СÆЙРАГДÆР –  ÆНÆНИЗДЗИНАД

Республикæйы дарддæр куыст цæуы адæмы æнæниздзинад фæхуыздæр кæныны æмæ тæссаг вирусæй хи бахъахъхъæныны тыххæй мадзæлттæ. Æнæниздзинад хъахъхъæнынады министрад бæлвырд кæны хуыздæр дохтыртæ æмæ медицинон кусджыты, кæцытæ стыр хайбавæрд бахастой адæмы æнæниздзинад бахъахъхъæнынмæ пандемийы рæстæджы. Фидаргонд цæуы хуыздæр специалисттæн зæрдæлхæнæнтæ дæттыны фæтк дæр.

Республикæйы Сæргълæууæг Битарты Вячеслав куыд загъта, афтæмæй, медицинон кусджытæн аргъ кæнгæйæ, хъуамæ хыгъд цæуа æрмæст профессионалты хъуыды нæ, фæлæ хуымæтæг адæмы ахаст дæр.

«Коронавирусы пандеми ирддæрæй равдыста æнæниздзинад хъахъхъæнынады системæйы тыхджындæр æмæ лæмæгъдæр хæйттæ. Мæнмæ гæсгæ, фæнывылдæр кæнинаг у участокты терапевтты службæйы архайд. Уыдон хъуамæ æнгом архайд кæной цæрджытимæ. Бацæттæ кæнын хъæуы социалон æххуысы сæрмагонд мадзæлттæ, цæмæй дохтыртæ разæнгарддæрæй цæуой кусынмæ, уæлдайдæр – районтæм. Цæмæй æнæниздзинады къабаз ахадгæ хуызы рæза, уымæн хъæуы фаг финансон фæрæзтæ. Æмæ уыцы нысанæн хæрдзтæ зынгæ фæфылдæр кодтам. Республикæйы Хицауадæн хæс кæнын, цæмæй æмбæлгæ мадзæлттæ сараза æнæниздзинад хъахъхъæнынады фыццаградон къæпхæны системæйы модернизацийы программæ æххæст кæнынæн», – фехъусын кодта республикæйы Сæргълæууæг.

Бафиппайын хъæуы уый, æмæ ацы къабазы лыггæнинаг фарстатæй ноджыдæр ма иу у республикæйы цæрджытæн лæвар медицинон æххуысы программæйы финансон кадавардзинад. Фæлæ, уымæ нæ кæсгæйæ, æнтыстджынæй æххæстгонд цæуынц, пъланмæ хаст чи ‘рцыд, уыцы проекттæ. Уыдонæй иу у «Æз уæ дохтыр дæн», зæгъгæ, ахæм проект. Йæ нысан у, 65 азæй уæлæмæ кæуыл цæуы, уыцы цæрджытыл  мæй иу хатт сæ хæдзæрттыл азилын æмæ сын лæвар медицинон æххуыс бакæнын, диспансеризаци сын скæнын, анализтæ сæ сисын. Куы бахъæуа, уæд та ахсджиагдæр медицинон æххуыс райсдзысты. 

Проекты авторты хъуыдымæ гæсгæ, афтæмæй фæхъомысджындæр уыдзæн медицинон-санитарон æххуыс.

Ацы  проект рæгъмæ рахаста бæстæйы фæллойы министрад, ацæргæ адæймæгтæм вирус, стæй æндæр низтæ дæр æмхиц кæй сты, уый тыххæй. Паддзахадон программæйы архайдзысты нæхи клиникæтæ.

      СЫРХ  ДИПЛОМТÆ – ХУЫЗДÆРТÆН

Æрæджы Цæгат Ирыстоны Хетæгкаты Къостайы номыл паддзахадон университеты кадджын æмбырды рæстæг сæ дипломтæ райстой ацы уагдоны 1000 æрыгон специалистæй фылдæр. Уыимæ ахуыры хорз æнтыстытæ кæмæн уыд, фæлварæнтæ æнтыстджынæй чи радта, уыцы рауагъдонтæй 53 райстой сырх дипломтæ.

Ахуыры раззагдæртæн уый тыххæй бузныг загътой æмæ сын сæ дарддæры куысты ноджы стырдæр æнтыстытæ куыд уа, ахæм арфæ ракодтой Университеты ректор Огъуаты Алан æмæ йæ президент Мæхæмæтты Ахуырбег. 

Æмбырды раныхасгæнджытæ куыд фæнысан кодтой, афтæмæй рауагъдонтæ сæ ахуырæй уæлдай арæх архайдтой æппæтуæрæсейон олимпиадæты, конференциты, форумты, конкурсты.  Бирæтæ дзы систы уæлахиздзаутæ æмæ призертæ.

      НОГ  ТУРОПЕРАТОР – РЕСПУБЛИКÆЙЫ

Цæгат Ирыстоны цы ног туроператор фæзынд, «Эверест», зæгъгæ, уый цæттæ у туризмимæ баст алыхуызон маршруттæ æххæст кæнынмæ, уазджыты нæ культурæ, нæ истори, нæ динимæ зонгæ кæнынмæ, тæссаг бынæтты хи куыд дарын хъæуы, ууыл сæ ахуыр кæнынмæ.

Компанийы разамынд куыд зæгъынц, афтæмæй сæ размæ æвæрынц мидфæрæзты авналæнтæ парахат кæнын, Ирыстоны туризмы рæзт фæтыхджындæр кæнын æмæ фылдæр адæмы æргом раздахын.

Нæ  уацх.

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.