Сывæллоны хидарыны уагмæ нæ фыдæлтæ здæхтой уæлдай хъусдард. Иу хуызы йын амыдтой æгъдауæй цы æмбæлы кæнын, иннæ хуызы та, цы не ‘мбæлы, уый. Ахæм фæткы уагыл цæудзæн нæ ныхас Мидхъуыддæгты минæварады Æнахъомты хъуыддæгты фæдыл хайады хистæр Гатайты Лалиимæ.

– Сывæллæтты ‘хсæн фыдракæндтæ æмæ бархалынадтæн алы æхсæнады, алы цардæвæрды дæр бынат вæййы. Раздæры дугимæ абаргæйæ фæфылдæр сты фыдракæндтæ æви нæ?

– Раздæр ахæм рæстæг уыд æмæ иумæйаг хъуыддагыл ничиуал хъуыды кодта. Уыимæ сарæх сты алыгъуызон фыдракæндтæ. Бирæтæ нал ауæрстой давыныл, æхсæнадон исад пырх, дæрæн кæныныл. Æппæт уыдæттæ та цыдысты нæ сывæллæтты цæстыты раз. Сывæллон та цы уыны, ууыл æнцонæй цайдагъ кæны,  уымæ гæсгæ нæм раздæр фылдæр уыд давыны цаутæ. Уымæн ма йæ аххоссаг уыд гæвзыкк рæстæг кæй скодта. Адæм мызд нæ истой æмæ хъуыд царды амæлттæ кæнын. Уæд сылгоймæгтæ æрлæууыдысты базæртты, архайдтой сæ хъæбулты фæдарыныл, кæрдзын, дарæс цух сæ ма ныууадзыныл.  Уый сæ сæрæндзинадыл дзурæг у, фæлæ уый хыгъд, сæ сывæллæттæ аззадысты иуварс æмæ уымæн та йæ психикæ ахæм у æмæ æдзух цæстдарды бын куы нæ уа, йæхи æвджид куы аззайа, уæд хивæнд митæ кæнын райдайы.  Уыцы рæстæджы та æнæхъусдард аззадысты тынг бирæ сабитæ, нал сыл уыд контролгæнæг æмæ-иу нæм уæд тынг арæх æрбахаудысты, давыныл чи фæцайдагъ сты, ахæмтæ. Ныр дæр дзы вæййы ахæм цаутæ, фæлæ арæх нал. Бирæтæ дзы æнæнхъæлæджы æрлæууынц давыны фæндагыл. Хъуыддаг афтæ у æмæ уыдон цалдæрæй куы баиу вæййынц, уæд сын фæзыны раздзог æмæ йæ фæстæ акæны иннæты дæр. Сывæллæтты ‘хсæн та вæййы ахæмтæ æмæ æмбаргæ дæр нæ фæкæнынц фæстиуджытæ цахæм уыдзысты, уый.

Азæй-азмæ давыны цаутæ фæкъаддæр сты, фæлæ сывæллон цалынмæ фембаргæ уа, уæдмæ йæм хъæуы хъусдарын.  Уымæн æмæ цыфæнды хæзнайæ дæр сывæллон зынаргъдæр у. Ныр дуг фæивта æмæ сæ уавæртæ дæр бирæ фæхуыздæр сты. Ахуыр кæнынæн ис æппæт фадæттæ дæр æмæ сæ цайдагъ хъæуы ахуырыл. Алы ныййарæг дæр хæс-джын у, цæмæй  ссара рæстæг, йæ сывæллон бонизæрмæ цы архайы, уый базонынæн.

– Зæгъыс, зæгъгæ, давыны цаутæ бирæ фæкъаддæр сты… Æмæма уæдæ цахæм фыдракæндтæ ис се ‘хсæн?

– Раст дын куы зæгъон, уæд давын дæр тынг худинаг у,  фæлæ мæ ныртæккæ тынгдæр тыхсын кæны се ‘гъдау, сæ уагахаст, се ‘хсæн аморалондзинады фæ-зындтæ. Ныртæккæ иуæй-иу сы-вæллæттæ сæхи куыд дарынц, уый кæуинаг у. Нæй сын æмбæлон хъомылад, нæ зонынц хистæрты раз сæхи дарын, нæ сын аргъ кæнынц.  Нæ аргъуц кæнынц сæ ахуыргæнджытæ, сæ ныййарджытæй дæр.  Мобилон телефонтæ нæм тынг сарæх сты æмæ уымæй та хорзæй ницы райсынц. Уынынц дзы тыхбахаст, къахбайдзинад, давд æмæ сыл æндавынц æвзæрæрдæм. Сывæлон та ахæм у, æмæ йæ алцыдæр йæхиуыл сфæлварын фæфæнды.  Уымæ гæсгæ хъуамæ уа хæдзары бинонты хъусдарды бын. Æнæ уымæй сывæллон æмбæлон хъомылад нæ райсдзæн. Рагзаманты дæр ирон бинонты ‘хсæн сывæллоны хъомыладыл зæрдиагæй архайдтой. Уды рæсугъддзинадыл æй цайдагъ кодтой, хъомыл æй кодтой æнæзивæг, куыстуарзонæй æмæ йæ ахуыр кодтой ирон рæсугъд æгъдæуттыл. Нæ сывæллæттæй иуæй-иутæ æгоммæгæс кæй сты, уый хатт кæйдæр æфсон фæкæнæм. Уый, фыццаджыдæр, хъомылдзинад исы йæ хæдзары.  Хæдзарæй цы æгъдау цæуы, уый хæссы æддæмæ, адæмы ‘хсæнмæ. Фæлæ хъуыддаг уый мидæг ис æмæ бинонты ‘хсæн дæр хъармдзинад нал ис. Кæрдзын иу фынгыл иумæ нал хæрынц. Ам кæрдзын бахæрыныл ныхас нæ цæуы. Æндæр нысаниуæг ын ис. Фынгыл иумæ æрбадгæйæ, бинонтæ кæрæдзийы фарстой, куыд арвыста йæ бон, цы йын бантыст саразын, йæ уроктæ куыд сахуыр кодта. Ныр ахæм бинонтæ арæх нал сты. Вæййы афтæ æмæ бинонтæ дæр сæ уагыл куы нæ вæййынц, æмæ уæд сывæллон баззайы бынтон æнæркастæй.

– Сывæллæтты ‘хсæн хъомыладон, профилактикон куыст бирæ структурæтæм хауы. Цахæм æмгуысткæнынад уын ис кæрæдзиимæ?

– Махæн нæ куыст сæйраджыдæр, баст у скъолаты ахуыргæнджытимæ, горæты администрацийы æнахъомты фæдыл къамисимæ. Уыцы къамис æнахъомтæн у, стыртæн тæрхондон куыд у, афтæ. Цæвиттон, мах фыдракæндимæ цы сывæллон æрцахсæм, уымæн хъуамæ йæ документтæ арвитæм уыцы къамисмæ, уыдон ыл хъуамæ стæрхон кæной æмæ йын бафхæрой йæ ныййарджыты,  уымæн æмæ сывæллон нырма æнахъом у. Ацы къамисы раз æвæрд ис бирæ функционалон хæстæ. Махæн бастдзинæдтæ ис къласгæстимæ дæр. Уыдон хæсджын сты, цæмæй сывæллон скъоламæ куы нæ æрбацæуа, уæд æй бабæрæг кæной хæдзары, бафæрсой ныййарджыты, цæмæ гæсгæ не ‘рбацыд. Кæннод тынг арæх вæййы афтæ æмæ сывæллон хæ-дзарæй скъоламæ рацæуы æмæ скъолайы бæсты кæдæмдæр адзæгъæл вæййы. Ныййарджытæ уæд нæ базонынц, райсомæй изæрмæ цы фæархайы, уый. Раст у, сывæллоны хъомылады, скъола дæр стыр ролы хъазы, фæлæ йын уыдон, сæйраджыдæр, тыхсынц йæ ахуырыл, йæ зонындзинæдтыл. Хъомылад та йын хъуамæ дæдтой йæ ныййарджытæ.

Советон дуджы стыр идеологон куыст цыдис скъолаты. Нырма сæ иу райстой октябронтæм, стæй ногдзаутæм стæй та фæскомцæдисонтæм. Фæсивæдон организацитæ хорзæрдæм æндæвтой æнахъомты уагахаст, се ‘гъдау, сæ ахуырыл. Ахуыр сæ кодтой хистæртæн кад æмæ аргъ кæныныл, куыстуарзондзинадыл. Æз афтæ æнхъæлын æмæ уыцы организациты скуынæгæй бынтондæр фæивта скъоладзауты цард. Уырдæм-иу кæй нæ райстой, ууыл-иу худинаджы гакк сбадтис æмæ ал-чидæр архайдта йæхи хорз дарыныл. Ныр худинаг цы у, уый бирæ сывæллæттæ æмбаргæ дæр нæ кæнынц.

Æмæ уым аххосджын чи у? Фыццаджыдæр, бинонтæ, стæй æхсæнад дæр. Уымæн æмæ алы æмбаргæ адæймаджы хæс дæр у, кæцыдæр кæстæр куы рæдийа, йæхи æнæуагæй куы дара, уæд ын йæ ных хъуамæ бакъуырай, бауайдзæф ын кæнай. Фæлæ абон кæрæдзийы рисыл нал риссæм æмæ уый раст нæу. Алкæй кæстæр дæр махæн иумæйаг хъуамæ уа.  Раздæр, кæстæр фæлтæр, нæ фыдæлтæн иумæйаг хъæбултæ уыдысты. Æвзæрдзинад аразгæ йæ куы федтаид, уæд йæ фæрсты нæ ахызтаид, бауайдзæф ын кодтаид, раст фæндагæй фæиппæрд кæныны рæстæг сын нæ лæвæрдтой. Æмæ уыдон дæр тарстысты худинагæй – мæ сыхаг, мæ зонгæ, ме ‘мбæлттæ цы зæгъдзысты, уымæй.

– Лали, дæ дæлбар инспекци æххæссы йæ куыстыл. Æххæст информаци уæм вæййы сывæл-лæтты фыдракæндты тыххæй?

– Ныртæккæ кæд сæрдыгон улæфтбонтæ райдыдтой, уæддæр нæ кусджытæ æнцад нæ бадынц, рейдты цæуынц. Сывæллæттæ кæм фембырдтæ кæнынц, уырдæмыты бацæуæм, фæныхас кæнæм семæ, цæмæй мацы æвзæрдзинад саразой. Ахуыры рæстæджы та, кæй зæгъын æй хъæуы, скъолатæм фæцæуæм. Алы скъоламæ дæр фидаргонд у сæрмагонд инспектор. Уыдон сæ цæст дарынц сывæллæттæм. Кæд мыййаг кæцыдæр сывæллон ахуырмæ нæ бацæуы, къæбæда кæны, уæд аныхас кæны йемæ.  Æдзухæй бастдзинад дарынц ахуыргæнджытимæ дæр. Фæнды мæ, цæмæй канд нæ кусджытæ нæ, фæлæ скъолаты сывæллæттимæ æмбæлой æхсæнады уæнгтæ дæр. Ацы хъуыддаджы хорз инициативæ равдыстой мидхъуыддæгты органты раздæры кусджытæ. Ныр сарæзтам пълан æмæ уымæ гæсгæ кусдзыстæм.

– Наркомани, нозткæнын, электронон сигареттæ дымын, æнахъомты ‘хсæн дæр кæй рапарахат сты, уый сусæггаг нал у. Цахæм мадзæлттæ исут сæ ныхмæ?

– Абон нын не ‘нцойад бынтон сафы, электронон сигареттæ сæм фенæн кæй вæййы, уый. Пайда кæнынц энергетикон нозтытæй, снюстæй дæр. Афтæ зæгъæн нæй æмæ нæ хицауад æнцад бады уыдæтты тыххæй. Уыцы буарадтæй пайда кæныны ныхмæ фыццаг нæ республикæ рахаста закъон. Чи сæ парахат кæны, уыдон æфхæрынц, цæмæй сæ ма ласой нæ республикæмæ. Фæивар сæ кæнынц, фæлæ иуæй-иу æдзæсгом уæйгæнджытæ, уæддæр сусæгæй сæ архайд кæнынц. Уый нæ катайы тынг æппары, уымæн æмæ сывæллон алцæмæдæр тынг цымыдис кæны. Ме ‘мбал дзы нуазы, дымы æмæ цы у, уый æз дæр фенон, бафæлварон æй. Æмæ йыл афтæмæй фæцайдагъ вæййынц бирæтæ.

Скъоладзаутæй кæмæ ссарынц уыцы сигареттæ, уыдоны ный-йарджытæм фæдзурæм, бафæдзæхсæм сæ, фæлæ дзы бирæтæ сæхи уæлдай тыхсын нæ бакæнынц. Хъыгагæн, нæм ис ахæм ныййарджытæ.

– Ахæм ныййарджытæй искæй бафхæрут?

– Фыццаджыдæр, уыдон бафхæрæм. Дæ сывæллон æнафоны хæдзары нæй æмæ – æнцад бад… Ахæмты бафæдзæхсæм. Фыццаджыдæр, ныййарæг хъуамæ бамбара сывæллон куы фæрæдийа, уæд æм цы æнхъæлмæ кæсы. Мах фыццаг фарст æвæрæм афтæ, æхсæвы дыууадæс сахатыл сывæллон куы радавта, уæд ды кæм уыдтæ?

– Алы аз дæр не скъолаты рауагъдонтыл тынг фæцин кæнынц сæ ахуыргæнджытæ, сæ ныййарджытæ. Фырбуцæн ма сын ресторанты фынгтæ сæвæрынц. Æрхæссынц сын сæ размæ хæрд æмæ нозт. Уыдон та куы аназынц, уæд æрцæуы фыдбылыз. Бахауынц рынчындæттæм. Уый тасдзинад æвзæ-рын кæны сæ цардæн. Ацы хъуыддагæн ды цахæм аргъ скæндзынæ?

– Рауагъдонты царды уый стыр цау у. Хæрзбон зæгъынц, æрвылбон дæр сæм ныййарæгау чи æнхъæлмæ каст, уыцы скъолайæн æмæ æрлæууынц сæ фидæны равзæрст фæндагыл. Фæлæ, мæнмæ раст нæ кæсы стыр фынгтæ кæй сæвæрынц, уымæй дæр алыхуызон нозтытимæ. Æвзонг адæймаджы размæ нозт æрхæссын нæ фыдæлтæм дæр стыр худинагыл нымад уыд. Æмæ ныр та… Чи у аххосджын? Кæй зæгъын æй хъæуы ныййарджытæ. Уыдон сæ æрбахæссынц.

Ацы стыр рæсугъд мадзалы фæсивæд сæ арæхстдзинад хъуамæ равдисиккой кафын, зарынæй. Уыдон та сæ рæстæг райсоммæ фынджы уæлхъус арвитынц.

Ау, уый цавæр æгъдау у? Æддейæ та сæ хъуамæ æхсæв-бонмæ милицæйы кусджытæ хъахъхъæной. Тынг хъуыдыйаг у ацы хъуыддаг…

– Цы дæ бафæнддзæн æнахъом сывæллæттæн?

– Махмæ куы æрбахауынц, уæд, æз семæ фæдзурын, сæхи куыд дарой, уыдæттыл. Фембарын сын кæнын абоны зонд сын сомбон кæй нæ бабæздзæн. Фидæны та, гæнæн ис, æрфæсмон кæной сæ митыл, фæлæ, гæнæн ис, æмæ байрæджы уа. Фæзæгъын сын: хъуамæ ахуыр кæнат. Ахуыргонд фæсивæд нæ алы рæстæджы дæр хъæуы. Æмæ мæ фæнды, цæмæй сæм мæ ныхæстæ бахъарой.

Ныхас ныффыста БЕСТАУТЫ Валя

Добавить комментарий

Ваш адрес email не будет опубликован. Обязательные поля помечены *

Этот сайт использует Akismet для борьбы со спамом. Узнайте, как обрабатываются ваши данные комментариев.