гусойты Валери æмæ уал ын бантыст 60 гектары схъацæнджын кæнын. Ахæм куыстытæ дарддæр дæр æххæст кæндзысты иннæ хæдзарадты дæр. Хуым кæнын-тауыны куыстыты хайад фæисынц механизатортæ Габиты Хвича, Мæргъиты Бесик, Дриаты Звиад, Габиты Радик, Хуриты Зураб, Хуыбылты Тамаз æмæ Бибылты Зураб.

Æфсирон культурæтæ тауыныл рæвдз архайынц, «Агросервис»-æн Знауыры районы Уелиты цы тракторон бригадæ ис, уый уæнгтæ дæр. Ацы бригадæйæн та арæхстджын разамынд кæны Наниты Талик. Уый куыд зæгъы, афтæмæй фæззыгæнд æмæ уалдзыгæнд мæнæуы культурæтæ байтыдтой фæйнæ 100 гектары æмæ 300 гектары та – хъæбæрхор. Тауыны куыстытæ сæххæст кодтой Къостайыхъæу, Ионча æмæ æндæр хъæуты арендатортæн. Æфсирон культурæтæ тауыны куыстытæ дарддæр цæуынц.

                                                    ХУЫБИАТЫ Никъала

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.