Афтæ макуы мачи ахъуыды кæнæд æмæ йын абон куыд хорз у, афтæ уыдзæн кæдфæнды дæр. Сомбон адæймагмæ цы æнхъæлмæ кæсы, уый ничи зоны.

Дзæуджыхъæуы Зæрæдтæ æмæ сахъат адæймæгты хæдзар-интернаты исæн дуармæ бацæугæйæ, æнæнхъæлæджы æвдисæн фæдæн зæрдæриссæн цауæн. Бахизæны лæдзæджы æнцой лæууыд зæронд ус æмæ куырдта, цæмæй йæ мидæмæ бауадзой. Йæ къухы уыд Зæрæдты хæдзары адрес. Йемæ уыд æрыгон чызг. Чызг разынд усæн æнæзонгæ. Куыд загъта, афтæмæй машинæйы рудзынгæй федта, ус лæдзæджы æнцæйтты тыххæй куыд хылди, уый. Фæтæригъæд ын кодта. Рахызт æм æмæ кæдæм цæуы, уый куы базыдта, уæд æй йæ машинæйы сбадын кодта æмæ йæ æрбакодта. Ус куыд дзырдта, афтæмæй йын ничиуал ис, ардæм та йæ æрбарвыстой зæрдæхæлар адæм.

Фæлæ уый зын бауырнæн у. Арæх куыд вæййы, афтæ йын, æвæццæгæн, йæ би-нонтæ йæ къухмæ адрес радтой æмæ йæ уым хæстæг æрхизын кодтой. Ахæм цау ацы уагдоны фыццаг хатт нæ уыд.

Фæлæ, хъыгагæн, зæронд усы фæстæмæ аздæхтой. Æнæ документтæ, æнæ социалон æмæ медицинон кусджыты къухæвæрдæй дæ уырдæм ничи райсдзæн.

Алыхуызон хъысмæттæ ис ацы уагдоны. Кæмæн дзы хæдзарыдзаг бинонтæ ис, фæлæ æвæндонæй йæ царды фæстаг бонтæ ам арвиты, чи барвæндæй ацæуы йæ бинонтæй уырдæм, цæмæй сæ ма хъыгдара, чи бынтон иунæг у…

«Адæмæн сæ уавæр алыхуызон у. Кусгæ чи кæны, уыдонæн сæ фылдæрæн сæ зæронд ныййарджытæм кæсыны фадат нæй, рынчынмæ зилæгæн та фидын хъæуы мæйы дæргъы 60 мин сомæй уæлæ-мæ, алкæмæн та уый фадат нæй.  Æмæ сæ уæд раттынц махмæ. Ам сын ис æппæт уавæртæ дæр. Цæрынц сыгъдæг, æппæтфадатджын уæтты дыгæйттæй, сæ хæрд – рæстæгыл. Зилынц сæм æмæ сæ дзæбæх кæнынц нæхи дохтыртæ, куы бахъæуы, уæд сæ хос кæнынмæ аласынц æндæр рæттæм. Æдзух сын республикæйы аивадон къордтæ æвдисынц концерттæ, спектаклтæ. Акæнæм сæ экскурситы. Йæ бон кæмæн у, уый абæрæг кæны йæ бинонты, уынынмæ сæм æрбацæуынц сæхæдæг дæр. Чи нæм æрбацæуы, уыдонæн райдианы зын вæййы, æфсæрмы фæкæнынц, уымæн æмæ мах ирон адæм стæм, нæ царды уаг æндæр у. Фæлæ куы фенынц цы зылд сæм ис, уæд сæ хъуыды аивынц. Ам цæрын худинаг нæу, худинаг у, йæ зæрæдты ардæм ратгæйæ ма сын, сæ пенсийæ капеччытæй чи аззайы, уыдоны исынмæ иуæй-иутæ куы ‘рбацæуынц, уæд уый. Хъыгагæн, ахæмтæ дæр дзы бирæ ис, уымæй дæр нæхи ирæттæй», – дзырдта Зæрæдтæ æмæ сахъат адæмы хæдзары директор Белеккаты Георги.

Æцæгдæр, диссаджы уавæртæ ис интернаты. Æз ма дзы уыдтæн цалдæр азы размæ æмæ уæдæй нырмæ афтæ аивта æмæ дзы мидæгæй фæндæгтæ нал ардтон. Ног цалцæггонд дыууæуæладзыгон уæрæх, райдзаст бæстыхай цæхæртæ калы. Бацæуæны ис сæрмагонд уат дивантæ, стъолтæ æмæ дидинджытимæ. Уым цæрджытæ фембæлынц, сæ хиуæттæй сæм чи æрбацæуы, уыдонимæ. Ис дзы дынджыр зал аивадон программæтæ æвдисынæн, спортзал, медицинон кабинет, буфет, телевизор. Сæрмагонд стендыл æвæрд сты интернаты цæрджыты къухтæй арæзт алыгъуызон куыстытæ. Ис сын сæхи сæрмагонд ансамбль. Уый концерттæ æвдисы республикæйы æндæр ахæм уагдæтты. Стендыл æвæрд уыдысты сæ æнæнымæц хæрзиуджытæ, дипломтæ, грамотæтæ… Уæдæ адæймаг æнусон нæу, æмæ бинонтæ, хиуæттæ кæмæн нæй, уыдон сæ фæстаг фæндагыл арвитынц ардыгæй. Уый тыххæй дæр дзы ис сæрмагонд уат, стæй зал хæрнæджы фынг æрæвæрынæн.

Директор ма куыд банысан кодта, афтæмæй сын хорз æххуыс кæнынц республикæйы разамынад. Уымæй дарддæр ма аразынмæ хъавынц иу ахæм ног бæстыхай, бынæттæ кæй нæ фаг кæнынц, уый тыххæй.

Уæдæ сæм ис ног фæндтæ дæр: йæ зæронды ардæм раттын кæй нæ фæнды, фæлæ сæм зилынмæ чи нæ арæхсы, уыдонæн рæхджы ацы бæстыхайы байгом уыдзысты сæрмагонд курсытæ. Уым, кæй фæнды, уыдоны, социалон æмæ медицинон кусджытæ ахуыр кæндзысты, зæронд, рынчын адæймагмæ куыд зилын хъæуы, уыдæттыл.

Сæ удты хъарм – сæ куыстыты

Зæронд, рынчын адæймаг мæгуыр у. Сывæллонау сæ иууыл рæвдауын хъæуы. Фæлæ уыдон сæхи амондджын хондзысты уæд æмæ ма æхсæнадæн исты пайда куы хæссой. Абон Украинæйы сæрмагонд операцийы чи архайы, уыцы хæстонты хъысмæт сæ зæрдæтæм тынг айстой ацы уагдоны цæрджытæ. Фæнды сæ се ‘ххуысы хай истæмæй бакæной. Сæ активондæртæ куыд бауынаффæ кодтой, афтæмæй хъуамæ æрæмбырд кодтаиккой сæ пенсийы муртæй гуманитарон æххуыс æмæ йæ фронты раззаг хаххмæ арвыстаиккой. Фæлæ интернаты разамынд ууыл не сразы сты. Уымæн æмæ сæ пенсийæн æрмæстдæр исынц йæ 25 проценты, æмæ сæ уымæй дæр æнæхай фæкæнын раст нæ уыдаид.  Уæд сын æрхъуыды кодтой æндæр мадзал: хæстонтæн цæттæ кæнын райдыдтой æмбæрзæн хызæгтæ (Москитные сетки). Уыдон стыр æхсызгонæй хъæуынц хæсты быдыры. Сæ аууон æмбæхсынц хæстонтæ, стæй сæ техникæ. Дыууæ-æртæ метры дæрццæгмæ æвæрд цæджындзтыл чырæгы хуызы айтындзынц бæндæнтæ æмæ, иу æртæ сантиметры се ‘хсæн куыд уа, афтæ сыл кæрдæгхуыз, кæнæ æфсæддон дзаумайы хъуымацæй уадздзæгтæ бабæттынц. Уыцы хызæгтæ хæсты быдыры нымад цæуынц хорз æмбæхсæн фæрæзыл. Уымæй дарддæр, ацы уагдоны цæрæг Верæ йæхимæ райста хæстонтæн хъарм къуымбил цъындатæ бийыны хæс. Ныридæгæн ын дзæвгар бантыст. Куыд зæгъы, афтæмæй фæззæгмæ минæй хъуамæ ахиза сæ нымæц.

Зæрæдты хæдзары цæрджытæ ахæм æхцондзинад исынц уыцы куыстытæй, æмæ сæ дарддæры пълæнттыл дзуры-нæй нæ фæллайынц. Фæндтæ тæ сæм би-рæ ис. Исты ног æххуыс та хъуамæ æрхъуыды кæной нæ хæстонтæн. Æппынфæстаг, зæронд, сахъат адæймæгтæ бамбæрстой, æхсæнадæн уыдон дæр цыдæр пайда кæй хæссынц æмæ сæ уый разæнгард кæны архайынмæ, цæрынмæ…

                                                    ДЖУСОЙТЫ  Нинæ   

Добавить комментарий

Ваш адрес email не будет опубликован. Обязательные поля помечены *

Этот сайт использует Akismet для борьбы со спамом. Узнайте, как обрабатываются ваши данные комментариев.