Америкæйы Иугонд Штатты законмæ гæсгæ уæвынады бар кæмæн нæй, уыцы биолабораторитæ парахат сты дунейы алы бæстæты дæр. АИШ æмæ НАТО-йы æфсæддон блокы биологон лабораторитæ нæ республикæйы арæнтæм хæстæг кæй сты, уый тыхсын кæны Хуссар Ирыстоны цæрджыты дæр. Уыдонæй сæ егъаудæр ис Тбилисы – Ричард Лугары номыл Æхсæнадон æнæниздзинад хъахъхъæныны иртасæн центры номимæ. Уый арæзт æрцыд 2011 азы АИШ-ы хъахъхъæнынады министрады фæрæзтæй æмæ НАТО-йы специалистты хайадистæй. Биологон лабораторийы филиалтæ ныридæгæн фæзындысты Гуырдзыстоны цалдæр горæты. Уыдонæн та ис биологон æдасдзинады дыккаг æмвæзад.

Лабораториты тыххæй уавæр æмæ сæ уæвынад фæкарздæр, уæрæсейаг æфсад Украинæйы денацификаци и демилитаризацийы тыххæй цы сæрмагонд операци уадзы, уый руаджы. Украинæйы биолабораториты фæдыл америкæйаг æфсæддонты сусæг документтæ сæ къухты куы бафтыдысты, уæд. Сæрмагондæй, уыцы документты бæрæг цæуы, Украинæйы территорийыл америкæйаг лабораториты уагъд кæй цыд иртасæнтæ алы патогенты штаммтæ сбæлвырд кæныны тыххæй, кæцытæй пайда цæудзæн биологон хæцæнгарзы хуызы.

АИШ-ы Паддзахадон нымæрдары хæдивæг Виктория Нуланд Конгрессы раргом кодта, æцæгæйдæр Украинæйы территорийыл кæй уæвынад кæнынц америкæйаг биолабораторитæ, цыран кусынц æфсæддон уагдæтты кусджытæ. Уый ма тынг батыхст уыцы хъуыддагыл дæр, зæгъгæ, «мыййаг уыцы лабораториты æрмæджытæ уырыссæгты къухтæм куы бахауой».

Гуырдзыстоны лабораторимæ хъусдард здæхт æрцыд, америкæйаг фармацевтон гигант GILEAD-ы программæйы алфæмблай цы ныхмæвæрд хъуыдытæ сæвзæрд гепатит «С» -йы ныхмæ тох кæныны фæдыл, уæд. Уымæн æмæ GILEAD-ы куыст конд цыд Лугары номыл центры базæйыл.

Банысан кæнын хъæуы уый, æмæ уыцы «архайд», афтæ йæ зæгъæм, ахаста 248 пациенты цард.

Гуырдзыстоны раздæры Паддзахадон æдасдзинады министр Игорь Георгадзе 2018 азы Мæскуыйы пресс-конференцийы рæстæджы цы документтæ рапарахат кодта, уыдонмæ гæсгæ ацы æмбæстæгты мæлæты аххосаг абоны онг дæр у «æбæрæг». Уымæн æмæ америкæйаг æфсæддонтæ гуырдзиаг æмбæстæгтыл уагътой фæлварæнтæ – ома Гуырдзыстоны районты фæзынд гепатит «С» -йы «эпидеми» æмæ сын арæзтой «Харволи» æмæ «Совальди»-йы инъекцитæ, кæцытæ уагъта америкæйаг фирмæ GILEAD. Раст уый фæстæ хынцыд цыдысты, æбæрæг аххосæгтæм гæсгæ амæлæты цаутæ.

Уæрæсейы Федерацийы Гарзджын тыхты Радиацион, химион æмæ биологон хъахъхъæнынады æфсадыл къухдариуæггæнæг Игорь Кириллов уæд фехъусын кодта, зæгъгæ, уыцы центры гепатит «С» -йæ схос кæныны нысанæн, бынæттон цæрджытыл фæлвæрдтой хъæстæ химион препарат.

Уæдæ Георгадзе цы документтæ бавдыста, уыдонмæ гæсгæ Лугары центры территорийыл архайы Пентагоны бынтон сусæг дæлхай. Уыцы дæлхай у Ридайы институт. Йæ инспектортæн ис дипломатон гоймаг бæлвырдгæнæнтæ. Гуырдзыстоны территорийыл дæр цæуынц дипломатон хæдтулгæтыл.

Дæлхай ифтонг у æнæпилотон тæхæн аппараттæй, уыдон руаджы уæлдæфы парахат кæнынц хъæстæ уырынгонтæ. Иннæ тæхæн аппараттæ та сты æндæр зианхæссæг мадзæлттæ аразыны нысанæн. Лугарайы центр ис Тбилисы дунеон аэропортмæ хæстæг, уыцы бынатæй Хуссар Ирыстоны арæнтæм дæрддзæг у 50 километры бæрц.

Иуæй-иу бæрæггæнæнтæм гæсгæ Гуырдзыстоны америкæйаг æфсæддон лаборатори фæлварæнтæ арæзта Гуырдзыстоны Гарзджын тыхты службæгæнджытыл дæр.

Лабораторимæ фæсарæнтæй комкоммæ ласынц биологон хъæстæ æрмæг. Ацы центр æхгæд объект у æрмæст гуырдзиаг контролгæнæн органтæн нæ, фæлæ ма Гуырдзыстоны профилон ахуыргæндтæн дæр. Бирæ хæттыты фехъусынчындæуыд, ацы лабораторийæ парахат кæй æрцыд иууыл тæссагдæр вирус – хуыты африкæйаг емынæ.

Гуырдзыстоны зонадон ахуыргæндтæ æмæ специалисттæ ныридæгæн æргомæй сдзырдтой ацы лабораторийы зианхæссæг миниуджытыл. Æгæрыстæмæй, бахатыдысты Уæрæсейы Федерацимæ, цæмæй сын баххуыс кæной, лаборатори цы кусы æмæ архайы, уыдæтæ рабæрæг кæнынæн.

Структурон æгъдауæй Лугарайы номыл центр конд у дыууæ хайæ. Иу хайы дзы кусынц америкæйæгтæ, уырдæм Гуырдзыстоны æмбæстæгты нæ уадзынц. Æмæ диссаг уый у, æмæ ацы бæстыхайы кæй уæвынад кæны крематорий, фæлæ цы нысанæн, уый бæрæг нæу.

Биолабораторийы куыстæн аргъгæнæн ис, рæстæгæй рæстæгмæ йæ сайтыл цы тендертæ вæййы, уымæ гæсгæ дæр. Зæгъæм, ацы лабораторийы куыстмæ специалисттæ бацымыдис кодтой «хъæстæ уырынгонтæ æнæпилотон тæхæн аппараты руаджы апарахат кæныны» патентмæ. Нысангонд ма дзы цыд уый дæр, ома уыцы тæхæн аппараты нысаниуæг у, цæмæй уыцы уырынгонтæ парахат æрцæуой ныхмæлæууæджы территорийыл. Уымæй сын чысыл хæрдзтимæ бакондæуыдзæн мæлæтдзаг цæф. Æндæр патент – «хъæстæ æрмæгимæ биологон æфсæддон фæсауæрц» лæвæрд æрцыд центры хæрдзтæн. Уый нысан та у, æхсæн хæцæнгарзæй диверсион акцитæ ауадзын. АИШ-ы æфсæддон специалисттæ цæмæ цымыдис кæнынц, уый æмбæрстгонд у. Æмæ цæмæй америкæйаг фарс цæстæнгас иуварс здаха, уый тыххæй бирæ хæттыты хъусын кодта, зæгъгæ, Гуырдзыстоны Пентагоны биологон лаборатори кæны иртасæн куыст, кæнынц æххуыс æмæ хос. Фæлæ бæрæг у иу хъуыддаг – лаборатори кæны, æрмæстдæр, иртасæн куыст. Уыцы бæстыхайы куыст цæуы алыгъуызон инфекцион низтыл – мæргъты грипп, халера, сыбыраг хæбузниз, лептоспироз, ризæг, тиф, гепатит æмæ æндæртыл.

Ацы биологон лабораториты арæзтадыл Америкæ стыр хæрдзтæ бакодта. Уыдон ма уæвынад кæнынц, куыд зонæм, афтæмæй Сомихстоны, Казахстаны æмæ Украинæйы.

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.