Æрдзы хъæбысмæ ацæугæйæ, адæймаг райсы æхцондзинад, баулæфынц йæ нуæртæ, фæхуыздæр вæййы йæ хинкъарынад. Уымæн æмæ нæм кæд хорзæй исты ис, уæд нæм фыццаг æрдз ис æмæ йæ цæстыгагуыйау хъуамæ хъахъхъæнæм. Фæлæ, хъыгагæн, арæх фенæн ис нæ бæстæйы алы къуымты алыгъуызон брæтты кæритæ, кæцытæ та чъизи кæнынц нæ алæмæттаг æрдзы. Ахæм нывтæ фенæн ис, не ‘мбæстæгтæ сæрдыгон бонты сæ улæфт суадзынмæ цы бынæттæм фæцæуынц, уыцы рæтты.

Æрвылаз дæр, куыд районты цæугæдæтты былгæрæтты, афтæ ма Цхинвалы цады был дæр вæййы тынг бирæ адæм, кæцытæ сæрдыгон æнтæф бонты сæхи айсынц доны цур сатæг уæлдæфмæ. Сæ фылдæр вæййынц æнахъом сывæллæттæ æмæ уыдонмæ та хъæуы уæлдай хъусдард здахын. Хъыгагæн нæм æрцыд цалдæр æнамонд цауы, кæцыты фæмардысты не ‘мбæстæгтæ алыгъуызон уавæрты. Фæлæ-иу ахæм цаутæн алы хатт дæр йæ аххосаг уыдис иу, – нæ хъахъхъæнæм нæхи фыдбылызæй æмæ не ‘ххæст кæнæм æдасдзинады домæнтæ. Уымæй уæлдай ма бирæтæ ноджы сæ фæстæ ныууадзынц сæ брон æмæ дардæй бакæсгæйæ, зæгъдзынæ, – «ам æнæмæнг хуытæ уыдис». Ныууадзынц ма сæ фæстæ арт дæр æмæ уыцы зынджы стъæлфæнтæй сырæзы зынгсирвæзт, кæцыйы фæстиуæгæн æрцæуы стыр зиæнттæ.

Сæйраг домæнтæ – фыдбылыз ма æруадзын, экологи хъахъхъæнын

Ацы уавæр бахынцгæйæ, рахастæуыд фæндон, цæмæй милицийы æмæ зынгхуыссынгæнæн службæйы кусджытæ зилой улæфæн бынæттыл æмæ фæдзæхсой адæмы фæткхалæн цаутæ ма аразыны тыххæй. Ныр цалдæр азы дæргъы ацы куыст цæуы æнæрлæугæйæ уалдзæгæй суанг фæззæгмæ. Алы районы дæр æрвылбон азилынц донбылты æмæ ма æндæр улæфæн бынæтты. Бафæдзæхсынц улæфджыты, цæмæй æнæзонгæ хуыдымты сæхи ма найой, сывæллæттæм сæ хъус дарой æмæ сæ иунæгæй ма уадзой доны былтæм, стæй нозтджынæй дæр ма хизой донмæ. Знауыры районы милицийы кусæг Гатыкоты Натийы ныхæстæм гæсгæ, ацы аз нырма æнæфыдбылыз сты.

«Мах æрвылбон дæр азилæм районы алы хъæутыл æмæ бафæдзæхсæм куыд бынæттон цæрджыты, афтæ иннæ районтæй æрцæуæг æмбæстæгты дæр, цæмæй ма халой æхсæнадон фæтк. Уæлдай тынгдæр бахатæм ныййарджытæм, цæмæй сæ сывæллæтты æнæхъусдард ма уадзой. Уымæй уæлдай ма сæ бафæдзæхсæм, цæмæй ма уадзой сæ фæстæ брон æмæ арт. Улæфджытæ зынг кæй ныууадзынц сæ фæстæ, уый тыххæй нæм фарон уыд бирæ зынгсирвæзтытæ», – банысан кодта Гатыкоты Натия.

Сывæллæттæ милицийы кусджытæм фæхъусынц стыр цымыдисимæ, фæдæттынц ма сæм фарстатæ дæр.

«Æз алы хатт дæр хæдзары мæ ныййарджытæн фæзæгъын, доны былмæ куы фæцæуын, уæд. Милицийы кусджытæ ма мын бафæдзæхстой, цæмæй брон ма уадзæм нæ фæстæ, бæрзондæй ма гæпп кæнæм донмæ æмæ-иу рагацау ацæуæм хæдзæрттæм, цæмæй нæм нæ ныййарджыты зæрдæтæ ма ‘хсайой», – зæгъы 7-æм къласы ахуыргæнинаг Бицъойты Сослан.

Ахæм профилактикон куыстæн ис хорз фæстиуджытæ, уымæн æмæ азæй-азмæ къаддæр кæнынц мæгуырау цаутæ. Фæлæ ма уæддæр арæх фенæн ис бирæ брæтты кæритæ æмæ хорз уаид, закъонмæ гæсгæ карздæр æфхæрд куы цæуиккой ахæм фæткхалджытæ.

Джиоты Александр

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.