РХИ-йы Президент Бибылты Анатоли æмæ акционерон æхсæнад «Газпром»-ы Правленийы сæрдары хæдивæг Валерий Голубев уынаффæ кодтой арæнгонд бæрндзинадимæ æхсæнад «Газпром-Хуссар Ирыстон»-ы акциты æлхæнын – уæй кæныны уавæртæ   æмæ йæ дарддæры архайды тыххæй Уæрæсейы Федераци æмæ РХИ-йы Хицауады ‘хсæн Сразыдзинад сæххæст кæныны фæдыл мадзæлтты планы тыххæй.

Сразыдзинадмæ гæсгæ, нысан цæуы арæнгонд бæрндзинадимæ æхсæнад «Газпром – Хуссар Ирыстон»-ы акциты 100% акционерон æхсæнад «Газпром»-ы исбонадмæ бахæссын, инвестицитæ бахъахъхъæныны æвæрддзинады гаранти æмæ финансон-хæдзарадон архайды стабилон уавæртæ,  фондз азы дæргъы РХИ-йы газификацимæ 2 миллиард сомы инвестицитæ бавæрыны фæдыл  акционерон æхсæнад «Газпром»-ы хæстæ.

Проекты нысæнттæ сты 2025 азмæ 192 цæрæн пункты сгазификаци кæнын æмæ азы дæргъы 190 милуан кубометры онг Хуссар Ирыстоны газы фæлхасы гуырахст фæфылдæр кæнын. Рабадты хайад райстой РХИ-йы Хицауады Сæрдар Пухаты Эрик, йæ хæдивæг Бекъойты Геннади, Юстицийы министр Лалыты Залинæ, правленийы уæнг – акционерон æхсæнад «Газпром»-ы департаменты хистæр Владимир Марков, хицауиуæгады органтæ æмæ регионтимæ куысты фæдыл генералон директоры хæдивæг Николай Исаков, арæнгонд бæрндзинадимæ æхсæнад «Газпром трансгаз Ставрополь»-ы генералон директор Алексей Завгороднев.

Рабадт гом кæнгæйæ, Валерий Голубев банысан кодта, зæгъгæ, уагъд æрцыд егъау цæттæгæнæн куыст. «Алексей Борисы фырт Миллер фехъусын кодта, цы куыст бакодтой, уый тыххæй. Уый рахæцыд нæ архайдтыты æвварс, бафæндыд æй махæн ацы рабадты æнтыстджын куыст бакæнын æмæ кæройнаг фæстиуджытæм рахизын», – загъта Валерий Голубев.

Уый банысан кодта, зæгъгæ, кусæгон къорды уæнгтæ æртæ-цыппар мæйы дæргъы æмбæлдысты регуляронæй. «Практикон æгъдауæй алцыдæр арæзт æрцыд уый тыххæй, цæмæй бацæуæм æлхæнын – уæй кæныны фæдыл бадзырдыл къухтæ æрфыссыны рæстæгмæ, æмæ уæд райдайдзыстæм нæ хæстæ æххæст кæнын», – банысан кодта Валерий Голубев.

Йæ рады Бибылты Анатоли арфæ ракодта кусæгон къордæн оперативон куысты тыххæй. «Нæ иууыл фыццаг фембæлд нæ уайтагъддæр æркодта цæттæкæнынады график сбæрæг кæнынмæ, документтæ саразын æмæ æмбæлон хæстæм. Æппæт нормативон-барадон актты цæттæгæнæн куыст кæронмæ фæхæццæ кæны. Хуссар Ирыстоны фарсæрдыгæй æппæт æндæр æнæмæнгхъæуæг документтæ цæттæ цæудзысты афоныл, «Газпром»-ы фарсæрдыгæй оперативон куысты тыххæй дæр дызæрдыггæнæн нæй.  Махæн нæ бон куы суаид документтимæ ма нын цы куыст баззад, уый фыццаг кварталы сæххæст кæнын æмæ уый фæстæ практикон архайдмæ рахизын, уæд уаид хорз фæстиуæг», – банысан кодта Бибылты Анатоли.

Мадзæлтты план кæронмæ фæуыны боныл нымад æрцыд 1-æм апрель.

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.