Æрæджы та милицийы Экономикон фыдракæндтæ ма æруадзыны фæдыл управленийы кусджытæ радон хатт республикæйы продуктты магазинты ауагътой рейдон мадзæлттæ æмæ цалдæр уæйгæнæн объекты ссардтой, сæ рæстæг кæмæн ацыд, ахæм товарты хуызтæ. Сæ фылдæр уыдысты урссагæй æмæ ссадæй арæзт хæлцадон продукттæ.

«Уыцы товартæ конфискаци æрцыдысты æмæ магазинты хицæуттыл та конд æрцыдис административон суагъæтæ, кæцытæ æрвыст æрцыдысты Æмбæстæгты хæрзиуæгад æмæ фæлхасгæнджыты бартæ хъахъхъæныны фадыгмæ хъус дарыны фæдыл комитетмæ, цæмæй бархалджыты æркæной бæрндзинадмæ», – зæгъы милицийы дæлбулкъон Дудайты Димитр.

Милицийы кусджытæ ма сидынц цæрджытæм, цæмæй магазинты исты продукттæ æлхæнгæйæ, лæмбынæгдæр кæсой товарты гъæдмæ, сæ пайда кæныны æмгъуыдмæ æмæ се ‘нæниздзинад бахъахъхъæной  æвзæр хæлцадæй.

Бирæ паддзахадты цæрджытæ æгæр парахатæй хардз кæнынц хæлцадон продукци, балхæнынц фагæй фылдæр æмæ сын стæй калинаг фæвæййынц. Æрмæст Уæрæсейы Федерацийы æмбæстæгтæ æрвылаз æнæфтиаг фæкæнынц 17 милуан тоннæйы продукттæ, кæцыйæ бафсаддзынæ азы дæргъы  30 милуан адæймаджы. Фæлæ уымæ нæ кæсгæйæ, уæддæр пайда кæныны афонæй кæцы продукттæ ахызтысты, уыдонæн закъонмæ гæсгæ уæй кæныны бар нæй. Фæлæ æцæг тæссаг сты ахæм продукттæ?

Экологты фылдæр хай сидынц, цæмæй зæронд продуктты æнæфтиаг ма кæной, фæлæ сæ дæттой æвæрæз æмбæстæгтæн. Сæ хъуыдымæ гæсгæ æмбыд дыргъ æмæ халсар, кæнæ хъуына кæр-дзынæн йе ‘взæр хай куы ралыг кæнай, уæд æдас у хæрынæн. Фæлæ ацы фадыджы эксперттæ куыд æмбарын кæнынц, афтæмæй тæссаг у ахæм продукт бахæрынæй. Уымæн æмæ алкæцы хæлцыл дæр уæвынад кæнынц алыгъуызон микроорганизмтæ, кæцытæ, рæстæг куыд цæуы, афтæ фылдæрæй-фылдæр кæнынц æмæ адæймаджы æнцонтæй фæхъæстæ кæнынц.

«Магазинты хæлц æлхæнгæйæ, тынг лæмбынæг хъæуы кæсын йæ гъæдмæ, йæ саразыны рæстæгмæ, стæй ма йыл кæд исты фыстытæ ис, уæд уыцы маркировкæйы гъæдмæ дæр. Бирæ хæттыты йæ тыхты фыстытæ рæстмæ нæ фæзынынц æмæ уæд ахæм товар балхæнын ма сфæнд кæнут. Дыргъ кæнæ халсары æмбыдтæ куы фæзына, уæд сæ нал ис хæрæн, уымæн æмæ æмбыд куы ралыг кæнат, уæддæр йæ бактериты уидæгтæ уым баззайынц. Афтæ ма нæй гæнæн хæрын хъуына кæрдзын кæнæ цыхт дæр. Уымæй уæлдай ма кæцыдæр магазинты вæййы акцитæ, цыран асламдæр аргъыл фæуæй кæныц алыгъуызон товартæ. Фæлæ уыдонæй дæр хъæуы хи хизын, уымæн æмæ сыл æууæнк нæй», – фæдзæхсы профессор Анастасия Семенова.

Товаруадзæг йæ продукцийæн радты æмгъуыд, кæцыйæ цыдæр рæстæгмæ ис спайда кæнæн, стæй йæ æнæмæнг хъæуы утилизаци. Бирæ амалиуæггæнджытæ та, цæмæй мацы зиан баййафой æмæ ма ноджы фылдæр пайда райсой, уый тыххæй алы амæлттæй дæр фæсайынц æлхæнджыты æмæ сын гъæдджын продукцийы бæсты рауæй кæнынц зæронд товартæ. Уыдон нæ фæхъуыды кæнынц сæ балхæнджыты æнæниздзинадыл, кæд æмæ йæ фæзонынц, сæ хæлц хæрынæн бæзгæ нал у æмæ дзы гæнæн ис æмæ мæлгæ дæр акæной, уæддæр. Ахæмтæ та хъуамæ æййафой карз æфхæрд.

Хæлцадон продукттæй алкæмæн дæр ис йæхи æмгъуыд. Иууыл тагъддæр сæфынц дзидзайæ æмæ кæсагæй арæзт хæринæгтæ, халсæрттæй æмæ дыргътæй конд салаттæ, кремимæ адджинæгтæ, полуфабрикаттæ. Ацы категорийы продукттæн иууыл фылдæр ис дарæн 3 боны бæрц, æмæ уымæй дæр хъуамæ уой сатæг бынаты. Иу мæйæ фылдæр цы продукттæ лæууынц, уыдон та хауынц, бирæ чи лæууы, ахæм товарты категоримæ. Зæгъæм, ссад, цæхх, цай, сæкæр æмæ ма алыгъуызон консервтæ лæууынц 5 азы онг, фæлæ сæ къоппытæ гом ма хъуамæ æрцæуой æмæ уымæл бынаты æвæрд ма уой. Фыруазал бынаты та хæлц лæууы тынг бирæ. Зæгъæм, Арктикæйы 100 азы куы фæлæууа консерв, уæддæр хæрынæн бæззы.

Ис ма ноджы ахæмтæ, кæцытæ хъуыды кæнынц, зæгъгæ, йæ гъæд кæмæн февзæрдæр, ахæм продукт фыхæй æдас вæййы. Эксперттæ куыд æмбарын кæнынц, афтæмæй 100-130 градус тæвды æцæгæйдæр амæлынц бактериты æмæ зокъоты фылдæр хай æмæ тæссаг нал вæййынц адæймаджы организмæн. Æрмæст рафыцыны процедурæйы фæстиуæгæн нæ амæлынц микотоксинтæ, кæцытæ фæзынынц продуктты мидæг зокъоты æмæ бактериты уæвынады фæрцы. Æмæ уыдон та сты адæймагæн иууыл тæссагдæр. Уымæ гæсгæ ахуыргæндтæ сидынц, цæмæй ма пайда кæной ахæм дыргътæй, халсæрттæй, хоры культурæ-тæй, дзидзайæ æмæ æндæр хæлцадон продукттæй, кæцыты гъæд у мæгуырау. Хъуына æмæ æмбыд чи сты, уыцы продуктты æнæмæнгæй хъæуы брондонмæ калын. Æгæрыстæмæй ма хæрыны содæ дæр куы бакæнай къоппæй, уæд æй хъуамæ бахардз кæнай 6-12 мæйы æмгъуыдмæ. Ис ахæм стæм товарты хуызтæ, кæцытæ лæууынц цæрæнбонттæм, зæгъæм, уксус.

Æрмæст хæлцадон продукттæн нæй æмгъуыд, фæлæ ма æндæр æнæмæнгхъæуæг товартæн, зæгъæм, пысултæхсæн ссадæгæн, сапонæн, алыгъуызон химикон донгъæдтæн. Ацы товартæй, сæ æмгъуыды рæстæг ацæуыны фæстæ куы спайда кæнай, уæд йæ фæстиуæг вæййы æндæргъуызон, – фесафынц сæ миниуджытæ уæлдæфимæ фембæлгæйæ æмæ дын дæ къух нал сараздзысты. Ахæм товарты куы бакæнай сæ къоппæй, уæд сæ иууыл фылдæр иу азы æмгъуыдмæ хъуамæ бахардз кæнай. Фыртуаг донгуыры (перекись водорода) флакон куы бакæнай, уæд та дзы пайда кæнæн ис 30-45 боны дæргъы, стæй йæ миниуджытæ сафын райдайы. Афтæмæй æхгæд къоппы та лæууы 3 азы онг.

Уæдæ нæ алчи дæр йæхи куы хъахъхъæна, куы кæсæм товарты æмгъуыдмæ, уæд фыдбылызтæй дæр уыдзыстæм хызт æмæ ма æдзæсгом амалиуæггæнджытæн дæр нæ уыдзæнис фадат «чъизи» æхцатæ бакусынæн.

Джиоты Александр

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.