Уæрæсейы Федерацийы æмæ Хуссар Ирыстоны Хицауадтæ дарддæр сæ куыст кæнынц гом акционерон æхсæнад «Газпром-Хуссар Ирыстон»-ы дарддæры архайды фæдыл сразыдзинад реализаци кæныныл.

Сæудæджерад, транспорт æмæ энергетикæйы фæдыл комитеты сæрдар Бекъойты Геннадийы къухдариуæгадæй уагъд æрцыд æмбырд хуссарирыстойнаг хайы кусæгон къордæн (йæ сæргълæууæг РХИ-йы Хицауады Сæрдар Пухаты Эрик), цыран уынаффæ кодтой Гом Акционерон Æхсæнад «Газпром»-ы æмæ республикæйы Хицауады æхсæн мадзæлттæ ауадзыны планыл, кæцы уый размæ фидар æрцыд Гом Акционерон Æхсæнад «Газпром»-ы правленийы сæрдар Валерий Голубевимæ Пухаты Эрикы фембæлды рæстæджы.

«Нæ сæйраг нысан у районты газификаци. Ныртæккæ дарддæр кæны техникон документаци цæттæ кæныны куыст. Æнæмæнгхъæуæг у уæрæсейаг коллегæтимæ республикæйы районты газотранспортон хызæгтæ райрæзын кæныны фарстаты æппæт комплексыл бакусын. Газы инфраструктурæйы арæзтад райдайдзæн 2019 азы», – банысан кодта Бекъойты Геннади, æмæ загъта, зæгъгæ, уæрæсейаг фарсæрдыгæй стыр цымыдисдзинад ис ацы сразыдзинад среализаци кæнынмæ.

Уый ма фехъусын кодта, 14 августы уагъд кæй æрцæудзæн уæрæсейаг æмæ хуссарирыстойнаг кусæгон къордты иумæйаг æмбырд.

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.