Мæ уарзон газет «Хурзæрин»-ыл æххæст кæны 100 азы. Уал азы дæргъы хъахъхъæны ирондзинад, хæссы ирон дзырды фарн адæммæ.

Зынаргъ редакцийы кусджытæ, нæ газет «Хурзæрин»-ы цардхъом чи кæны, уыцы журналисттæ! Арфæ уын кæнын уæ юбилейы цытæн. Фидар æнæниздзинад, фæрныгад æмæ сфæлдыстадон æнтыстытæ уын зæгъы мæ зæрдæ. Мæ зæрдæ ма зæгъы не ‘ппæтæн дæр, цæмæй Ирыстоны адæм стырæй-чысылæй, кæстæрæй-хистæрæй иууылдæр кæсой «Хурзæрин»-ы номыртæ.

Æз уæ газет фæрсын, мæхи æмбарынхъом куы фæдæн, уæдæй. Фенхъæлмæ йæм кæсын. Бузныг уын, нæ зынаргъ уацхæсджытæ, алкæй æрмдзæф дæр уæ зонын. Мæхицæн дзы ссарын бирæ цымыдисон æрмæджытæ. Мæ зæрдæмæ тынг цæуы рубрикæ «Нæ хъæуты истори» – Бестауты Валяйы æрмæджытæ кæддæриддæр зæрдиагæй фæкæсын. Йæ фыстытæ сты æнцонæмбарæн, уæдæ ирон æгъдæуттæ куыд хуымæтæг æвзагæй бацамоны, ууыл тынг  бацин кæнын.

Уæлдай цымыдисæй кæсын фæстаг дыууæ азы Джиоты Алыксандр цы рубрикæ уадзы «Дунейы цаутыл афæлгæст». Газеты нырмæ нæ уыд профессионалон æвзагыл иронау бакæсæн политикон уацтæ. Æз афтæ æнхъæлдтон, политикæйыл дзургæйæ ирон æвзагыл зын уыдзæн ссарын дзырдтæ.

Мæ зæрдæмæ цæуынц газеты экологийы тыххæй цы æрмæджытæ вæййы, уыдон дæр. Фылдæр сыл фыссы Уазæгты Марфæ.

Зæрдиагæй кæсын Цхуырбаты Ларисæ культурæйы хабæрттæ куыд лæмбынæг фыссы. Алкæуылдæр æмæ алцæуылдæр æххæссы.

Цыбыр, фæлæ мидисджын, æнцон кæсæн æмæ æмбарæн æрмæджытæ вæййынц Хуыбиаты Никъалайы хъæууон хæдзарады царды тыххæй уацтæ.

Цымыдисæй бакæсын хъæлдзæг радзырдтæ, фыдæлтыккон хабæрттæ. Уыдоны автор та у Биазырты Роланд. Куыд арф æмæ куырыхон зонды хицау у! Куыддæр газет рафæлдахын æмæ мæ цæстытæ сныдзæвынц рубрикæ «Сæрибар хъуыдытæ»-йыл, афтæ сæ фæрсын фæцагайын. Йæ арф хъуыдытæ мæ дисы æмæ цины бафтауынц.

Стыр аргъгæнæг дæн рубрикæ «Сæрмагонд æфсæддон операци»-йæн. Ацы фарс та срæвдз кæны Джиоты Екатеринæ. Сæрмагонд æфсæддон операцийы хайад чи исы æмæ хорзæхтæ чи райсы, уыцы кæстæрты нывтæ сæ чысыл биографитимæ сæвæры. Мæ зæрдæ хурварс абады, сæ фыдæбонæн сын уæлдай кад куы скæнынц. Уымæн æмæ мæнæн дæр мæ иунæг фырт ныр дыууæ азы хайад исы Сæрмагонд æфсæддон операцийы.

Адæймаджы дисы æфтауы не ‘мбæстæгтæй уæрæсейы æмæ фæсарæнты цас зынгæ, ахуыр адæм ис. Уæ газеты вæййы ахæм адæймæгты тыххæй дæр æрмæджытæ.

Бирæ хатт мæ бафæнды, цæмæй газет æргомдæр дзура иуæй-иу чиновникты æнæуаг миты тыххæй. Сусæггаг нæу, уыдонæй чидæртæ  æнæзакъонон хъуыддæгтæ кæй фæаразынц. Сæ хабæрттæ-иу газеткæсджыты размæ куы  хæссиккат, уый у мæ бæллиц.

Уарзын кæсын, зынгæ ирон профессор Плиты Гацыры уацтæ дæр. Мæ зæрдыл мын æрлæууын кæны ирон литературæйы интеллигенцийы минæвæртты. Рохуаты дзы чи аззад рæстæджы аххосæй, уыдон дæр та цыма дурыбынæй скъахы, афтæ сын рæдауæй радзуры сæ хабæрттæ. Цæмæй нæ мадæлон æвзаг ма рох кæнæм, ууыл архайы удуæлдайæ.

Нæ фæсивæды спортивон æнтыстыты тыххæй уæлдай æхсызгонæй бакæсын. Хуриты Батрадзы спортивон фарс, уый афтæ хъæздыг вæййы алыгъуызон спорты хуызтæй æмæ мæм сæрыстырдзинады æнкъарæнтæ сæвзæры нæ кæстæрты сгуыхтдзинæдты тыххæй.

Мæ зынаргъ газет «Хурзæрин» æмæ йæ кусджытæ! Сымахæн уæ куысты сæйраг фарстатæ сты «Куыд?», «Кæм?» æмæ «Цы?». Ацы фарстатæн дзуаппытæ дæдтын цы фæразат æмæ сæ газеткæсджыты размæ рахæссын хъом куыд уат, уыцы арфæ уын зæгъы мæ зæрдæ. Зæгъын ма мæ фæнды газеты сæйраг редактор Дамбегты Иринæйы тыххæй. Кæдфæнды йæм ма бацу редакцимæ, цыфæнды æнæвдæлон ма уа, уæддæр дыл бацин кæндзæнис. Лæмбынæг дæм байхъусдзæнис æмæ дын бæлвырд дзуаппытæ ратдзæнис. Газетмæ исты фыстæг куы бахæссай, уæд дыл баузæлдзæнис, хатыртæ ракуры чысыл ивындзинæдтæ дзы кæй бахæсдзæнис, уымæн æмæ, дам, газетæн йæхи æвзаг ис, уый фæстæ дын æй мыхуыры рауадздзæн. Бузныг дын, Ирина Алиханы чызг! Дæ профессионализм æмæ æрмдзæф газетыл тынг зыны.

Хуыцау ахæм арфæ ракæнæд æмæ ирон адæм куыд бамбарой, газет цы стыр ахъаз у нацийы æмбарынадæн. Алчидæр рафыссæд газет «Хурзæрин»!

«Хурзæрин»-ы иузæрдион хæлар УАЗÆГТЫ Ритæ

Добавить комментарий

Ваш адрес email не будет опубликован. Обязательные поля помечены *

Этот сайт использует Akismet для борьбы со спамом. Узнайте, как обрабатываются ваши данные комментариев.