Паддзахады сæргълæууæг æрсидт республикæйы цæрджытæм, цæмæй æмбаргæ ахаст равдисой, арæны æхгæды фæдыл цы зын-дзинæдтæ æвæры, уыдонмæ.

«Ис æнæразыдзинад цæрджыты иу хайы ‘хсæн, кæцытæ баст сты арæнгонд мадзæлттимæ. Фæлæ уæ курæг стæм, цæмæй сæвзæргæ уавæрмæ æмбаргæ ахаст равдисат. Уымæн æмæ къухдариуæгад цы мадзæлттæ райста, уыдон æнæхъуаджы нæ уыдысты æмæ здæхт уыдысты не ‘хсæнады æдасдзинадмæ», – загъта уый.

Бибылты Анатоли ма йæ хъусдард аздæхта, зæгъгæ, цы бæстæты систой арæнгонд мадзæлттæ арæныл ахизыны фæдыл, уыдонмæ ныр фæфылдæр сты СOVID-19 рынчынтæ.

«Мах бирæ фесæфтам уавæры тыххæй. Æрлæууыдысты хæдзæртты арæзтад æмæ агъуыстытæ  раивыны фæдыл куыстытæ. Бахъуыд бирæ плæнттæ æмæ проекттæ аиуварс кæнын. Фæлæ уый абарæн нæй, цы æрцыдаид уыимæ, къухдариуæгад арæнгонд мадзæлттæ куы нæ райстаид, уæд», – загъта уый.

Уый ма банысан кодта, зæгъгæ, уыд ахæм цаутæ, бæрæг организациты кусджытæ иумæйаг уагæвæрдмæ гæсгæ не ‘рбахызтысты республикæйы территоримæ. Президенты ныхæстæм гæсгæ, ацы хъуыддаджы фæтк æвæрд цæуы, æххæст цæуы æмбæлон куыст.

Бибылты Анатоли ма æрдзырдта пенситæ райсын, студентты ахуырмæ ацæуын, райгуырæн зæхмæ æмбæстæгты æрыздæхын æмæ æндæр проблемæтыл.

«Сидын æппæт уыдонмæ, кæцытæн пенситæ райсыны фæдыл проблемæ фæзынд. Уыцы фарс-тытæ скъуыддзаг кæны Президенты администрацийы къухдариуæггæнæджы хæдивæг Джуссойты Алан. Уый бирæ кæмæндæрты аскъуыддзаг кодта сæ проблемæтæ, æххуысхъуагты сифтонг кодтой пенситæй», – загъта Президент.

Паддзахады сæргълæууæг æрдзырдта уадзæн пункт «Дæллаг Зæрæмæг»-ыл уæзласæн траспорттæн ахизыны проблемæйыл æмæ ныфс бавæрдта, проблемæ скъуыддзаг кæй цæуы.

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.