«Ленингоры поселок бирæ рæстæджы дæргъы хицæн уыд Республикæ Хуссар Ирыстоны сæйраг территорийæ. Уым арæзт нæ цыдысты фæндæгтæ, коммуникацитæ æмæ афтæ дарддæр. Инвестицион программæйы фæлгæтты 2013 азы фæцис, бирæ рæстæг цæмæ æнхъæлмæ кастысты, уыцы Цхинвал-Ленингоры фæндаджы арæзтад.

2018 азы фæудмæ нæ зæрды ис Ленингоры уынгты хæрзарæзтадон куыстытæ фæуын. Иннæ азæй райдайдзæн хъæуты æххæстæй газификаци кæныны куыст.

2020 азы кæрон Ленингоры район æнæхъæнæй инфраструктурон æгъдауæй баст уыдзæн Хуссар Ирыстоны иннæ территориимæ, уый та нæ уыд советон дуджы дæр.

Ленингор æрдзы хъæбысы ис, æмæ уынгты хæрзарæзтады фæстæ уый фæивдзæн, ноджы рæсугъддæр суыдзæн. Поселочы æддаг бакаст фæхуыздæр уыдзæн, уыдзæн эстетикондæр», – загъта РХИ-йы Президенты Администрацийы мидæггагон политикæйы хæдивæг Джуссойты Алан.

Цытджын церемонийы рæстæджы ног ахуыры азы райдианмæ йæ дуæрттæ байгом кодта ног уырыссаг астæуккаг скъола. Уым ис уæрæх къластæ, фæллойадон кабинеттæ æппæт кусæнгæрзтимæ, цалдæр спортивон фæзуаты, хæрæндон, эксперименталон хай дыргъдон æмæ цæхæрадонимæ æмæ æндæртæ.

Ныртæккæ фæуынхъус у поселочы – Сталины æмæ Къудухты Бесикы уынгты инженерон хызæгты арæзтад.

Инженерон хызæгтæ æвæрыныл кусы хуссарирыстойнаг арæзтадон компани арæнгонд бæрндзинады æхсæнад «Амиго». Уынгты арæзтадыл бахардз уы-дзæн  25, 6 милуан сомы.

РХИ-йы арæзтад, архитектурæ æмæ цæрæнуатон-коммуналон хæдзарады министр Гуыцмæзты Ильяйы ныхæстæм гæсгæ, куыстытæ цæуынц графикмæ гæсгæ. Объекты кусы 9 адæймаджы, уæззау техникæ та дзы ис æртæ иуæджы.

«Азы фæудмæ уæлдæр нымад уынгты план цæуы абонентты баиу кæнын, сæйраджыдæр, сæрмагонд хæдзæрттæм хызæгтæ баиу кæнын. Уыцы куыстытæм æрæвнæлдтой. Афтæмæй Къудухты Бесикы уынджы æххæст цæуынц къæвдадæттæ лæдæрсæн канализацитæ саразыны куыстытæ. Абонентты баиу кæныны куыстытæ хъуамæ фæуæм ацы азы 15 ноябрмæ», – загъта Гуыцмæзты Илья.

Куыд зонæм, афтæмæй уынгты арæзтад æххæст цæуы 2018-2019 азты Республикæ Хуссар Ирыстоны социалон-экономикон рæзтæн ахъазгæнæн Инвестицион программæмæ гæсгæ.

Магистралон хызæгтæ иу куы æрцæуой æппæт сæрмагонд хæдзæрттæм, уый фæстæ та æрывналдзысты тротуарты æмæ фæндаджы хæрзарæзтадмæ.

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.