Республикæ Хуссар Ирыстон æмæ Уæрæсейы Федерацийы ‘хсæн цы æхсæнхицауадон сразыдзинæдтыл æр-фыстæуыд къухтæ, уыдонæн сæ ахсджиагдæртæй сæ иу у Хуссар Ирыстоны газификацийы тыххæй сразыдзинад. Уый практикон æгъдауæй куыд реализаци цæудзæнис, ууыл уынаффæ цыдис, 28 июны Цхинвалмæ æрцæуæг «Газпром»-ы делегацийæн РХИ-йы Президент Бибылты Анатолиимæ цы фембæлд уыд, уым. Делегацийы сæргъ лæууыдис «Газпром»-ы правленийы сæргълæууæджы хæдивæг Валери Голубев.

Президент уазджытæн се ‘рцыды тыххæй арфæ ракæнгæйæ бузныг загъта В. Голубевæн æнтысгæ æмгуысткæнынады тыххæй, уыимæ ма зæрдыл æрлæууын кодта, уый активонæй кæй архайдта Дзуарыхъæу-Цхинвалы газуадзæны арæзтадыл, афтæ ма æндæр фарстытыл дæр, кæцытæ баст уыдысты Хуссар Ирыстоны æрдзон газæй æнæкъуылымпыйæ ифтонг кæнынимæ.

Бибылты Анатоли бахатыд Голубевмæ, цæмæй йæхи æмæ Хуссар Ирыстоны адæмы номæй бузныджы ныхæстæ зæгъа «Газпром»-ы правленийы сæрдар Алексей Миллерæн, кæцы æцæг зæрдæбын, хæлар ахаст дары Хуссар Ирыстонмæ æмæ тырны, цæмæй йын баххуыс кæна. Уыцы тырнындзинад, зæгъгæ, æз федтон Петербурджы дунеон экономикон форумы, цыран уый æхсæнхицауадон сразыдзинад реализаци кæныны фæдыл æвæрдта оперативон хæстæ. Йæ ныхæстæм гæсгæ къухты бафтыд, «Газпром»-ы дæлбар куыстуат йæхимæ кæй райсдзæн газдихгæнæн хызæгты арæзтад, æмткæй республикæйы газæй ифтонгад.

«Хуссар Ирыстоны цæрджытæ рагæй æнхъæлмæ кæсынц районты цæрæн пунктты æрдзон газæй сифтонг кæ-нынмæ. Æмæ махæн æхсызгон у, ныртæккæ дзырд кæй цæуы сразыдзинады практикон æгъдауæй реализаци кæныныл», – загъта Президент.

Валери Голубев дæр йæ рады загъта, зæгъгæ, «Газпром» цæттæ у сразыдзинады æххæст кæнынмæ. Банысан кодта, æппæт нæ ногдæр историйы уыдон кæй архайынц Хуссар Ирыстонæн баххуыс кæныныл. «Дзуарыхъæу-Цхинвалы» газуадзæны арæзтады фæдыл нæ проект цасдæрбæрцæй æнгæс у арæзтцæуæг газуадзæн «Сила Сибири»-имæ, кæд йæ хъомысад æмæ дæргъмæ гæсгæ нæ, уæддæр цы бæрзæндты цæуы, уымæ гæсгæ йын ис йæхи рекорд»,  – загъта «Газпром»-ы правленийы сæргълæууæджы хæдивæг.

Уый куыд банысан кодта, афтæмæй Хуссар Ирыстоны газификацийы генералон схемæйыл бакуыста акционерон æхсæнад «Газпромгаз», документты хорзыл банымадтой районты сæргълæуджытæ æмæ республикæйы разамынад. Абоны бонмæ, зæгъгæ, ницыуал цæлхдуртæ ис куыстытæм комкоммæ æрывналынæн. Йæ хъуыдымæ гæсгæ Санкт-Петербурджы къухтæ цы æхсæнхицауадон сразыдзинадыл фыст æрцыдысты, уым нысангонд æппæт процедурæтæ дæр гæнæн ис фæуой ацы азы.

Голубев ма куыд загъта, афтæмæй Хуссар Ирыстоны газификацийы программæ «Газпром» гæнæн ис сæххæст кæна, сразыдзинады нысангонд 5 азы æмгъуыдæй раздæр.

Фембæлдæн фæстиуджытæ аразгæйæ Бибылты Анатоли банысан кодта, зæгъгæ, газуадзæны арæзтадæн зæххытæ рахицæн кæнынимæ æмæ ма æндæр фарстатимæ баст алыгъуызон процедурæтæ æххæст æрцæудзысты сфидаргонд æмгъуыдты «Газпром» æмæ Хуссар Ирыстоны специалистты æнгом архайды руаджы.

Голубев ма фæндон бахаста сæрмагонд кусæгон къорд саразыны тыххæй, кæцы цыбыр æм-гъуыдмæ бацæттæ кæндзæн «фæндагон картæ» процедурон мадзæлттæ тагъддæр æххæст кæныны фæдыл. Ацы хъуыдыйы æвварс рахæцыд Президент дæр æмæ кусæгон къордмæ чи хъуамæ бацæуа, уыцы профилон ведомствотæн радта хæслæ-вæрдтæ.

Фембæлды ма уынаффæ цыдис Хуссар Ирыстоны цалдæр автомобилон компрессорон газйедзаггæнæн станцы арæзтады фадæттыл.

 

ФЫЦЦАГРАДОН ХÆСТÆЙ СÆ ИУ – ЛЕНИНГОРЫ РАЙОНЫ ГАЗИФИКАЦИ

Æмбырды фæстæ РХИ-йы Президент Бибылты Анатоли æмæ компани «Газпром»-ы правленийы сæрдары хæдивæг Валери Голубев ацыдысты Ленингоры район-мæ. Семæ ма уыдысты делегацийы уæнгтæ æмæ РХИ-йы Экономикæйы министр Бекъойты Геннади æмæ «Энергоресурс – Хуссар Ирыстон»-ы директор Гæбæраты Алан æмæ æндæртæ.

Сæ балцы нысан уыд, газуадзæн куыстыты гуырахст базонын. Райдианы уал уыдон бацыдысты районы администрацимæ, цыран ауагътой æмбырд. Уыцы æмбырды дæр дзырд цыдис районы газæй сифтонг кæныны фарстытыл.

Рабадты райдианы Президент загъта, зæгъгæ, нæ разы цы хæстæ æрæвæрдтам, уыдон æххæст æрцæудзысты.

Валери Голубев куыд загъта, афтæмæй Уæрæсейы Федерацийы æмæ РХИ-йы Хицауады ‘хсæн къухтæ æрфыстæуыд компани «Газпром-Хуссар Ирыстон»-ы рæзты тыххæй Сразыдзинадыл. «Нæ пълæнттæм гæсгæ ацы аз хъуамæ æрывналæм проект кæнынмæ. Фарст скъуыддзаг у, хъæуы ма дзы чысыл процедурæтæ сæххæст кæнын. Газуадзæн у нæ сæйрагдæр хæс», – загъта Голубев.

Йæ рады Бибылты Анатоли дæр банысан кодта, зæгъгæ, проект реализаци æрцæудзæн 5 азмæ. Фæлæ мах къаддæр рæстæг бахъæудзæн йæ сæх-хæст кæнынæн. Валери Голубевы хъуыдымæ гæсгæ «Газпром»-ы, РХИ-йы министрадтæ æмæ ведомствоты специалистты, афтæ ма кусæгон къорды æххуысæй æнцондæр æмæ оперативондæрæй скъуыддзаг цæудзысты æппæт фарстатæ.

Бибылты Анатоли районы цæрджытæн раарфæ кодта, Валери Голубевы æрцыдæй кæй райдыдта районы газификацийы фæдыл куыст. Районы администрацийы сæргълæууæг Хацырты Филипп дæр банысан кодта, стыр æхсызгонæй кæй æнхъæлмæ кæсынц проект реализаци кæнынмæ. Афтæ кæй у, уымæ гæсгæ Бибылты Анатоли бузныджы ныхæстæ загъта «Газпром»-ы правленийы сæрдар Алексей Миллерæн.

Голубевы ныхæстæм гæсгæ нæ республикæйы газы аргъ уыдзæн, РЦИ-Аланийы цас у, уый бæрц. Ам ма Президент йæ хъуыды загъта, зæгъгæ, куыдфæнды ма уа, уæддæр асламдæр уыдзæн сугæй хъарм кæнынæй. Голубев ма фæндон бахаста, цæмæй æркастæуа газомоторон æртаджы рæзты фæдыл æндæр проектмæ дæр. Уыцы æртаджы аргъ у зынгæ асламдæр æмæ хорз ахъаз уыдзæн бинонты бюджетæн.

Голубев ма куыд банысан кодта, афтæмæй Ленингоры районы газæй æнæкъуылымпыйæ ифтонг кæнын фадат ратдзæн ацы регионы экономикон рæзт фæтагъддæр кæнын.

Паддзахады сæргълæууæг сæрмагонд хъусдард аздæхта бахардзгонд газы аргъ фидыны проблемæмæ. Цæрджыты хæстæ газы тыххæй фидгæйæ, зæгъгæ, махæн фадат нæй уыцы фæрæзтæ социалон къабазмæ аздахынæн. «Адæм сæ хæстæ куы фидиккой, уæд уыцы фæрæзтæй спайда кæниккам мыздтæ, пенситæ, алыгъуызон æххуыстæ фылдæр кæныны хъуыддаджы», – загъта Бибылты Анатоли æмæ æрсидт республикæйы цæрджытæм, цæмæй фылдæр бæрндзинад æнкъарой ацы фарсты.

Бахардзгонд газы тыххæй æххæстæй фидыны ахсджиагдзинад журналисттимæ ныхас кæн-гæйæ, банысан кодта В. Голубев дæр. Уый ма банысан кодта, Хуссар Ирыстоны газификаци кæ-нынмæ хуынд кæй æрцæудзысты бынæттон кусджытæ, подрядчиктæ æмæ сæрмагонд техникæ та æрласдзысты Уæрæсейæ. Уыдон уыдзысты бынæттон специалисттæ, кусджытæ, шофыртæ.

Уый ма комментари радта компани «Газпром-Хуссар Ирыстон»-ы акциты 25 проценты «Газпромæн» радтынæн, кæцытæ раздæр уыдысты республикæйы. Йæ ныхæстæм гæсгæ компани регистраци æрцыдис магистралон газуадзæны хуссарирыстойнаг фадыг æрмæстдæр куыстæввонг дарыны нысæнттæн. Куыстæввонг та йæ дардта «Газпром»-ы Ставрополы куыстуат.

Бибылты Анатоли дæр йæ рады банысан кодта, зæгъгæ, РХИ-йы газы энергетикæйæн «Газпром» хицæн кæны дыууæ миллиард сомæй фылдæр. «Æмæ, цæмæй уыцы æхца нæхæдæг бакусæм, уый тыххæй нæ бахъæудзæн, æвæццæгæн, 300 азы. Ныр та мах дæттæм æхцайы 25 проценты, кæцытæй нæ бюджетмæ къапекк дæр нæ цæуы, уыцы рæстæджы 2 миллиард сомы аргъ куыстытæ бакæнгæйæ, газификаци æрцæу-дзæн нæ республикæ. Уыимæ ма фæзындзæн 500 кусæн бынаты, кæцытæ куыстæввонг дардзысты газдихгæнæн хызæгты. Уыдон куыстмызд исдзысты, «Газпром»-ы кусджытæ Цæгат Ирыстоны цас исынц, уый бæрц.

Бестауты Валя

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.